Скъоладзауты ӕдасдзинад

0
298
Two boys with backpack walking, holding on warm day on the road. Back view.

Цӕгат Ирыстоны  радон акци «Скъоламӕ фӕндаг» ӕххӕст кӕнгӕйӕ, политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы уӕнгтӕ бӕлвырд кӕнынц скъолатӕм ӕввахс фӕндӕгты уавӕр, рухснысанты куыст, фӕндӕгтыл нысантӕ ис ӕви нӕй, фӕндӕгтӕ ӕмбондтӕй ӕхгӕд сты ӕви нӕ, стӕй уынгты фидаргонд цырӕгътӕ кусынц ӕви нӕ, уыдӕттӕ. — Инспекцийы объекттӕ ӕвзарыны рӕстӕг нӕ партийы ӕхсӕнадон кусӕнуатмӕ чи ӕрбахаты, уыцы ныййарджыты хъуыды дӕр банымайӕм. Нӕ рейды бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы скъолаты фылдӕр хаймӕ ‘ввахс фӕндӕгтӕй сывӕллӕттӕн тӕссаг нӕу: кӕм хъӕуы, уым ис рухснысантӕ, стӕй фӕндаджы сӕрты фистӕг бӕлццӕттӕн бахизӕнтӕ. Уыимӕ, иуӕй-иу ахуыргӕнӕндӕттӕм ӕввахс фӕндӕгтӕ ӕмбондтӕй ӕхгӕд сты, рухсдӕттӕг цырӕгъты нымӕц дзы фӕфылдӕргӕнинаг у. Цӕмӕй аиппытӕ цыбыр рӕстӕгмӕ иуварсгонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй цӕстдарӕн рейдты рӕстӕг сӕвзӕрӕг  бӕрӕггӕнӕнтӕ профилон ведомствӕтӕм барвитдзыстӕм, — зӕгъы  партийы регионалон хайады ӕххӕсткомы разамонӕг Едзойты Марат.

Фиппаинаг: цӕстдарӕн рейд ӕххӕст кӕнынц партион проект «ӕдас фӕндӕгтӕ»-мӕ гӕсгӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here