Цардыл тох кӕнгӕйӕ

0
314

Фыццагдӕр медицинон кусджытӕй ног коронавирусӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ «сырх тӕлммӕ» чи ацыд, уыдонимӕ уыдысты, 2004 азы Беслӕны ӕвирхъау фыдбӕллӕхӕй чи раирвӕзт, уыцы скъоладзаутӕ. Уӕд нырма сывӕллӕттӕ уыдысты, сӕ бон бацис, террористтӕ цы скъола бацахстой, уырдыгӕй удӕгасӕй раирвӕзын. Ӕмӕ ныр сӕхӕдӕг адӕмы ӕнӕниздзинадыл кусынц.

«Ме ‘фсымӕры мын амардтой»

Уыдонимӕ ис Георгий Ильин дӕр. Уый ныр бирӕтӕн у Беслӕны нысандар. 16 азы размӕ йын чидӕр йӕ къам систа авдаздзыдӕй. Куыддӕр скъолайӕ — уыцы ӕвирхъау уавӕрӕй раирвӕзт, афтӕ фыртӕссӕй удаист хъӕр кодта. Уыцы къамы алцыдӕр ис, боевиктӕ скъола куыд байстой, уый дӕр, ӕртӕ боны дзы амынӕты кӕй дардтой, уыдоны ӕнкъарӕнтӕ дӕр. Ӕнӕ хӕринагӕй, ӕнӕ донӕй дӕ сӕрибарӕй змӕлыны ӕмӕ дзурыны бар ма уӕд. Террористты автоматтӕ ӕмӕ бомбӕты бынмӕ. Ӕнӕхъару, удӕгас нысантӕ.

— Георгийы скъоламӕ ахуыдтон ӕмӕ йӕ уым ныууагътон йӕ хо ӕмӕ уый дыууӕ сывӕллонимӕ. Уыдон нӕм Беслӕнмӕ ссыдысты Ташкентӕй 15 августы, ног ахуыры азы райдайӕнмӕ ма дыууӕ къуырийы куы хъуыди, уӕд. Хистӕр чызгӕн уыцы фыццӕгӕм сентябр хъуамӕ суыдаид беслӕйнаг скъолайы фыццаг бон, — зӕгъы Георгийы мад Хъуысаты Фатимӕ. — Мӕ зӕрдӕ ницӕмӕ ӕхсайдта, цинӕйдзаг бӕрӕгбон, хӕрзарӕзт сывӕллӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, музыканттӕ. Мӕ сывӕллӕтты скъоламӕ бахуыдтон ӕмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ацыдтӕн. Мӕ хистӕр фырт бацыд Хӕххон-металлургон институтмӕ. Уым фехъуыстон ацы хабар.

Комкоммӕ кадджын ӕмбырды рӕстӕг террористтӕ бацахстой скъола. Амынӕты чи бахауд, уыдоны спортзалмӕ батардтой ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны фӕдардтой уӕззау уавӕрты.

— Уыцы бонты цымӕ куыд цардыстӕм? Уӕззау фарст у,— мадӕн йӕ бон нӕ бацис уӕды ӕнкъарӕнтимӕ стох кӕнын, уӕдӕй нырмӕ дӕр ын хӕссынц рис. — Культурӕйы хӕдзары цур фӕлӕууыдыстӕм, скъоламӕ хӕстӕг у, зӕгъгӕ. Уымӕй дарддӕр нӕ нӕ уагътой. Фынӕй кӕнынмӕ нӕ не ‘вдӕлд, Хуыцаумӕ куывтам. Нӕ лӕджы уыцы цауты фӕстӕ инсульт ныццавта. Георгийы та уый фӕстӕ федтон рынчындоны, радтой сын рыст сисыны ӕмӕ фынӕйы хостӕ. Фынӕйӕ йӕ баййӕфтон, стӕй райхъал, йӕ цӕстытӕ байгом кодта, куы мӕ федта, уӕд уыцы-иу хъӕр ныккодта: «Уыдон мын ме ‘фсымӕры амардтой! Мӕ хойы мын амардтой!»

Ӕнӕ чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ хӕдтӕхджытӕ

Фӕстӕдӕр нын радзырдта, уыцы бонты спортзалы цы цаутӕ цыдис, уыдоны тыххӕй. Бадтысты иумӕ, Георгий, йӕ хо ӕд сывӕллӕттӕ. Хӕcтӕг сӕм ауыгъд уыдис рӕмудзӕн ӕрмӕг, лӕппу тарстис ӕмӕ сфӕнд кодта иуварс абырын. Цалдӕр секунды фӕстӕ бӕстӕ ныззыр-зыр кодта, раст ӕй цыма йӕ фӕсонтӕй басхуыста цыдӕр, уыйау. Кӕдӕмдӕр фӕтахт, йӕхимӕ куы ‘рцыд, уӕд кӕсы ӕмӕ, кӕм бадт, уым туджы змӕст мӕрдтӕ.

Скъолайӕ куыд рагӕпп кодта, уый хорз нӕ хъуыды кӕны, тагъд ӕххуысы машинӕйы йӕ куыд ластой, уый дӕр. Дзӕуджыхъӕуы Тагъд ӕххуысы рынчындонӕй йӕ сывӕллӕтты хирургон хайадмӕ арвыстой. Уырдыгӕй — Мӕскуымӕ. Георгий фӕцис цалдӕр уӕззау цӕфы, операцитӕ, низы фӕстиуджытӕ иуварс кӕныны рӕстӕг. Фӕлӕ йӕ цӕфтӕ ӕрмӕст физикон нӕ уыдысты.

— Теракты фӕстӕ цалдӕр мӕйы куы рацыд, уӕд ӕй немӕ ахуыдтам чындзӕхсӕвмӕ. Георгий уыйбӕрц адӕм куы федта, уӕд фырдиссагӕй хъӕр кӕнын райдыдта, уырдыгӕй нӕ бахъуыд рацӕуын. Базарадон центртӕ йын тӕссагдзинад хастой, афтӕ — хӕдтӕхджытӕ дӕр. Мӕскуымӕ-иу нӕ реабилитацимӕ тӕхын бахъуыд аз дыууӕ хатты, ӕмӕ-иу нӕ куырдта, цӕмӕй билеттӕ балхӕнӕм поездмӕ, — мысы Фатимӕ.

Сывӕллӕтты хуымӕтӕг цардмӕ раздахынӕн хорз фӕахъаз сты дунейы цӕрджытӕ. Ӕххуыс цыдис алырдыгӕй. Мӕскуыйӕ, Уӕрӕсейы регионтӕй, фӕсарӕнтӕй. Амынӕты чи уыдис, уыцы адӕмы хуыдтой уазӕгуаты алы бӕстӕтӕм. Георгий дӕр уыдис Болгарийы, Италийы, Францы, Америчы. Алырдыгӕй йӕм хастой йӕ къамтӕ, цард ӕмӕ мӕлӕты ‘хсӕнӕй куы раирвӕзтис, цӕфтӕ, сыгъдтытӕ, фӕлӕ ӕгасӕй. Георгий куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ хъуыды кӕны, кӕд ӕй систой, уый. Йӕ мад та йӕ зӕрдыл бадардта, ацы къам кӕд федта, уый.

— Куы сӕ суӕгъд кодтой, уымӕй цалдӕр боны куы рацыд, уӕд мӕм ӕй радтой. Чидӕр ӕй ӕрбахаста. Куыд медицинон кусӕг, афтӕ уайтагъд ме ‘ргом аздӕхтон, чи ныррӕсыд, йӕ уыцы артеритӕм. Уый ӕвдыста, сывӕллон куыд тарст уыдис, уый. Ацы къаммӕ гӕсгӕ ма чидӕр скульптурӕ дӕр цӕттӕ кӕны, уый нӕ бинонтӕй ничи зыдта. Базыдтам ӕй, Сан-Маринойы цыртдзӕвӕн куы сӕвӕрдтой, уӕд. Нӕхӕдӕг дзы нӕ уыдыстӕм, ӕрмӕстдӕр ӕй Интернеты федтам.

Сыгъзӕрин адӕм

— Ӕппӕт дунейы адӕм дӕр тырныдтой нӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнынмӕ, фӕлӕ стырдӕр арфӕ — сӕ ахуыргӕнджытӕн. Бирӕтӕ дзы сӕхӕдӕг дӕр уыдысты амынӕты, ӕмӕ нын нӕ сывӕллӕтты уыдон куыд ӕмбӕрстой, афтӕ ничи. Сыгъзӕрин адӕм сты, — зӕгъы Фатимӕ.

Георгий цы фӕлварӕн бавзӕрста, уый йын царды сӕйраг нысантӕ дӕр байгом кодта. Куы сдынджыр уа, уӕд ӕй фӕнддзӕн иннӕты ирвӕзын кӕнын. Ӕмӕ равзӕрста медицинӕ, ӕртыккаг курсы фӕстӕ та медицинон ӕфсымӕрӕй бацыд Республикӕйы клиникон рынчындоны интенсивон терапимӕ. Коронавирус куы стынг, уӕд та фыццӕгтимӕ ацыд «сырх тӕлммӕ». Бирӕ цӕмӕйдӕртӕй йӕ бахъуыд йӕхи фӕиуварс кӕнын ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл сахуыр уӕвын.

ӕхсӕз кӕнӕ та дӕс сахаты респираторы, сӕрмагонд уӕлӕдарӕсы, бафӕразын уыдис тынг зын. Цалдӕр мӕйы хиуӕтты нӕ уынын дӕр хуымӕтӕг хъуыддаг схонӕн нӕй: персонал уыдис хииппӕрддзинады фӕткы. Коронавирусимӕ тохгӕнӕг бирӕ медицинон кусджытӕ сӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын сты, Георгий дӕр дзы фӕхъӕстӕ. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхи рынчындонмӕ не ‘руагъта. Ныртӕккӕ йӕ фӕллад уадзы, уырдыгӕй та ногӕй — йӕ нысанмӕ. Сентябрӕй та — ординатурӕ. Дохтыры диплом Георгий райста ацы сӕрд. Йӕхицӕн сбӕрӕг кодта йӕ дарддӕры фӕндаг — реанимаци ӕмӕ анестезиологи.

Георгийы хуызӕттӕ беслӕйнаг амынӕты уӕвджыты ‘хсӕн бирӕ ис. Кӕм ахуыр кодта, уыцы скъолайы, дохтыртыл чи сахуыр кодта, уыцы хъомылгӕнинӕгты тыххӕй систой ролик. Уыдон ма систы коронавирусимӕ ахъаззаг тохгӕнджытӕ дӕр. Цӕлойты Хъазыбег, Маринӕ Азимова, Кокайты Изольдӕ, Байаты Хъамболат — ӕдӕппӕтӕй 15 лӕппу ӕмӕ чызджы. Ахуыргӕнджытӕ баиу кодтой скъолайы рӕстӕг ист къамтӕ ӕмӕ нырыккон къамтӕ — сӕрмагонд уӕлӕдарӕсы, инфекциимӕ тохӕй.

Маринӕ Тимченко,

Бедойты Зӕлинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here