Нывгӕнӕг Суанты Болайы ӕрмдзӕф

0
366

Ирыстон йӕхи цӕттӕ кӕны Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилеймӕ. Бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ ацӕудзысты 2022 азы. Уый фӕдыл нӕ республикӕйы Чырыстон динимӕ баст рагон кувӕндӕттӕ реставраци цӕуынц нӕ бӕстӕйы хуыздӕр специалистты фӕрцы. Уыцы рагон архитектурон объекттӕй иу у Зруджы Мады-Майрӕмы аргъуан, Ирыстоны чырыстон дины рагондӕр цыртдзӕвӕн. Арӕзт ӕрцыд XI ӕнусы. Кӕд дзы дыууӕ къулы йеддӕмӕ нал баззад, уӕддӕр сыл фенӕн ис уазнывтӕ-фрескӕтыл. Нӕ республикӕйы культурон хӕзнатӕ бахъахъхъӕныны комитеты зындгонд историк Габоты Людмилӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй, Зруджы аргъуан хаст цӕуы, егъаудӕр аргъуантӕ кӕй хонынц, уыдонмӕ.

— Тынг ныззаууат ис ацы аргъуан, уымӕн ӕмӕ Зругдон ын йӕ былтӕ хӕргӕ цӕуы ӕмӕ йӕ къултӕй дыууӕ къардиуӕй ныккалдысты. Уымӕ гӕсгӕ, фыццаджыдӕр, нӕ хӕс у доныбылтӕ сфидар кӕнын. Рагон аргъуан 1860 азты Чырыстон дины ӕхсӕнады сӕрмагонд программӕмӕ хаст ӕрцыд, цӕмӕй йӕ сцалцӕг кодтаиккой, фӕлӕ уыцы рӕстӕг кӕмттӕм бацӕуӕнтӕ тынг зын уавӕры уыдысты ӕмӕ дины кусджыты къухы нӕ бафтыд ацы хъуыддаг. Советон дуджы дӕр ацы бынаты иртасӕн куыстытӕ цыдысты, фӕлӕ-иу алы ӕфсӕнттӕм гӕсгӕ реставрацийы фарста нӕ алыг кодтой.

1984 азы нӕ бӕстӕйы зындгонд реставратор Сергей Филатов биноныг ӕркаст аргъуаны уавӕрмӕ ӕмӕ загъта, фӕндаг ӕм кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон кӕй ницы бауыдзӕн саразын. Абон нӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ. Стыр Хуыцауы фӕндӕй Зруджы аргъуан аирвӕзын кӕндзыстӕм. Ис Аланийыл саргъуыдыл 1100 азы боны кадӕн культурон хӕзнатӕ бахъахъхъӕныны программӕйы. Специалисттӕ бацӕттӕ кодтой реставрацион куыстыты проект, — загъта Габоты Людмилӕ.

Зруджы Мады-Майрӕмы аргъуан ис Алагиры районы Зруггомы Хозиты хъӕумӕ ‘ввахс. Ирон адӕммӕ ацы аргъуан стыр кадджын уыдис. Йӕ зӕххыл археологтӕ цы бирӕ хӕзнатӕ ссардтой, уыцы хӕзнатимӕ XV-XVIII ӕнусты Осмайнаг империйы, Гуырдзыйы Месхетийы ӕмӕ XVI ӕнусы Нюрнбергаг ӕфсӕйнаг ӕхцатӕ-мысайнӕгтӕ. Аргъуаны зӕххыл Зруггомы цӕрджытӕ ныгӕдтой сӕ мӕрдтӕ. Афтӕмӕй дзы йӕ алыварс XIX-XX ӕнусты уӕлмӕрд рауад. Рӕстӕг цыд, аргъуан хӕлын райдыдта ӕмӕ йӕм фӕндаг кӕй нӕ уыд, уый аххосӕй бынтондӕр ныззаууат ис. 2007-2008 азты къуыбыры донхӕрд фӕрстӕ сфидар кӕныны куыст райдыдтой аразджытӕ-альпинисттӕ. 2009 азы цӕттӕ уыд йӕ проект, ӕхцайы фӕрӕзтӕ та дихгонд цыдысты федералон нысанмӕарӕзт программӕ «Культурӕ России 2006-2010 гг»-йы бындурыл.

Куыд раздӕр, афтӕ Зруджы аргъуан абон дӕр у Хозиты, Бирӕгъты, Козаты, Хаситы, Бырнацты кувӕндон. Фӕлӕ, мидӕгӕй аргъуаны къултыл конд уазнывтӕ-фрескӕтӕ чи скодта, уыцы рагон нывгӕнӕджы кой уӕвгӕ нӕдӕр историйы, нӕдӕр археологийы иртасӕн куыстыты фенӕн ис. Афтӕмӕй та уый кӕуылты цымыдисаг зонинаг хабар у! Рагон нывгӕнджытӕн абоны фадӕттӕ ӕмӕ гӕнӕнтӕ нӕ уыд, фӕлӕ сӕ аивадон куыстытӕ куыд хӕрзхъӕд рауадысты, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Уӕвгӕ, ацы нывгӕнӕг канд Зруджы Мады-Майрӕмы аргъуаны нӕ ныууагъта ӕнустӕм йӕ къухты фӕд. Уый хуызджын ахорӕнтӕй ӕмӕ дӕсны архайдӕй историйы йӕ ном бафыста Бола Тлиагӕй.

Не ‘ппӕт дӕр зонӕм Нузалы аргъуаны рагон ахадындзинад, мидӕгӕй йӕ къулты ӕвӕджиауы нывты истори. Ацы ран ивгъуыд ӕнусы 40-ӕм азты ахуыргонд Евгения Пчелина ӕмӕ антрополог Мамыхъаты Таймураз цы ингӕн сыгом кодтой уым, разынд, ирон хъӕбатыр Ос-Бӕгъатыры стӕгдар. Мангол-тӕтӕримӕ хӕсты Цӕразоны-фырт цы хӕстон сгуыхтдзинӕдтӕ равдыста, уыдон таурӕгъон систы дыууӕ Ирыстоны адӕмтӕн дӕр.

Ӕгъуызаты Иуане «Алгъуызы кадӕджы» равдыста Ос-Бӕгъатыры фӕлгонц.

Ос-Бӕгъатыры Нузалы аргъуаны куы бавӕрдтой, уӕд хӕстон фӕтӕгӕн йӕ ном сӕнусон кӕныны фӕдыл Тлийӕ ӕрхуыдтой нывгӕнӕг Болайы ӕмӕ уый къултыл тынг арӕхстджынӕй сныв кодта сыгъдӕг удты сурӕттӕ, ныффыста къулыл Бӕгъатыры номӕй эпитафи дӕр «Мах уыдыстӕм фараст ӕфсымӕры».

Уӕдӕ чи уыд фыццаг ирон нывгӕнӕг?

Историйы нӕ баззад йӕ ӕцӕг ном. Фӕлӕ, бирӕгъзӕнггаг Суанты Виссарион цалдӕр азы размӕ ӕрбарвыста «Рӕстдзинад»-мӕ фыстӕг. Уым бӕлвырд ныхас цыдис Болайы тыххӕй.

«Нӕ мыггаджы хистӕртӕ, бӕлвырддӕр Суанты Хъауырбегӕй бирӕ диссӕгтӕ фехъуыстон. Хъауырбег уыд рухстауӕг. Бирӕ азты фӕкуыста хӕхбӕсты ахуыргӕнӕгӕй. Архайдта ӕхсӕнадон-политикон змӕлдтыты. Зыдта нӕ мыггаджы равзӕрд. Дзырдта, зӕгъгӕ, Зилахары цӕрӕг Сапсыхъойӕн уыд цыппар фырты; Цӕллаг, Суан, Дауыр ӕмӕ Малсӕг. Куы байуӕрстой, уӕд алы рӕттӕм сӕхи айстой. Ӕртындӕсӕм ӕнусы Суан алыгъд Мамысонгоммӕ ӕмӕ ӕрцард Тлийы хъӕуы. Рӕвдз уыд алы куыстмӕ дӕр, уӕлдайдӕр куырды куыстмӕ. Сыгъзӕрин къухтӕ, дам, ын уыд, ӕфсӕйнагӕй цынӕ скодтаид, ахӕм нӕ уыд. Ууыл ахуыр кодта йӕ иунӕг хъӕбул Болайы. Фӕлӕ зӕрдӕргъӕвд лӕппу тынгдӕр тырныдта ныв кӕнынмӕ. Кӕрдӕджытӕ, дидинджытӕ, фосы тугӕй фыхта алыхуызон ахорӕнтӕ. Хӕдзӕртты къултыл, дуртыл кодта нывтӕ.

Уыцы рӕстӕг Чырыстон дин хӕхбӕсты хӕлиу кодтой гуырдзиаг миссионертӕ. Чи зоны, уыдонӕй исчи Болайы нывтыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта. Бола балымӕн динамонджытимӕ. Аргъуаны йыл саргъуыдтой ӕмӕ райста ном Никъала. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Гуырдзымӕ абалц кодта. Хатт-иу дзы фӕци дзӕвгар рӕстӕг. Уым йӕ нывкӕнынады дӕсныдзинад фӕбӕрзонддӕр кодта.

Хӕхбӕсты уыцы заман цы аргъуантӕ арӕзт цыдис, уыдоны дӕр Бола кодта нывтӕ. Йӕ дӕсныдзинад, дам, тынгдӕр равдыста Тлийы хъӕуы стыр аргъуаны ӕмӕ Зруджы комы Мады-Майрӕмы аргъуаны нывты. Уыцы-иу рӕстӕг Бола хаста дзыллӕтӕм Чырыстийы раст ныхас, Стыр Хуыцауыл фӕдзӕгъста ирон адӕмы.

Бола Гуырдзыйы дӕр кодта динамонӕджы куыст, кодта нывтӕ. Уырдыгӕй ацыд Туркмӕ. Уымы цӕрӕг сомихӕгтӕ ӕмӕ гуырдзиӕгтӕн сауджынӕй куыста. Боламӕ афтӕ каст, цыма Чырыстийы ахуырад фаг нӕма ӕмбары. Ӕмӕ абалц кодта Иерусалиммӕ. Фыццаджыдӕр, бабӕрӕг кодта Назарет, федта, Чырысти кӕм райгуырд, уыцы кӕвдӕс. Балымӕн чырыстон дины зынгӕ архайджытимӕ. Кувӕндонты кодта нывтӕ ӕмӕ нывты бын йӕ къух ӕвӕрдта ӕртӕ хуызы: Вола Тлийаг, Суаны-фырт, Бола Туаллаг.

Хистӕртӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй Бола ссис дины зындгонд архайӕг. Зӕронды бонмӕ йӕ ныв кӕнын нӕ ныууагъта. Зӕрондӕй сыздӕхт йӕ даргъ балцӕй Тлимӕ. Мӕлгӕ дӕр уым акодта. Ныгӕд та ӕрцыд Зруджы комы, рӕсугъд нывтӕ кӕм скодта, уыцы Мады-Майрӕмы аргъуаны кӕрты. Болайӕн баззад ӕртӕ фырты: Мырзабег, При ӕмӕ Гобе», — фыста Суанты Виссарион.

Афтӕмӕй та нӕм тар мигъты фӕлмӕй бирӕ ӕнусты арфӕй раздӕхт ноджыдӕр ма иу сусӕгдзинад, историктӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕлгонц — Нузалы аргъуаны нывгӕнӕг Суанты Бола. Адӕмы фарн бирӕ у.

САУТӔТЫ Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here