«Гуфта-Къуайса»: республикон нысаниуæджы арæзтад

0
256

Ацы бонты кæронмæ фæхæццæ кæны автомобилон фæндаг «Гуфта-Къуайса»-йы арæзтад.

Инженерон коммуникацитæ арæзт кæм æрцыдысты, фæндаджы был уыцы бынæттæ ныридæгæн æрæмбæрзтой ног асфальтæй. Ныртæккæ объектыл кусынц 90 адæймагæй фылдæр. Уыдонæн æххуысæн радих кодтой алыхуызон техникæйы 56 иуæджы.

Ахæм бæрæггæнæнтæ бæрнон ведомствæты минæвæрттæ фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым.

Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой республикæйы социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныныл.

Ацы ахсджиаг объекты арæзтадыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæндаг у республикон нысаниуæджы объект. Кæй зæгъын æй хъæуы, советон рæстæг шахтерты поселок Къуайсамæ фæндагмæ уыд æмбæлгæ цæстдард. Фæлæ Советон Цæдисы фехæлды фæстæ фæндаджы уавæрмæ хъусдард нал уыд, æмæ афтæмæй заууатмæ æрцыд. Бæлвырд у, Къуыдаргомы зæххæнкъуыст дæр фæндаджы уавæрыл йæ фæд кæй ныууагъта, уый дæр.

Гуфтайæ Къуайсамæ фæндаджы уаццагыл ныхас рагæй цыд, æмæ йæ рацарæзт райдыдта 2017 азы. Фыццаг къæпхæныл аразджытæ ног фæндаджы уаццаг бахæццæ кодтой Хъемултайы хъæуы онг. Дыккаг къæпхæныл фæндаг бахæццæ Кæсагджыны хъæумæ. 2020 азы февралы та райдыдта фæндаджы арæзтады æртыккæгæм, кæронбæттæн, къæпхæн. Ацы æмвæзадыл ма ног асфальтæй æрæмбæрзын хъæуы 15 километры бæрц.

 

(Информацион агентад «Осинформ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here