Ахӕм адӕмӕн аргъ кӕнын хъӕуы

0
347

Цӕй диссаг у, ӕвӕдза, нӕ фыдӕлты кадджын ӕгъдӕуттӕ гыццылгай рох кӕнын куыд райдыдтой ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй райсгӕ ӕгъдӕуттӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ уӕлахиз кӕнынц нӕ царды. Цы ма уыд уымӕй рӕсугъддӕр, сӕрдыгон-иу лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыдон кӕхцгӕнӕн куы кодтой!

Мадырвадӕлтӕй стыр кадӕн хъуамӕ уыдаид рӕсугъд фӕлгонцгонд хъӕдын авдӕн, уыцы авдӕны-иу хъуамӕ сывӕллоны бабастаид, фынӕй кӕнын фылдӕр чи уарзта, ахӕм сылгоймаг. Ныр нал ӕрвӕссӕм нӕ хистӕртӕ, нӕхӕдӕг кӕм схъомыл стӕм, уыцы авдӕнтыл. Цас ӕмӕ цас удӕнцойдзинад дӕдты ныййарӕгӕн авдӕн, бабӕттӕй фӕлмӕн хуыссӕнты йӕ къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ раст, йӕ астӕу нырма ӕргъиу цы сывӕллонӕн у, уымӕн ӕнӕ рисгӕ, йӕ бын хус, ӕмӕ фынӕй кӕнӕд ӕнӕмӕтӕй. Куы-иу райхъал, уӕддӕр ын-иу мад йӕ къухтӕ суӕгъд кодта ӕмӕ-иу, авдӕны хъӕдыл цы дзӕгъдзӕгъгӕнӕн хъазӕнтӕ ауыгъд уыд, уыдонӕй хъазыд, мад та йӕ куыстытӕ кодта.

Цы ма ис уымӕй удӕнцойдӕр, цы сывӕллонӕн, цы мадӕн. Ныр та ацахуыр стӕм ацы «памперстыл» ӕмӕ сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ буар рафады. Цымӕ цӕуылнӕ исӕм нӕ фыдӕлты пайдайаг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ цӕуылнӕуал пайда кӕнӕм нӕ нырыккон царды.

Хуыцаубоны базары фӕкомкоммӕ дӕн рӕсугъд зырнӕйзылд авдӕнмӕ, цӕмӕндӕр ӕм мӕхи хӕстӕгдӕр байстон ӕмӕ, хатыр ракургӕйӕ, бафарстон уӕйгӕнӕджы ацы авдӕн, зӕгъын, дӕхӕдӕг скодтай? Уый бахудт ӕмӕ загъта йӕ бинойнаг дӕр ын кӕй ӕххуыс кодта. Куыд радзырдта, афтӕмӕй у Беслӕны Надтеречнийы уынджы цӕрӕг Баситы Тасойы фырт Юрик. Ӕртӕ ӕфсымӕры ӕмӕ цыппар хойы кӕстӕр уыд. Йӕ фыд хъӕдгуыстгӕнӕг уыд, кодта мигӕнӕнтӕ, арынгтӕ, хъуылӕгтӕ, цыбыр дзырдӕй, ирон хӕдзары ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдон. Юрик-иу йӕ фыдӕн ӕххуыс кодта, афтӕмӕй фӕцахуыр ацы куыстыл. Баззад ын йӕ фыдӕй къахӕй зилгӕ зырн. Райдыдта сындӕггай йӕхи фӕлварын, арӕзта цъилтӕ, уӕрдӕттӕ, куыд фӕстӕмӕ та байдыдта авдӕнтӕ аразын. Йӕ бинойнаг Ирӕ та сын хуыйы рӕсугъд хуыссӕнгӕрзтӕ.

Гыццыл фыдӕбон нӕй уыцы куыстытыл, фӕлӕ Юрик йӕхицӕй стыр бузныг вӕййы, искӕй зӕрдӕ куы балхӕны, уӕд. Иу сылгоймаг мын радзырдта: «Нӕ сывӕллон ӕрдзӕй рынчынтӕ кӕныны фӕстӕ къахыл ӕрӕгмӕ цыд, чидӕр мын бацамыдта Юрикы. Уый ахӕм уӕрдӕттӕ кӕны, цӕмӕй саби тагъддӕр ӕнцонӕй ауайа. Скодта нын уӕрдон, ӕмӕ мӕ суари дӕр нӕ бакуымдта, ахӕм ӕххуыс мын бакодта».

Юрик ахӕм зӕрдӕлхӕнӕнтӕ бирӕ фӕкӕны. Ӕрӕджы та, Беслӕны цы ӕхсӕрдӕс рӕвдауӕндоны ис, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр балӕвар кодта фӕйнӕ гыццыл авдӕны ӕд хуыссӕнгӕрзтӕ, стӕй ма ахӕм авдӕнтӕ Баситӕ балӕвар кодтой ӕртӕ скъолайы ирон къуымтӕн. Алчидӕр ма ахъуыды кӕнӕд, цас хӕрдзты бацыдысты, ууыл. Стӕй, сӕ фыдӕбон та цас у! Бӕргӕ, Юрик ӕмӕ Ирӕйы хуызӕн ӕрхъуыдыджын адӕймӕгтӕ нӕм фылдӕр куы уаид!

Дзандараты Зариффӕ, Беслӕны цӕрӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here