«Зондджын» домофонтӕ нӕм фӕзындзысты

0
301

Хицауады алы ӕмвӕзадыл ныхас цӕуы, адӕмы удӕнцойдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад кӕй фӕрцы фӕнывылдӕр уыдзысты, ахӕм проект «Зондджын хӕдзар» сӕххӕст кӕныныл.

Цӕгат Ирыстоны Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрады минӕвӕрттӕ, стӕй районты ӕмӕ авналӕнтӕй ифтонггӕнӕг компаниты разамонджытӕ кӕм архайдтой, уыцы ӕмбырд ацыд Дзӕуджыхъӕуы администрацийы залы.

Проект ӕххӕсткӕнынады райдайӕны ӕвӕрд ӕрцӕудзысты «зондджын» домофонтӕ, шлагбаумтӕ ӕмӕ кӕртытӕм видеоцӕстдарды камерӕтӕ.

— Ног фӕлтӕры домофонтӕ ифтонггонд сты видеобастдзинады фӕрӕзӕй ӕмӕ, адӕймаг кӕм ис, уыцы ранӕй чырӕг телефонӕй сигнал райсыны фадатӕй. Ахӕм гӕнӕнтӕ ис «зондджын» шлагбауммӕ дӕр. Видеоцӕстдарды камерӕтӕ адӕймаджы цӕсгом базонӕн фӕрӕзӕй ифтонггонд кӕй уыдзысты, уый фӕрцы кӕртмӕ ӕцӕгӕлон адӕймӕгтӕн ӕнцонӕй бацӕуӕн нӕ уыдзӕн, — зӕгъы акционерон ӕхсӕнад «Ростелеком»-ы цӕгатирыстойнаг филиалы дзыллӕтимӕ куысты директоры хӕдивӕг Дзӕхаты Марат.

«Зондджын» нымайӕнты фӕрцы уыдзӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмбырд кӕныны ӕмӕ сӕ авналӕнтӕй ифтонггӕнӕг кусӕндӕттӕм ӕрвитыны куыст автоматикон уагӕй ӕххӕст кӕныны фадат. Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «зондджын» нымайӕнтӕн сӕ бон у иумӕйаг домӕнты тыххӕй фиддонты фарст алыг кӕнын.

— Хъӕуы нымайӕнтӕ сӕвӕрын ӕмӕ ӕппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ бахынцын, — зӕгъы акционерон ӕхсӕнад «Севкавказэнерго»-йы уынаффӕйадон директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Быгъуылты Сослан.

Цӕрӕнуӕтты хицӕутты ӕмбаладтӕ ӕмӕ уынаффӕйадон компаниты минӕвӕрттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ифтонггӕрзтӕ ӕвӕрыны куысты тыххӕй фиддонтӕ ӕмӕ ног лӕггӕдты ӕргътӕ ӕвӕрын хъӕуы ӕргомӕй.

Проекты фӕлварӕн хаймӕ кӕй бахӕсдзысты, рӕхджы къорд ахӕм бирӕфатерон хӕдзары равзардзысты.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here