Ирыстон мысы йе ‘дзард хъӕбулты…

0
290

Ӕмӕ та ногӕй, ныр ӕхсӕрдӕсӕм хатт, Ирыстон, судзаг цӕссыгтӕ калгӕйӕ, мысы, 2004 азы 1-3 сентябры Беслӕны террористон акты  чи бацарӕфтыд, уыцы ӕнахъом скъоладзауты, ахуыргӕнджыты, ныййарджыты, стӕй, ирвӕзын сӕ чи кодта, уыцы хъӕбатыр ӕфсӕддонты рухс нӕмттӕ.

… Ӕртыккаг бон скъоламӕ цӕуӕг адӕм нӕ къаддӕр кӕнынц. 3 сентябры дӕр райсомӕй скъолайы кӕрт, спортивон зал се ‘дзаг уыдысты адӕмӕй. Уыдон цыдысты ӕмӕ цыдысты, се ‘хсӕн республикӕйы хицаудзинад ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты разамонджытӕ, районты администрациты хицӕуттӕ, ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон организациты минӕвӕрттӕ, уазджытӕ. Нӕ хъус кӕнынц музыкӕйы ӕнкъард зӕлтӕ. Хъуысы, зӕрдӕйы тӕгтӕ чи змӕлын кӕны, ахӕм ӕмдзӕвгӕ.

13 сахаты ӕмӕ 5 минутыл (ӕхсӕрдӕс азы размӕ уыцы рӕстӕг скъолайы спортивон залӕй райхъуыст фыццаг срӕмыгъд) дзӕнгӕрӕг дыууӕ цӕфы ныккодта ӕмӕ, Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы террористон акты чи бацарӕфтыд, уыдоны рухс нӕмттӕ ӕрымысыны саударӕн минут райдыдта. Сӕ алкӕй номыл дӕр скъоладзаутӕ арвмӕ суагътой урс шартӕ.

Уый фӕстӕ, ӕртыккаг саударӕн боны скъолайы кӕрты чи ӕрӕмбырд, уыцы сӕдӕгай адӕм фистӕгӕй ацыдысты, теракты амӕттӕгтӕ сӕ фӕстаг бынат кӕм ссардтой, «Город ангелов», зӕгъгӕ, уыцы мемориалон комплексмӕ. Уыцы ран метрономы ӕнкъард зӕлтӕм номӕй-номмӕ ранымадтой, теракты чи бацарӕфтыд ӕмӕ, уыдоны ирвӕзын кӕнгӕйӕ, хъӕбатырӕй чи фӕмард, уыдоны нӕмттӕ — ӕдӕппӕт 334 адӕймаджы: скъоладзаутӕ, ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ, сӕрмагонд оргӕнты службӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады кусджытӕ. Уый фӕстӕ скъоладзаутӕ ногӕй та арвмӕ суагътой 334 урс шары.

Мемориалон комплексы цы Хъыджы бӕлас ис, уыцы цыртдзӕвӕныл саргъуыдтой сауджынтӕ.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, хицауады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты разамонджытӕ ӕмӕ политикон партиты ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ Хъыджы бӕласыл сӕвӕрдтой дидинджыты бӕстытӕ, стӕй дидинджытӕ сӕвӕрдтой, сывӕллӕтты ӕмӕ ахуыргӕнджыты ирвӕзын кӕнгӕйӕ, йӕ цард чи нӕ бавгъау кодта, уыцы хъӕбатыр ӕфсӕддонты цыртдзӕвӕныл дӕр.

Райсом, 4 сентябры, Ирыстоны скъоладзаутӕн райдайдзӕн ахуыры аз. Царды ӕмӕ ахуыры бӕрзӕндтӕм хонӕг рӕсугъд ӕмӕ амондджын фӕндӕгтыл цӕуӕнт нӕ сабитӕ, уыцы фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуын цъаммар сырдты аххосӕй кӕмӕн нӕ бантыст, уыдоны рухс нӕмттӕ зӕрдыл даргӕйӕ.

ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here