Мыггӕгтӕ — ӕрвадӕлтӕ

0
695

Ирон ныхасы арӕх фехъусӕн вӕййы: «Уыдонимӕ (ома мыггагимӕ) мах ӕрвадӕлтӕ стӕм». Ӕмӕ райдайынц иннӕтӕ дӕр, мыггӕгтӕй чи кӕй ӕрвад у, стӕй цӕмӕн, уыдӕтты тыххӕй таурӕгътӕ, цаутӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ дзурын. Таурӕгъгӕнӕг Хъайттаты Хъайтмырзӕ уыдонӕй йӕ рӕстӕджы ӕрӕмбырд кодта иудзӕвгар. Мыхуыр дзы кӕнӕм цалдӕр. Кӕд дзы исчи исты аипп, ӕнӕрастдзинад бафиппайа, уӕд нӕм фӕхабар кӕнӕд. Стӕй дзы сӕ мыггӕгты, ӕрвадиуӕджы тыххӕй ӕрмӕг чи нӕ ссара, уый нӕм ӕй ныффыссӕд. Мах ӕй ныммыхуыр кӕндзыстӕм.

Кцойтӕ — Гулитӕ

Куырттаты комы Гулийы хъӕуӕй, Кцойтӕй иу хӕдзар ралыгъд Дзӕуджыхъӕумӕ, ӕмӕ уыцы хӕдзарвӕндаг сӕхи фыссын байдыдтой Гулитӕй. Кцойтӕй иу бинонтӕ та алыгъдысты Мӕздӕгмӕ, ӕмӕ уыдон байзӕддӕгтӕ та Гулишвили фыссынц.

Зӕнджиатӕ — Мецъытӕ

Мызуры хъӕуккаг Зӕнджиаты Мӕцыхъо Мыкалгабырты бон хӕрӕгыл мӕцъы кӕнынмӕ ацыди. Уыйадыл ӕм хъӕубӕстӕ фӕхӕрам сты, зулцӕстӕй кӕсын ӕм райдыдтой, ӕмӕ уый дӕр Зӕрӕмӕгмӕ алыгъд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Мӕцыхъо — мӕцъыдзау йӕ мыггаг рахуыдта Мецъытӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр — афтӕ. Мӕцыхъо ма Мызуры куы цард, уӕд дыууӕ ӕфсымӕры уыдысты. Абон дӕр ма уыдонӕй, иутӕ, фыссынц Зӕнджиатӕй, иннӕтӕ та Мецъытӕй.

Ацы хабар радзурӕг Мецъыты Абадыйыл цыд фондзыссӕдз азы бӕрц, царди Дзӕуджыхъӕуы.

Цырыхатӕ — Блитӕ

Зындгонд партион-ӕхсӕнадон кусӕг Блиты Максим-иу дзырдта, зӕгъгӕ, 1915 азы сӕ фыд хуынди Бли. Царди Быдыры Дӕргъӕвсы. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕдзарвӕндаг мыггаг рахаста фыды номӕй, Цырыхатӕй нӕ, фӕлӕ — Блитӕй.

Гусатӕ — Алидзатӕ

Куырттаты комы Цӕритты донӕн йӕ иу фарс цардысты Гусатӕ. Фӕстӕдӕр уыдонӕй иу хӕдзарвӕндаг алыгъд доны иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ сӕ рахуыдтой Алидзатӕ.

Тохъайтӕ — Дыгуртӕ

Тохъайтӕ фӕтудджын сты Дыгургомы. Лӕг чи амардта, уый Дӕргъӕвсы комы балыгъд Хъахъхъӕдурмӕ ӕмӕ йӕ бинонтимӕ уым ӕрцард. Ног сыхы-иу арӕх ныхас рауад уыдоны тыххӕй: «Цума, зынг ӕрбадав дыгурӕттӕй. Дыгурӕтты бӕхӕн йӕ раззаг дыууӕ къахы кӕд сты урс». Ӕмӕ афтӕмӕй-афтӕмӕй сӕ мыггаг дӕр афтӕ баззад — Дыгуртӕ (Дыгуры дӕр сӕ хонынц).

Цӕгӕратӕ — Бугъатӕ

Кӕддӕр Цӕгӕратӕ Габысатӕй лӕг амардтой, стӕй та Габысатӕ лӕг амардтой Цӕгӕратӕй. Ногӕй та Цӕгӕратӕ лӕг амардтой Габысатӕй. Хъӕубӕстӕ Цӕгӕратӕм смӕсты сты ӕмӕ сӕ Цымытийӕ рарвыстой. Иутӕ, алыгъдысты Зджыдмӕ, иннӕтӕ та — Гуырдзыстонмӕ. Габысатӕ кӕй амардтой, уымӕн йӕ бинойнаг уыдис зӕрдӕхсайгӕ ӕмӕ никуыдӕм алыгъд. Райгуырд ын лӕппу, ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой ном Бугъа. Рахъомыл, слӕг. Уыйадыл Цӕгӕратӕй иутӕ сӕхи фыссын райдыдтой Бугъатӕй.

Тлаттатӕ — Алыккатӕ

Куыртта ӕмӕ Тӕга уыдысты дыууӕ ӕфсымӕры. Куырттайӕн райгуырд Уӕлӕсых, Найфон ӕмӕ Тымбол. Тӕгайӕн — Хъамби. Хъамбийӕн — Тлатт, ӕлдатт ӕмӕ Науырыз. Тлаттӕн — Сӕхуыг. Сӕхуыгӕн — Алыкка. Алыккайӕн — Догко, уымӕн та — Дари. Алыккайӕн чи рацыд, уыдон хӕссынц мыггаг Алыккатӕ, иннӕтӕ баззадысты Тлаттатӕй.

Баситӕ — Кънаттатӕ

Цъӕйы хъӕуккаг Баситы Кънат лӕг амардта ӕмӕ алыгъди Ольгинскӕмӕ. Йӕхи фыссын байдыдта Кънаттатӕй.

Цӕргӕстӕ — Хъуыргъостӕ

Дыгургомы Цӕргӕстӕ уыдысты ссивынмӕ. Сихорафон сывӕллон авдӕнбастӕй ныууагътой къуыппыл. Рацыд тӕрккъӕвда. Сывӕллоны лӕсӕн ӕд авдӕн балӕууын кодта комы. Авдӕн уым доны цады ленк кодта, сывӕллонӕн йӕ хъустӕ суазал сты ӕмӕ бакъуырма. Уыйадыл Цӕргӕсты схуыдтой Хъуыргъос (къуырма). Ӕмӕ дзы рацыд мыггаг — Хъуыргъостӕ.

Дзанӕгатӕ — Боцуатӕ

Дзанӕгатӕн лӕппу райгуырд Тырсыгомы. Сырӕзт, бахъомыл, слӕг. Ӕнахуыр стыр боцъотӕ рауагъта. Уыйадыл уыцы боцъоджыны байзӕддаджы хонын райдыдтой Боцуатӕ.

Бекъойтӕ — Самбегатӕ

Тырсыгоймаг Бекъойты Сабаны фыд Такъӕ ацыд Хъӕдгӕронмӕ йӕ каистӕм. Хъӕдуры пут йе ‘ккойы скодта ӕмӕ фӕстӕмӕ рараст Тырсыгоммӕ. Бафӕллад ӕмӕ Дзуарыхъӕумӕ хӕстӕг йӕ хъӕдуры пут йӕ нывӕрзӕн бакодта ӕмӕ афынӕй. Есиаты хъалтӕ лӕппуйы сӕ фӕсарц сӕвӕрдтой. Кӕсӕгмӕ йӕ ахастой ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой. Бекъойтӕ уыцы хабар куы базыдтой, уӕд сӕ лӕппу — Сабан Карцамӕ рацыд ӕмӕ барӕй ӕххуырсты ныллӕууыд Есиатӕм. Сабан йӕхи ӕмгар Есиаты лӕппуимӕ кӕрдзын фӕцӕйхастой хосдзаутӕн. Доны был дон ануазӕм, зӕгъгӕ, Есиайы-фырт донмӕ куыд фӕгуыбыр кодта, афтӕ йӕ Сабан амардта. Сабан ралидз-балидз кодта, фӕлӕ йӕ ӕрцахстой. Реданты цы пост уыди, уым ахстӕй бадти.

Иу ахӕмы посты хицау афицер бафынӕй, Сабан ын йӕ бӕрц сласта, хъахъхъӕнӕгмӕ йӕ равдыста, мӕнӕ дын ӕвдисӕн, куыд мӕ рауагъта, уымӕн, зӕгъгӕ. Радта йын ӕй ӕмӕ постӕй куы феддӕ, уӕд алыгъд. Уый фӕстӕ йӕ Къардоны хъазахъхъӕгтӕ ӕрцахстой. Гуырдзыстонмӕ йӕ аластой. Ахстытӕ доны был куыд куыстой, афтӕ уый аивӕй ӕд хъадаман баленк кодта доны. Хъадаманты ныссаста дурӕй-дурмӕ ӕмӕ та алыгъд. Уӕрӕсе ӕмӕ Турчы хӕст куы райдыдта, уӕд уырдӕм ацыд ӕмӕ дзы хӕрзиуджытимӕ сыздӕхт. Йӕ байзӕддӕгтӕ фыссын райдыдтой Самбегатӕй, сӕ ӕцӕг мыггаг та куыд загътам, афтӕмӕй, уыдис Бекъойтӕй.

Сохитӕ — Мхциатӕ

Стырмызураг лӕг Сохиты Мхци сӕхи хъӕуы фӕтуджджын, бирӕ ралидз-балидз фӕкодта. Фӕстагмӕ алыгъд Куырттаты коммӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцад. Хӕдзар скодта, царди. Йӕ мыггаг кӕд фыссын райдыдта йӕ номӕй: Мхциаты Мхци .

Хӕмӕтатӕ — Гуыбыратӕ

Хӕмӕтатӕй иуӕн ус куырдтой. Кӕм фидыдтой, уым лӕппу уӕлхӕдзарӕй сусӕгӕй бынмӕ хъуыста. Лӕппу, бафидыдтой, уый куы базыдта, уӕд фырцинӕй уӕлхӕдзары гуыбыр-гуыбыр фӕстӕрдӕм ацыд ӕмӕ ахауд. Йӕ астӕуыстӕг асаст, фӕгуыбыр. Ӕрхаста ус. Хуыдтой йӕ Гуыбыр, ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ байзӕддӕгты мыггаг дӕр афтӕмӕй баззад — Гуыбыратӕ.

Гогатӕ — Мӕрзатӕ

Цъӕйы хъӕугӕрон Дыгуры цуанӕттӕ арт бандзӕрстой хостыл. Гогаты Мӕрза фӕфӕдис, цуанӕттӕй иу лӕг амардта. Алыгъди, кӕмдӕр ӕрцард, йӕ мыггаг Мӕрзатӕй раивта.

Цӕллагтӕ — Кудзатӕ

Уынайлаг, Цӕллагты Саукуыдз Ксурты хъӕуккаг Кадитӕй иу лӕг амардта. Саукуыдз алыгъд Бӕтӕхъойы хъӕумӕ. Йӕ номӕй сау аппӕрста, ӕмӕ ма дзы баззад «куыдз». Стӕй ма дзы, цӕмӕй «куыдз» ма хъуыса, уый тыххӕй «ы» дӕр аппӕрста, ӕмӕ йӕ мыггаг рауад Кудзатӕ.

Цомартатӕ — Куыдзойтӕ

Хабар ӕрцыд Дыгургомы. Цомартаты куыдз бирӕгъӕй ныззад лӕппын ӕмӕ скуыдз и. Уыцы хабар ӕрцыд кӕсгон ӕлдары хъустыл. Бафӕндыд ӕй балхӕнын. Хъӕубӕсты ӕмӕ мыггаджы зӕрдӕмӕ уыцы хъуыддаг нӕ фӕцыд. Уӕддӕр хӕдзары хицау куыдзбирӕгъы ныууӕй кодта кӕсгон ӕлдарӕн. Уымӕй фӕстӕмӕ, Цомартаты уыцы хӕдзарвӕндаджы схуыдтой Куыдзойтӕ.

Боцитӕ — Бӕциатӕ

Бӕци уыд Боцитӕй. Кучитӕ йын сӕ чызджы нӕ радтой, кӕд ӕй уый уарзта, уӕддӕр. Чызджы (Кучитӕ) ӕвӕндонӕй радтой Гуытъиатӕн. Уым фӕцард афӕдз, стӕй йӕ лӕг амард ӕмӕ йӕ уӕд Боциты Бӕци ракодта ӕмӕ Тибӕй алыгъд Тырсыгоммӕ. Сӕ цот, стӕй уыдоны цот сӕ мыггаг ныффыстой сӕ фыд Бӕцийы номӕй — Бӕциатӕй.

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here