Телефонтæ — хæсты архайджытæн

0
263

Цæгат Ирыстоны байдыдта æппæтуæрæсеон акци. Уымæ гæсгæ политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ ветерантæн дæттынц чырæг телефонтæ æнæлимит бастдзинадимæ.

Акци нæ республикæйы аххæсдзæн хæсты архайæг 130 адæймагыл. Телефонтæ æппæтæй раздæр чи райста, уыдоны æхсæн сты Мамсыраты Ислам æмæ Хуыбиаты Варварæ (бастдзинады фæрæзтæ сын радта партийы регионалон хайады секретар Ортабайты Тимур).

— Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы кадæн ацы акци æххæст кæнæм партион проект «Историон номарæн»-мæ гæсгæ. Хæсты архайджытæн телефонтæ райдайæны раттынмæ хъавыдыстæм  9 Майы агъоммæ, фæлæ нын коронавирус нæ пълантæм ивддзинæдтæ бахаста. Рæхджы нæ республикæйы цæрæг æппæт ветеранты дæр бабæрæг кæндзыстæм æмæ сын  телефонтæ ратдзыстæм. «Фæдисон» номыртæ сæм кæй бахастой, æмæ бахъуаджы рæстæг ацæргæ адæмæн рæвдз архайæг службæтæм  бадзурыны фадат кæй уыдзæн, уымæн ис стыр ахадындзинад, — загъта Ортабайы-фырт.

Хæсты заман рæстдзæвин чызджыты къордмæ хауæг Хуыбиаты Варварæ йæ лæварыл зæрдиагæй бацин кодта.

— Ног телефонæй, фыццаджыдæр, фæдзурдзынæн Красноярскы цæрæг мæ лæппумæ, фæстæдæр та бадзурдзынæн мæ раздæры командир, Советон Цæдисы Хъæбатыр Георгий Главацкийы чызгмæ. Хæсты заман Георгийы цардæмбал Надеждæимæ  иу къорды хæцыдыстæм. Æрæджы Главацкийы чызджы телефоны номыр базыдтон æмæ йæм ныр фæдзурдзынæн. Лæвары тыххæй уын — бузныг, — загъта Варварæ.

Хæсты ветеран Мамсыраты Ислам дæр партийы уæнгтæн Уæлахизы юбилейы фæдыл  раарфæ кодта æмæ сын бузныг загъта. Ацы аз апрелы Мамсыры-фыртыл кæд сæдæ азы сæххæст, уæддæр йæ хæдзары æнцад нæ бады, æрвылбон тезгъо кæны, газеттæм уацхъуыдтæ фыссы, йæ цоты цоты хъомыл кæны. Хæстмæ ацыд 1943 азы æмæ бахæццæ Австримæ.  Уæлахизы боныл дæр уым сæмбæлд. Хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы æмæ Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны ордентæй, стæй майдантæй.

Фиппаинаг: акци «Телефонтæ — хæсты архайджытæн»-мæ гæсгæ æппæт бæстæйы цæрæг хæсты 52 мин ветеранæй фылдæр райсдзысты бастдзинады фæрæзтæ.

Проект æххæст кæнынц Уæрæсейы нымæцон рæзты, Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты министрад, бастдзинады цыппар операторы, стæй æхсæнадон организаци «Уæлахизы бархионтæ».

 

ЦОМАРТАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here