Арӕны сӕрты — ӕнӕкъуылымпыйӕ

0
259

Айразмӕ республикӕйы Хицауад кӕй сфидар кодта, уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ 15 сентябрӕй фӕстӕмӕ адӕм Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн уадзӕн бынат «Рукъ»-ыл цӕуынц ӕнӕкъуылымпыйӕ.

«Ацы аз 15 сентябрӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон низӕфтауӕг хӕлиу кӕнынӕй бахизыны фӕдыл гӕрӕнӕвӕрӕн мадзӕлтты фылдӕр хай ивд ӕрцыд, уыимӕ, республикӕмӕ ӕрбацӕуӕг адӕмыл дыууӕ къуырийы дӕргъы ӕнӕмӕнг карантины фӕуыны хӕс ӕвӕрд нал уыдзӕн», — фыст ис республикӕйы Хицауады хъусынгӕнинаджы.

Хуссар Ирыстоны Фӕлхасгӕнджыты барты хъахъхъӕнынад ӕмӕ адӕмы фӕрныгады къабазмӕ цӕстдарды комитеты сӕрдар Коцты Маринӕ куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй, Уӕрӕсеимӕ паддзахадон арӕн кӕй байгом, уый нымайгӕйӕ, республикӕйы территорийыл адӕмы ӕхсӕн коронавирусон низӕфтауӕг хӕлиу кӕнынӕй бахизынӕн профилактикон мадзӕлттӕ фӕкарздӕр уыдзысты.

(Информацион агентад “Рес”)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here