Хохы цъуппыл тырыса ӕрсагътой

0
289

Уырыссаг географион ӕхсӕнады цӕгатирыстойнаг хайады сӕрдар, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан 3266 метры бӕрзӕндӕн Геогрӕфы хохы цъуппыл ӕрсагъта ӕхсӕнады тырыса.

Уырыссаг географион ӕхсӕнадыл 175 азы кӕй сӕххӕст, уымӕ гӕсгӕ хохдзаутӕ Сӕна-Джимарайы хохы рагъмӕ схызтысты. Фондз мин метрӕй фылдӕр кӕй бӕрзӕнд у, амӕй размӕ акцийы архайджытӕ амынд хайады уӕнгтӕ — схызтысты Сӕна ӕмӕ Эльбрусы хӕхты цъуппытӕм дӕр.

Нӕ республикӕйы Геогрӕфы хох фӕзынд ацы аз 18 августы (ацы бон дзӕгъӕлы нӕ равзӕрстой: 1845 азы 18 августы сӕвзӕрд Уырыссаг географион ӕхсӕнад). Геогрӕфы хохӕн официалон ном радтынӕн нӕ университеты географи ӕмӕ геоэкологийы факультеты студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ уыцы бон схызтысты Сӕна-Джимарайы хохы рагъмӕ.

Ацы аз Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет рамбылдта Джимара-Сӕнайы геопарчы арӕзтады проектыл бакусыны фӕдыл Уырыссаг географион ӕхсӕнады грант. Ацы геопарк нымад у Центрон Кавказы скӕсӕйнаг хайы геологон историйы ӕппӕт къӕпхӕнтӕ ӕргомгӕнӕг геологон-культурон комплексыл.

Проект сӕххӕстгӕнӕг регионӕн уыдзӕн ЮНЕСКО-йы геопаркты иугондмӕ бацӕуыны фадат.

— Географион ӕхсӕнады цӕгатирыстойнаг хайад фӕзынд 1972 азы мартъийы. Нӕ университеты географи ӕмӕ геоэкологийы факультеты хайады хӕс у ӕрдзыл ӕнувыд адӕмы баиу кӕнын ӕмӕ ахуырадон куыст ӕххӕст кӕнын, — зӕгъы Огъуайы-фырт.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here