Дуг ӕмӕ адӕймаг

0
394

Ныртӕккӕ нӕ бӕстӕйы юридикон ахуырады, уыимӕ Ирыстоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты размӕ лӕууынц ахуырады разӕнгард кӕныны зын, фӕлӕ сӕххӕстгӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм нысантӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй кадртӕй аразгӕ у алцыдӕр. Нӕ кадджындӕр ахуыргӕнджытӕ-юристтӕй иуы тыххӕй уыдзӕн мӕ ныхас.

Чеджемты Таймуразы тыххӕй фыссын ӕнцон нӕу, фӕлӕ хъӕугӕ хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ йӕ царды фӕлтӕрддзинад ӕмӕ разамонӕджы курдиат хъӕугӕ кӕны Ирыстоны юридикон ӕхсӕнады ӕрыгон фӕлтӕры.

Чеджемты Таймураз райгуырд 1937 азы Беслӕны нартхоры комбинаты кусӕг бинонты ӕхсӕн. Сӕ фыд хӕсты фесӕфт, ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕд раджы баззадысты ӕнӕ фыдӕй, уӕддӕр, сӕ бон куыд уыд, афтӕ ӕххуыс кодтой сӕ мад Царахаты Финатӕн хӕдзары куыстыты.

Хӕсты фӕстӕйы ӕххормаг азты Беслӕны скъолайы рауагъдон ахуыр кӕнынмӕ бацыд Мӕскуыйы Михаил Ломоносовы номыл паддзахадон университеты юридикон факультетмӕ. 1959 азы йӕ, иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕуыны фӕстӕ, кусынмӕ арвыстой Дзӕуджыхъӕуы уӕды иугонд прокуратурӕмӕ слестгӕнӕгӕй.

Уыцы рӕстӕджы сфидар сты ӕрыгон иртасӕджы хъуыддаджы миниуджытӕ. Уый архайдта йӕ зонындзинӕдтӕ практикон архайдмӕ рахӕссыныл, уыдон та райста, Мӕскуыйы ахуыр кӕнгӕйӕ. Уый хорз ӕмбӕрста, теори ӕмӕ практикӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной, ӕмӕ йын уый фадат радта йӕ уарзон ахуыргӕнӕндоны уголовон барады ӕмӕ криминологийы кафедрӕйы аспирантурӕмӕ бацӕуынӕн. 1968 азы ӕмгъуыдӕй раздӕр бахъахъхъӕдта кандидаты диссертаци ӕмӕ ирӕтты ‘хсӕн фыццаг ссис юридикон наукӕты кандидат уголовон барадӕй.

Уый йӕ наукон куыст сфӕлдыстадон хуызы баста практикон архайдимӕ, йӕ  хъуыддӕгтӕй та бирӕтӕ бындур уыдысты йӕ наукон-иртасӕн куыстытӕн. Уӕды азты бӕстӕйы стырдӕр юридикон рауагъдӕдты рацыдысты йӕ ахадгӕ монографион куыстытӕ. Абон дӕр хъӕуынц йӕ монографитӕ «Тӕрхондоны нысаниуӕг советон уголовон процессы бӕлвырд гӕнӕнтӕ ӕмбырд ӕмӕ иртасыны хъуыддаджы», «Тӕрхоны слестгӕнынады психологон миниуджытӕ», «Тӕрхоны слестгӕнынад» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Рацыдысты академион журналтӕ «Паддзахад ӕмӕ барад», «Советон юстици», «Социалистон закъонад»-ы

Чеджемты Таймураз фыдыбӕстон уголовон-процессуалон наукӕйы цы теоретикон хатдзӕгтӕ скодта, уыдонӕй пайда кодтой ӕмӕ кӕнынц абон дӕр докторы ӕмӕ кандидаты диссертацитӕ фысгӕйӕ, тӕрхондоны оргӕнтӕ та сӕ практикон архайды.

Чеджемты Таймураз йӕ куысты хӕстӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый йын бындур уыдис йӕ карьерон рӕзтӕн. Кӕронмӕ-иу цы хъуыддӕгтыл бакуыста ӕмӕ-иу тӕрхондонмӕ кӕй радта, уыдонмӕ фау никуы ничи ӕрхаста дыууӕрдыгӕй дӕр, стӕй уӕлдӕр тӕрхондоны кусджытӕй дӕр. Уый тыххӕй йӕ 1963 азы снысан кодтой нӕ республикӕйы Промышленнон районы адӕмон тӕрхонгӕнӕгӕй.

1970 азы Чеджемты Таймураз ӕвзӕрст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны Сӕйраг тӕрхондоны сӕрдарӕй. Уый уӕд уыдис тӕккӕ ӕрыгондӕр сӕрдар канд Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ Советон Цӕдисы дӕр. Цӕгат Ирыстоны Сӕйраг тӕрхондоны куыст бӕрӕггӕнӕн, бӕлвырдгӕнӕн ӕрмӕджытӕм гӕсгӕ, уыимӕ йӕ сӕрдары дӕр, сӕ куыст уӕлдӕр организацитӕ нымадтой хуыздӕрыл.

Цӕгат Ирыстоны Сӕйраг Советы депутат уӕвгӕйӕ, йӕ зылды ӕвзарджытимӕ фембӕлдтытӕ чи арӕзта, уыдис уыдоны фыццӕгтӕй. Нӕ горӕты Уӕлахизы фӕзмӕ хӕстӕг цӕрӕг адӕм абон дӕр сӕ зӕрдыл дарынц, фӕллойгӕнджытимӕ, уыцы фембӕлдтытӕ. Цъындагӕнӕн фабричы ӕмбырдтӕаразӕн залы, стӕй йӕ фарсмӕ ӕфсӕддон заводы.

1969 азы ЦИПУ-йы юридикон факультет куы фӕзынд, уӕд Чеджемты Таймуразы арӕх хуыдтой паддзахадон фӕлварӕн къамисы сӕрдары бынатмӕ, лекцитӕ каст студенттӕн ӕмӕ суинаг ахуыргӕнджытӕн уголовон барады, процессы ӕмӕ криминологийы ахсджиаг фарстыты фӕдыл.

1984 азӕй Чеджемты Таймураз разамынд лӕвӕрдта республикӕйы адвокатты коллегийӕн. Фӕлӕ Президенты ӕппӕтадӕмон фыццаг ӕвзӕрстыты размӕ йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ кад тынг бахъуыдысты барадон ӕмӕ политикон хъуыддӕгты, уымӕн ӕмӕ республикӕйы уыдис ӕндыгъд политикон ныхмӕвӕрддзинад.

1994 азӕй  уыдис РЦИ-Аланийы Центрон ӕвзарӕн къамисы сӕрдар, 1998 азы йӕ РЦИ-Аланийы Президенты бавдыстӕй РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттӕ равзӕрстой Конституцион цӕстдарды комитеты, сӕрдарӕй. Ныртӕккӕ нӕ республикӕйы Конституцион тӕрхондон.

Чеджемты Таймуразы биографийы сӕрмагонд сыфыл банымайӕн ис, 2004 азы сентябры Беслӕны ӕвирхъау трагедийы рӕстӕг адвокатӕй куы куыста, уый, йӕ иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ ӕвдыст ӕрцыдысты йӕ монографи «Рӕстдзинад Беслӕны трагедийы тыххӕй», зӕгъгӕ, уым, стӕй йӕ раныхӕсты дунеон ӕмӕ уӕрӕсейаг дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты.

2007 азӕй абонмӕ УФ-йы сгуыхт юрист, Цӕгат Ирыстоны уӕлдӕр хӕрзиуӕг «Ирыстоны раз йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй»-йӕ хорзӕхджын Чеджемты Таймураз разамынд дӕтты ЦИПУ-йы уголовон барад ӕмӕ процессы кафедрӕйӕн, юристты ног фӕлтӕры рӕстзӕрдӕйӕ закъонӕн лӕггад кӕныныл хъомыл кӕныны хъуыддадджы, йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ сын дӕтгӕйӕ.

Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ,  Уӕрӕсейы сгуыхт юрист, ахуыргонд ӕмӕ ахуыргӕнӕг Чеджемты Таймуразы хуызӕн адӕймӕгтӕ сты тӕхудиаг, дӕнцӕг нӕ республикӕйы юридикон ахуырады.

ЦИПУ-йы кусджыты къорды номӕй

Чеджемты Сергей, профессор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here