Низты ныхмӕ тох кӕнын хъӕуы

0
318

Фӕззӕг ралӕууыд… Ныр нӕ фынгыл парахатӕй фӕзындысты алыхуызон салаттӕ, халсартӕ, дыргътӕ ӕмӕ гагадыргътӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы рӕстӕг уӕлдай тӕссагдӕр вӕййы тъӕнгты ахӕм низты (дизентери, гепатит ӕмӕ ӕндӕртӕ) фӕзындӕй. Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр ацы низтӕй цух не стӕм. Иудадзыг Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы районты цӕрджытӕ коронавирусӕй уӕлдай рынчын кӕнынц ӕндӕр хӕцгӕ низтӕй дӕр. Дохтыртӕ кӕй ӕрхуыссын кӕнынц, уыцы рынчынтӕ арӕхдӕр вӕййынц тыхст: буары тӕвд бӕрзонд схизы, гуыбын дон фесты, организм цӕхгӕр фӕлӕмӕгъдӕр вӕййы.

Раст зӕгъгӕйӕ, кӕй ранымадтам, уыцы низтӕ ӕнцон уавӕры куы фӕдзӕбӕх кӕнӕм, уӕддӕр тӕссаг сты, ӕвзӕр фӕстиуджытӕ куы расайой, уымӕй. Дохтыртӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй рынчынты фылдӕр хай сӕхимӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ фӕзилынц, уый аххосӕй сӕ царды фӕстаг бонтӕм хъизӕмар фӕкӕнынц хуылфыдзаумӕтты низтӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ зонӕм, ацы ӕнамонддзинадӕй нӕхи ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты куыд бахъахъхъӕнын хъӕуы, уыдӕттӕ.

Фыццаджыдӕр, зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ тъӕнгты хӕцгӕ низтӕ цӕуынц чъизи къухтӕй, хойраджы ӕнӕхсад продукттӕй, алыхуызон бындзытӕ, ӕндӕр хъылма кӕм бамбырд вӕййынц, ахӕм антисанитарон уавӕрӕй. Низы гуырӕнтӕ та арӕхдӕр вӕййынц чъизи дон, ӕнӕхсад халсартӕ, дыргътӕ, гагадыргътӕ. Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иу дыргъдӕтты хицӕуттӕ тыллӕг фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй мӕрмӕ фаджысӕй уӕлдай бахӕссынц алыхуызон чъизидзинӕдтӕ дӕр.

Фӕлтӕрддзинад куыд равдыста, афтӕмӕй ӕвзӕр ӕхсад кӕнӕ фыцгӕ доны ӕнӕкуыстгонд продукттӕ, уӕвӕн ис, ӕмӕ суой низы фыццаг аххосаг. Ӕнамонддзинадӕй фервӕзыны тыххӕй ӕрвылбон цӕст дарын хъӕуы тӕбӕгъты, цӕлгӕнӕны дзаумӕтты сыгъдӕгдзинадмӕ. Бындзыты уадзӕн нӕй хӕдзармӕ, мыстытӕ ӕмӕ уырыты та хъӕуы цӕгъдын. Базарӕй цы дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ ӕрбахӕссай, уыдон хӕрзӕхсад ракӕныны фӕстӕ сыл хъӕуы фыцгӕ дон рауадзын. Сывӕллӕттӕ та хъуамӕ бон цалдӕр хатты сӕ къухтӕ ӕхсой сапонӕй.

Ныртӕккӕ хӕцгӕ низтӕ фӕзынынӕй тӕссаг кӕй у, уый махыл дывӕр хӕстӕ ӕвӕры. Хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ не ‘хсӕн ис, сӕ низ йӕхи ӕргом кӕмӕн не ‘вдисы, фӕлӕ ӕмбӕхст хуызы йӕ куыст чи кӕны, ахӕм рынчынтӕ. Низджын кӕй сты, ууыл дызӕрдыг дӕр кӕй нӕ кӕнынц, уый аххосӕй алыхуызон низты амидингӕнджыты парахатӕй тауынц сӕ алыварс. Уӕлдай тӕссагдӕр та сты, тъӕнгтӕй цы чъизидзинӕдтӕ рацӕуы, уыдон, низы амидингӕнджытӕ сӕ кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ.

Сывӕллоны бонтӕй фӕстӕмӕ мах нӕхи фӕдзӕбӕх кӕнӕм алыхуызон, уыимӕ, тыхджын хостӕй дӕр. Бирӕтӕн уый аххосӕй сӕ тых асӕтты кӕнӕ та адӕймагыл фӕзынынц цыбыр рӕстӕгмӕ тӕвд бӕрзонд схизыны хуызы. Ахӕм рӕстӕг гуыбын фӕриссы, рынчын суанг туг цӕуын дӕр райдайы.

Бирӕтӕ сӕхи ӕвзӕр куы банкъарынц, уӕд байхъусынц сыхаджы, ӕндӕр зонгӕ адӕймаджы амынддзинӕдтӕм ӕмӕ сӕ рынчыны рӕстӕг фӕнуазынц алыхуызон хостӕ, кӕрдӕджыты дӕттӕ, ӕмӕ адон низы бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕкъуырма кӕнынц, кӕронмӕ та сӕ не сдзӕбӕх кӕнынц, ӕмӕ уымӕй сӕхи ӕнӕнхъӕлӕджы баппарынц фыдбылызы.

Бӕлвырддӕр куы зӕгъӕм, уӕд низ иуӕй иудадзыгон хуызмӕ рахизы, иннӕмӕй та тӕссаг вӕййы уый бинонтӕй искӕуыл бафтауынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах фӕнды, низы фыццаг бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕмӕ фӕзындысты, уыдонӕн бафӕдзӕхсын, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхи ма дзӕбӕх кӕной ӕмӕ искӕй ныхӕстӕм дӕр ма хъусой, фӕлӕ куыддӕр сӕхи ӕвзӕр банкъарой, афтӕ ӕвӕстиатӕй дохтырмӕ фӕдзурой.

Арӕх сывӕллон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбарынчын вӕййы. Дохтыры ӕрбацыдмӕ рынчын сывӕллон хъуамӕ фӕлӕууа диетӕйыл. Хуыздӕр у уымӕн пырындзы фых ӕмӕ хъӕбӕр цай дӕттын.

Ӕмӕ ма мӕ ноджыдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй зӕгъын фӕнды. Ирыстоны хатгай низы гуырӕн вӕййы нуазыны дон дӕр. Ахӕм рӕстӕг уый ӕдзухдӕр фӕхъӕуы фыцын. Куы ныууазал уа, уӕд та хъуамӕ конд ӕрцӕуа, йӕ сӕр ӕхгӕд кӕмӕн уа, ахӕм сыгъдӕгӕхсад графины. Ӕдзухдӕр сыгъдӕгдзинадыл архайын фӕхъӕуы канд хӕринаггӕнӕны нӕ, фӕлӕ хӕдзары алфамбылай дӕр, ӕмӕ уӕд уӕхи бахъахъхъӕндзыстут кӕцыфӕнды хӕцгӕ низӕй дӕр.

Беслехъоты Иринӕ, дохтыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here