Номарӕн мадзӕлттӕ — Мӕскуыйы дӕр

0
257

Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номарӕн мадзӕлттӕ 2 сентябры цыдысты Мӕскуыйы дӕр. Уый тыххӕй фехъусын кодта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минӕварады пресс-службӕ.

Уыцы бон, террористон фыдракӕнды чи бабын, уыцы ӕнаххос адӕмы номыл сӕрмагонд ракуывд уыд Мӕскуыйы Кулишкӕты ирон аргъуаны. Уый фӕстӕ номарӕн ӕмбырды архайджытӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой, аргъуаны раз фӕзы уыцы ӕбуалгъ фыдракӕнды амӕттӕгты номарынӕн цы цыртдзӕвӕн ис, уый раз.

Иу минут ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, саударӕн ӕмбырды архайджытӕ ссардтой, ӕдзард беслӕйнӕгтӕ ӕмӕ, амынӕтты ирвӕзын кӕнгӕйӕ чи фӕмард, сӕрмагонд службӕты уыцы кусджыты рухс нӕмттӕ. 13 сахат ӕмӕ 5 минутыл та фӕзы сӕрмӕ уӕлдӕфмӕ стахтысты 334 урс шары…

Номарӕн ӕмбырды архайдтой УФ-йы Президенты уынаффӕгӕнӕг Валерий Фадеев, УФ-йы Президенты цур Цӕгат Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар — Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Дзанайты Барис, УФ-йы Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ Геннадий Онищенко, Гӕззаты Валери ӕмӕ Мӕхъиты Гурам, Мӕскуыйы Национ политикӕ ӕмӕ регионалон бастдзинӕдты департаменты разамонӕг Виталий Сучков, РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Тотоонты Алыксандр, Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады сӕрдар Абайты Алан, политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ, стӕй ирон диаспорӕйы уӕнгтӕ.

Сӕ раздӕры ӕмкъласонтӕ ӕмӕ хӕлӕртты мысӕн ӕмбырдмӕ ӕрбацыдысты, ныртӕккӕ мӕскуыйаг институтты чи ахуыр кӕны, раздӕры уыцы амынӕттӕ.

«16 азы рацыд уыцы ӕбуалгъ зӕрдӕагайгӕ фыдракӕндыл, 16 азы цӕссыгтӕ калӕм, сӕдӕгай бинонты цард цы цаутӕ ӕрбайхӕлдтой, уыдоныл. Ирыстонӕн уыцы хъӕдгом ӕнустӕм дӕр нӕ байгас уыдзӕн, — йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта Дзанайты Барис.

Уый фӕстӕ саударӕн мадзӕлтты архайджытӕ ацыдысты, амынӕтты ирвӕзын кӕнгӕйӕ чи фӕмард, сӕрмагонд службӕты уыцы афицертӕ кӕм ныгӕд сты, уыцы бынӕттӕм ӕмӕ сыл дидинджытӕ сӕвӕрдтой сӕ ингӕнтыл. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Мӕскуыйы Николо-Архангелаг уӕлмӕрды ныгӕд сты сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ «Альфа» ӕмӕ «Вымпел»-ы службӕгӕнджытӕ: дӕлбулкъонтӕ Олег Лоськов ӕмӕ Дмитрий Разумовский, майортӕ Андрей Велько, Роман Катасонов, Вячеслав Маляров ӕмӕ Александр Серов, лейтенант Андрей Туркин ӕмӕ прапорщик Денис Пудовкин. Сӕрмагонд къорд «Вымпел»-ы афицер Михаил Кузнецовы та баныгӕдтой Раменскы районы хъӕу Юровойы. УФ-йы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды ирвӕзынгӕнджытӕ Дмитрий Кормилин ӕмӕ Валерий Замараев та се ‘нусон бынат ссардтой горӕт Жуковскийы уӕлмӕрды…

Уыцы бон номарӕн ӕмбырд уыд Мӕскуыйы облӕсты хъӕу Мурановойы дӕр. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй уыцы хъӕуы цӕрджытӕ Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды амӕттӕгты номыл ныссагътой парк. Уыцы парчы астӕу сӕвӕрдтой, террористты аххосӕй чи фӕмард, уыцы ӕнаххос адӕмы нӕмттӕ цы дурыл ныффыстой, уый. Ацы ӕмбырды та саударӕн ракуывд амыдта, ацы номарӕн комплекс кӕй хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыд, уыцы игумен Феофан.

Цӕгат Ирыстоны Иудадзыгон минӕварады пресс-службӕйы хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ, ӕппӕт номарӕн мадзӕлтты рӕстӕг дӕр хыгъд ӕрцыдысты санитарон ӕдасдзинады домӕнтӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here