Алы æнтыст дæр адæмæй цæуы

0
390

Республикæйы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр муниципалон скондтæй иу у Рахизфарсы район. Цы дæс хъæуы йæм хауы, уыдонæн сæ сæйраг горæт у Беслæн. Ацы районæй рацыд бирæ номдзыд адæм. Царды алы къабæзты æнтыстджынæй архайгæйæ, уыдонæн сæ ном айхъуыст æрмæст республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæйы, суанг фæсарæнты дæр. Район зындгонд уыд йæ бирæ хорæрзадтæ, йæ дыргъдæттæ, йæ куыстуæттæй, йæ хъазуатон фæллойæ. Уыдон аззадысты ивгъуыды. Уæдæ цæмæй цæры абон та?

Рахизфарсы районы социалон къабазы ахсджиаг фарстытæ куыд æххæстгонд цæуынц æмæ сæм цы ног нысантæ ис, уый фæдыл нæ уацхæссæг фембæлд районы разамонæг ФРАЙТЫ Сосланимæ æмæ сæм рауад ахæм ныхас:

— Сослан, эпидемиологон уавæр кæд иуцасдæр фæхуыздæр, уæддæр нырма æнæмæнг æххæстгæнгæ сты санитарон цæстдарды домæнтæ, профилактикон мадзæлттæ. Куыд архайдтат бæллæхы хæцгæ низы ныхмæ? Абон куыд у уавæр районы?

— Ацы бæллæхы низ куы фæзынд, уæд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы разамындæй арæзт æрцыд оперативон штаб. Ахæм штабтæ арæзт æрцыдысты алы районы, уыдонимæ мах районы дæр. Йæ ныхмæ куыд архайын хъæуы, уый нырма бирæтæ нæ зыдтой. Нæ йæ зыдтой дохтыртæ сæхæдæг дæр. Адæмæй бирæты нæ уырныдта низы тæссагдзинад. Нæ сæ уырныдта, цалынмæ сæхæдæг нæ фæрынчын сты, цалынмæ сæхиуæттæй бирæтæ нæ бахаудтой ацы бæллæхы низы азары, уæдмæ.

Иу хаттæй-иннæмæ алыхуызон домæнтæ карздæрæй-карздæр кæй кодтам, уыдон хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой низы ныхмæ тохы. Иннæ регионтимæ абаргæйæ, махмæ уавæр чысыл хуыздæр уыд, фæлæ дзы уæддæр бирæ адæм фæмард. Нæ дохтыртæ æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, архайдтой рынчынты дзæбæх кæныныл æмæ сын уый тыххæй стыр бузныг. Уыцы карантины рæстæг бирæтæ баззадысты æнæ æхцайæ, æнæ мыздæй. Уыдонæн хъуыдис æвæстиатæй æххуыс кæнын. Æмæ бузныг стæм районы амалхъомтæй, уыдон æрбалæууыдысты нæ фарсмæ сæ гуманитарон æххуыстимæ. Æххуыс кодтой хойрагæй, халсартæ, дыргътæ, алыхуызон продукттæй. Ахæмтæ дæр дзы уыдис, æмæ-иу сæхæдæг æрбацыдысты æмæ дзырдтой, кæмæн бакæной се ‘ххуысы хай.

Хицæнæй мæ радих кæнын никæй фæнды, уымæн æмæ уыдысты тынг бирæ. Нымайын сæ куы райдайон, уæд дзы искæй ферох кæндзынæн. Се ‘ппæтæй дæр стæм бузныг.

— Уыцы эпидемиологон уавæры рæстæг ма уæ районыл сæмбæлд æрдзон бæллæх дæр.

— Их-къæвда, æнахуыр тыхдымгæ ныппырх кодтой скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты сæртæ, хицæн цæрджыты хæдзæрттæ. Уыдоны цалцæг кæнынæн бахъуыд бирæ æхцайы фæрæзтæ республикон æмæ районы бюджеттæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ стыр æххуыс бакодтой республикæйы иннæ районтæ дæр сæ разамонджытимæ.

Тускъаты Таймураз йæхæдæг разамынд лæвæрдта, æрдзы бæллæхтæ аиуварс кæнынæн цы штаб арæзт æрцыд, уымæн. Уый дзурæг у ууыл, æмæ иумæ куы архайæм, уæд цыфæнды хъуыддаг дæр сараздзыстæм. Уæлдай æргом аздæхтам æмæ баххуыс кодтам, æрдзон бæллæхтæй хъыгдардбаййафæг адæмæй сæхи бон кæмæн нæ уыд фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæнын, уыдонæн. Кæмæн йæ хæдзары сæр сцалцæг кодтам, кæмæ арæзтадон æрмæгæй фæкастыстæм. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæй сæ сæртæ кæмæн ныппырх сты, уыдон сцалцæг кодтам. Стыр бузныгæй баззадыстæм Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй. Уыдон фыццаг бонæй суанг абонмæ дæр стыр æххуыс кæнынц бæллæхæй хъыгдардбаййафæг адæмæн сæ хæдзæрттæ сцалцæг кæнынмæ.

Абон бæллæхы низы ныхмæ домæнтæ кæй фæлæмæгъдæр сты, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ нын тæссаг ницæмæйуал у. Æхсæнадон бынæттæм цæуын хъæуы маскæты, зианы хабар куы æрцæуы, уæд уымыты сæвæрæм антисептиктæ, адæмæн æмбарын кæнæм, цæмæй сæхи хъахъхъæной. Чи нæ æххæст кæна нæ домæнтæ базарадон бынæттæм цæугæйæ, æхсæнадон бынæтты уæвгæйæ, уыдоны æмæ организациты разамонджыты кæндзыстæм ивар. Адæмы æнæниздзинад сæйрагдæр у. Бирæтæ йæ сæхæдæг дæр бамбæрстой æмæ архайынц сæхи хъахъхъæныныл.

— Республикæ архайы бирæ федералон программæты. Уыцы хъуыддаг районы та куыд æвæрд у?

— Мах район архайы æппæт программæты дæр. Уыдон сты культурæ, спорт, фæндæгтæ, рæвдауæндæттæ, скъолатæ, культурæйы хæдзæртты арæзтæдтæ. Махæн нæ хæс у уыцы программæты архайынæн хъæугæ гæххæттытæ афоныл бацæттæ кæнын æмæ сыл зæрдиагæй кусæм.

Теракты фæстæ нысангонд цыд Беслæн рацаразынæн генералон пълан. Фæлæ æххæстгонд не ‘рцыд. Æрæджы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав уыцы фарста райста йæхимæ. Фæхæццæ йæ кодтой нæ бæстæйы Президент Владимир Путинмæ æмæ уый амынддзинадмæ гæсгæ Уæрæсейы Хицауад радих кæндзæн финансон фæрæзтæ Беслæны реконструкцийæн.

Ныртæккæ уал федералон æхцатæй аразынмæ бавнæлдтам горæты сыгъдæггæнæнтæм æмæ йæ афæдзы кæронмæ хъуамæ фæуæм. Беслæн рацаразыны генералон пъланмæ гæсгæ нысангонд цæуы, 120 бынаты кæм уыдзæн, сывæллæтты ахæм рæвдауæндон, скъола — 650 ахуырдзауæн, æвзонг техниктæ æмæ æвзонг натуралистты центр, Беслæны цардыуаджы домæнтæ фæхуыздæр кæныны тыххæй объекттæ саразын.

Беслæны нартхоры комбинаты Культурæйы хæдзар сцалцæг кæнынæн дæр, йæ реконструкцийæн проект цæттæгонд цæуы. Фыццаг æй фехалынмæ хъавыдыстæм æмæ дзы ног саразын уыд нæ зæрды. Фæлæ йæ специалисттæ куы федтой, уæд загътой, халын æй нæ хъæуы, уый у историон агъуыст æмæ йæ хъæуы бындурон цалцæг. Йæ систæ сты тынг фидар æмæ бындурон арæзт. Уым пълан кæнæм скъолайы арæзтад дæр. Арæзт цæудзысты фæндæгтæ, æхсæнтæдоны къанæуттæ, нуазыны доны хæтæлтæ цæудзысты ивд.

Фæлæ махæн сæйрагдæр у кусæн бынæттæ саразын. Фæсивæдæн нæй кусæн бынæттæ. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав нæ размæ æвæры ахæм хæс, цæмæй агурæм инвестортæ, цæмæй гом кæнæм ног куыстуæттæ. Абон у уый нæ сæйрагдæр хæс æмæ йæ хъуамæ сæххæст кæнæм.

Сабыргай кусын райдыдта нозт уадзæн завод «Исток», кæй зæгъын æй хъæуы, раздæры хуызæн нæма у, фæлæ дзы адæм кусынц, кусын райдыдта «Салют», стæй спъиртуадзæн завод «Арианæ»  дæр.

— Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн уыд фембæлдтытæ районы цæрджытимæ. Уыдоны адæм бирæ риссаг фарстытæ рахастой республикæйы разамонæджы размæ. Уыцы курдиæттæ сæххæст кæнын æмæ лыггæнинаг хабæрттæ аиуварс кæнынæн бæлвырд амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд хъæуты æмæ районы разамонджытæн, республикон министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнон кусджытæн. Куыд æххæстгонд цæуынц уыцы амынддзинæдтæ?

— Районы цæрджытимæ фембæлдтыты Битарты Вячеслав адæмæн цы ныфсытæ бавæрдта, цы амынддзинæдтæ радта, уыдон цæуынц æххæстгонд. Олгинскæйы хъæу сыхаг регионы арæнтыл кæй ис, уымæ гæсгæ йæм хъæуы сæрмагонд цæстдард. Хъуамæ йæ уынгтæ æхсæвыгон уой рухс, йæ цæрджыты домæнтæ цæуой æххæстгонд. Хицæнæй дзы фембæлд дæр уымæн сарæзтам. Æрæджы хъæуы администрацийы разамонæг Дзлиаты Таймуразимæ ноджыдæр ма иу хатт æркастыстæм цæрджыты куырдиæттæм. Хъæуы кæронмæ ахæццæ сты нуазыны донуадзæн хæтæлтæ ивыны куыстытæ. Раст зæгъгæйæ, цъирæн кусæнгарз фехæлд æмæ цалдæр боны цæрджытæ фæтыхстысты æнæ донæй. Хъæуы зæххытыл цы арендатортæ кусы, уыдоны æххуысæй æлхæд æрцыд ног цъирæн, æмæ хъуыддаг фæрæстмæ. Хъæуы сæйраг уынгтæ æмбæрзт цæуынц асфальтæй. Сæйраг уынгты арæзт æрцæудзæн асфальт къахвæндæгтæ, цæмæй фистæгæйцæуджытæ, машинæтæ кæм цæуынц, уыцы тæссаг фæндагыл ма цæуой.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд бахæс кодта, афтæмæй Культурæйы хæдзар цалцæг кæнын райдайдзысты ацы аз республикон финансон фæрæзтæй æмæ хъуамæ фидæн азы фыццаг кварталмæ фæуа цалцæггонд. Финансон фæрæзтæ радих кæныныл æз кусын республикон министрадтимæ. Ныфс нæ ис, уыцы хъуыддаг нæ къухы кæй бафтдзæн. Фидæн азмæ нысан кæнæм Олгинскæйы ног рæвдауæндон саразын. Уый дæр нысангонд æрцыд цæрджытимæ фембæлды.

Цæлыччы хъæуы арæзт цæуы ног скъола æмæ йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæна ног ахуыры азы райдайæны.

Федералон программæ «Спорт æмæ физикон культурæ»-йы фæлгæты арæзт æрцыд бирæфункционалон спортивон фæзуат.

Цæлыччы цæрджытæ тыхсынц, нуазыны донæй къуылымпытæ кæй æййафынц, стæй сæ уынгты æхсæвыгон цырæгътæ кæй нæ судзы, уымæй. Фæлæ уыцы хъуыддæгтæ хауынц нæхимæ æмæ сæ тагъд аиуварс кæндзыстæм. Абон республикæйы Хъæууон хæдзарады министрадмæ адæмæн æххуысæн ис бирæ хорз программæтæ. Æмæ дзы нæ районы цæрджытæ дæр фæхайджын сты. Сæхи хæдзæртты фæллой кæныныл чи архайы, фæлæ хъуыддагмæ бавналынæн æхцайы фæрæзтæ кæмæн нæ фаг кæны, ахæм бинонтæн лæвар радтой чысыл хъæрмуæттæ æмæ дуцгæ хъуццытæ. Сæхи ахæм лæвæрттæй амондджын чи рахуыдта, уыцы бинонтæ цæрынц Раздзог, Олгинскæ, Цæлыкк æмæ Беслæны. Уыцы мадзæлттæ стыр æххуыс фæуыдзысты бинонтæн сæхи дарынæн. Заманхъул æмæ Хуымæллæджы быдырты сагъд æрцыд æнгуз æмæ чылауийы талатæ. Дыргъдæтты фæзуат хæццæ кæны 250 гектармæ.

Нæ районы ис 24 мин гектары хуымгæнд, уыдонæн сæ фылдæр хауынц республикæйы паддзахадон Исбонадон министрадмæ, иннæтæ та сты арендатортæм. Уыдон цы хъæуты зæххытыл кусынц, уым, йæ амал кæмæн куыд амоны, афтæ архайынц хъæубæсты царды.

Æдзæллаг цæрæнуæтты цæрæг адæмы хуыздæр цæрæнуæттæм раивыны паддзахадон программæйы архайæм æрвылаз дæр. Уыцы программæмæ гæсгæ уал Беслæны фатертæ райстой Цæлыччы цæрджытæ. Олгинскæйы Ленины уынджы дыууæуæладзыгон æвадат хæдзары чи цæры, уыдон та хуыздæр цæрæнуæттæ райсдзысты 2021 азы фыццаг æмбисы.

— Сослан, ацы аз æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ»-йы архайдзыстут?

— Уыцы конкурсы нæ республикæ фарон архайдта фыццаг хатт æмæ йæ къухы бафтыд хорз æнтыстдзинæдтæ. Райстой бирæ æхцайы фæрæзтæ æмæ сын стыр æххуыс фесты сæ районты æмæ хъæуты социалон инфраструктурæ фæхуыздæр кæнынæн. Фарон уыцы хъуыддагæн дихгонд æрцыд 10 милуан сомы æппæт номинацитæн дæр, ацы аз та уыцы æхцайы бæрц фæцис 20 хатты фылдæр. Мах дзы архайдзыстæм æртæ номинацийы: «Муниципалон ахастдзинæдтæ», «Цæрджытимæ бастдзинад» æмæ «Коммуникацион инфраструктурæ».

Районы администраци конкурсы архайынæн бацæттæ кодта æппæт хъæугæ гæххæттытæ дæр æмæ нæ зæрдæ дарæм, ацы аз нын æнтыстджын кæй разындзæн, ууыл.

— Ацы сæвзæргæ тæссаг низы уавæрты дæр уæ къухы адæмы цард фæхуыздæр кæнынæн æвзæр æнтыстдзинæдтæ нæ бафтыд, ноджы фылдæр та сты уæ нысантæ æмæ уæ къухы æнтыстджынæй бафтæнт.

— Цыдæриддæр нæ къухы бафтыд, уыдон иууылдæр сты, фыццаджыдæр, районы цæрджыты руаджы, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ иннæ разамонджыты æххуысы фæрцы. Алы æнтыст дæр адæмæй аразгæ у, æмæ æз бузныг дæн нæ районы æппæт цæрджытæй дæр.

— Газет «Рæстдзинад»-ы редакцийæн дæ цы зæгъын фæнды?

— Бузныг!

 

Ныхас ныффыста КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here