Куыстмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ…

0
295

Отпусчы рӕстӕг кӕй организм слӕмӕгъ вӕййы, уыцы адӕймагӕн куысты фӕткмӕ ногӕй раивын ӕнцон нӕ вӕййы. Отпусчы фӕстӕ куыстмӕ рацӕуӕг адӕймаджы фӕндтӕ ӕмӕ хӕстӕ кӕрӕдзи ныхмӕ фӕцӕуынц. Организм куыстыл ӕнӕ зындзинӕдтӕй цӕмӕй сахуыр уа, уый тыххӕй ӕххӕст кӕнын хъӕуы хуымӕтӕджы уынаффӕтӕ.

  1. Фӕлладуагъдӕй куыстмӕ къӕпхӕнгай раивут. Иудадзыг кӕм цӕрыс, дӕ отпуск, кӕнӕ фӕлладуадзӕн бонтӕ ахӕм хӕдзары кӕд нӕ арвыстай, уӕд куыстмӕ рацӕуыны размӕ хӕдзармӕ иу, кӕнӕ дыууӕ боны раздӕр ӕрбаздӕхыныл бацархай (афтӕ бакӕнгӕйӕ, куысты фӕткыл бӕлвырд ӕнцондӕрӕй сахуыр уыдзынӕ).
  2. Куыстмӕ рацыды фӕстӕ уайтагъд ӕппӕт хъуыддӕгтӕ бакӕныныл ма архай, куысты цы рӕстӕг нӕ уыдтӕ, уыцы рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнинаг хъуыддӕгтӕ кӕд бабирӕ сты, уӕддӕр. Ӕппӕтӕй ӕвӕстиатдӕрӕй саразын кӕй хъӕуы, раздӕр уыцы куыстытӕм бавнал.
  3. Фыццаг дыууӕ-ӕртӕ боны кусын хъӕуы ӕнцонгонд фӕткмӕ гӕсгӕ. Ӕппӕтӕй вазыгджындӕр хъуыддӕгтӕ аразынмӕ фыццаг бонты ма ‘внал, науӕд ӕнӕхъуаджы рӕдыдтытӕ ӕруадздзынӕ, ӕмӕ уыдон цауд фӕстиуджытӕ расайдзысты.
  4. Отпуск, кӕнӕ бӕрӕгбӕттӕй рацыды фӕстӕ фыццаг цалдӕр боны 18 сахаты фӕстӕ куысты ма бафӕстиат у, кӕд гӕнӕн ис, уӕд та куыстӕй чысыл раздӕр ацӕуыныл ӕмӕ сыгъдӕг уӕлдӕфы атезгъо кӕныныл бацархай.
  5. Кӕй дын бахӕс кодтой, уыцы куыстытыл дӕхи атигъ кӕныны фадат дын кӕд нӕй, уӕд та сахатӕй-сахатмӕ цыбыр рӕстӕг дӕ фӕллад уадз ӕмӕ сихорафон уынджы, ӕнӕмӕнг, атезгъо кӕн.
  6. Куыстмӕ рацыды фӕстӕ фыццаг фӕлладуадзӕн бонты рӕстӕг фатер ӕфснайыны, цӕхӕрадоны, кӕнӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынгӕнӕг ӕндӕр куыстытӕм ма бавнал. Адӕймагӕн ӕхцондзинадхӕссӕг ирхӕфсӕнты архайыныл, тезгъо кӕныныл, кинотеатрмӕ бацӕуыныл бацархай.
  7. Кусгӕ бонтимӕ абаргӕйӕ, отпусчы рӕстӕг бирӕтӕ райсомӕй фӕстӕдӕр кӕй рабадынц ӕмӕ хуысгӕ дӕр фӕстӕдӕр кӕй скӕнынц, уыдӕттӕ нымайгӕйӕ, адӕймаг отпусчы фӕстӕ куыстыл ӕнцонӕй нӕ сахуыр вӕййы. Организм цӕмӕй къаддӕр бафӕллайа, уый тыххӕй ӕмгъуыдӕй раздӕр бахуыссыныл бацархай (уымӕн ӕмӕ дӕм райсомӕй цас фылдӕр хъару уа, уыйбӕрц кусын ӕнцондӕрӕй райдайдзынӕ).

Ӕнӕниз ут!

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады паддзахадон бюджетон кусӕндон «Медицинон профилактикӕйы республикон центр»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here