Йӕ конд хойраджы — йӕ уды хъарм

0
246

«Ацы бынатмӕ дӕрддзӕф кусын, фӕлӕ алы райсом дӕр ауылты мӕ фӕндаг ракӕнын, цӕмӕй та Ирӕйы конд гуылтӕй фӕхъӕстӕ уон ӕмӕ сӕйрагдӕр та — йӕ уӕздан мидбылхудт ӕмӕ фӕлмӕн ныхасӕй райдайа мӕ бон».

Афтӕ фӕзӕгъы, Гецаты Ирӕ кӕм кусы, уыцы къӕбицмӕ арӕх чи бауайы, уыцы ӕрыгон нӕлгоймаг.

Ӕмӕ куыннӕ. Ирӕ 40 азӕй фылдӕр кусы хӕринаггӕнӕгӕй. Кӕд ныртӕккӕ пенсийы ис, уӕддӕр йӕ ахуыр нӕ халы. Адӕмӕн лӕггад кӕныныл куыд сахуыр ис, афтӕ йӕ ныр дӕр дарддӕр хӕццӕ кӕны. Йӕ конд хойраджы, раст цыма йӕ рӕдау уды хай бавӕры, афтӕ хӕрзад рауайынц йӕ конд гуылтӕ ӕмӕ чъиритӕ…

Дигорайаг Гецаты Беслӕны чызг йӕ царды бирӕ ӕвзарӕнты сӕрты рахызт. Хӕрз ӕрыгонӕй афтыд Ашхабадмӕ, уым райста педагогон дӕсныйад, уым райдыдта йӕ фыццаг фӕллойадон къахдзӕфтӕ. Амонды фӕндагмӕ тырнгӕйӕ, йӕ цард баиу кодта нӕхирдыгон лӕппуимӕ…  Фӕлӕ йӕ амонд дӕргъвӕтин нӕ ахаста, хӕрз ӕрыгонӕй баззад сидзӕргӕсӕй. Фӕлӕ йӕ иунӕг чызг йӕхи сидзӕрхуызӕй никуы банкъардта. Ирӕ йын уыдис мад дӕр ӕмӕ фыд дӕр, йӕ цард йӕ хъӕбулӕн снывонд кодта. Чызг ныр йӕхӕдӕг бинонты хицау у, Хуыцау ын балӕвар кодта хорз кӕстӕртӕ.

«Дӕ хойраг адӕмӕн циндзинад куы хӕсса, адджынӕн ӕй куы хӕрой, уӕд ма царды уымӕй ӕхсызгондӕр цы ис», — зӕгъы ӕфсӕрмхуызӕй Ирӕ йӕхӕдӕг. Ӕмӕ уыцы ныхӕстимӕ, хатыр ракургӕйӕ, йӕ къӕбицмӕ атагъд кодта — «мӕ хыссӕ фегӕр уыдзӕн»…

Цопанаты Ельмӕ

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here