Фыццагкъласонтӕ суыдзысты

0
216

2020-2021 ахуыры азы республикӕйы скъолаты фыццагкъласонтӕ суыдзысты 663 лӕппу ӕмӕ чызджы.

Ахӕм нымӕцтӕ журналисттӕн фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕйы.

«Республикӕйы иумӕйагахуырадон 52 кусӕндоны ног ахуыры аз райдайдзӕн 5 сентябры. Уыцы бон скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 663 фыццагкъласоны. Куыд иннӕ хӕттыты, афтӕ та ныр дӕр Зонындзинӕдты боны кадӕн ӕмбырдты архайджытӕ суыдзысты скъоладзаутӕн сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ӕндӕр уазджытӕ», — радзырдта министрады пресс-службӕйы минӕвар.

Пресс-службӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2019 азы фыццагкъласонтӕ уыдысты 702, 2018 азы та — 714 сывӕллоны.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ныр ӕртыккӕгӕм хатт Хуссар Ирыстоны ног ахуыры аз райдайдзӕн 5 сентябры. Ахӕм уынаффӕ хаст ӕрцыд республикӕйы разамынды хъӕппӕрисӕй, 1-3 сентябры Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты бонтӕ кӕй вӕййы, уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ.

Министрады куыд радзырдтой, афтӕмӕй ног ахуыры азмӕ цӕттӕгӕнӕн мадзӕлттӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдысты республикӕйы ӕппӕт районты дӕр. 31 августы та Цхинвалы уыд республикӕйы ахуыргӕнджыты ӕрвылазон конференци.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here