«Хъисын фӕндыр» сӕвӕрдтой

0
420

Цӕгатирыстойнаг сфӕлдыстадон ӕрмадз «Maх Koнд»-ы  минӕвар куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Ӕрӕфы районы Гӕлиаты ӕхсӕрдзӕнмӕ ‘ввахс  сӕвӕрдӕуыд арт-объект «Хъисын фӕндыр».

Хъисын фӕндыр у, сӕдӕгай азтӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм рагон ирон музыкалон инструмент. Ӕддаг бакастӕй скрипкӕйы ӕнгӕс у, фӕлӕ дзы цӕгъдын хъӕуы хӕрдмӕ  сӕвӕргӕйӕ.

Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм: айразмӕ Дыгургомы сӕвӕрдтой, сыкъайы ӕнгӕс стилизацигонд фӕхсбандон, уымӕй раздӕр та республикӕйы хохаг районты сӕвӕрдтой  цалдӕр арт-объекты.

Цӕгат Ирыстоны туризмы комитет проект «Равдысты бынӕтты аивкӕнынад»-мӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕт сӕвӕрдзӕн 10 арт-объекты.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here