Экологон диктант

0
522

15 ноябры — ӕппарӕццӕгтӕ дыккаг хатт кусыны ӕппӕтдунеон бон Уӕрӕсейы райдайдзӕн ӕппӕтуӕрӕсеон экологон диктант. Йӕ нысан у ӕхсӕнады ӕргом алфамбылай ӕрдз хъахъхъӕныны фарстытӕм раздахын. Экологон диктанты архайдзӕн милуан адӕймагӕй фылдӕр: карджын адӕм ӕмӕ сывӕллӕттӕ, не стыр бӕстӕйы ӕппӕт регионты стырдӕр корпорациты кусджытӕ. Уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц зынаргъ лӕвӕрттӕ ӕмӕ кады гӕххӕттытӕ.

Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй экологон диктант ацӕудзӕн 15-16 ноябры оффлайн форматы, стӕй онлайн форматы дӕр интернет-порталы: экодиктант.рус. Портал кусын райдайдзӕн 1 октябрӕй фӕстӕмӕ. Уым лӕвӕрд цӕудзысты бӕлвырдгонд видеоамынддзинӕдтӕ, стӕй пайдайаг ӕмӕ ӕмбарынгӕнӕн ӕрмӕджытӕ хицӕнӕй ӕмбырд кӕныны ӕмӕ ӕппарӕццӕгтӕ дыккаг хатт кусыны, доны фӕрӕзтӕ ӕмӕ уӕлдӕф хъахъхъӕныны, хъӕды фӕзуӕтты зынгсирвӕзты ӕдасдзинады, чи сихсыд, уыцы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ хъахъхъӕныны, уӕлдайдӕр, сӕрмагонд хъахъхъӕнинаг ӕрдзон зӕххыты тыххӕй.

Экологон диктант Федералон оргкомитеты уынаффӕмӕ гӕсгӕ арӕзт кӕй цӕуы, уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн адӕмы ӕхсӕн экологон культурӕйы рӕзтӕн, фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн экологон ахуырад, ӕмӕ уыдӕттӕ ахъаззаджы хъомыс уыдзысты экологон барадхӕлдтытӕн кӕрон скӕнынӕн.

Федерацийы Советы аграрон-хойраджы политикӕ ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитеты сӕрдар Алексей Майоровы хъуыдымӕ гӕсгӕ, цӕрджыты экологон рухсад, уӕлдайдӕр, рӕзгӕ фӕлтӕры абонӕн ис стыр ахадындзинад. Уымӕн ӕмӕ уый адӕмӕй домы экологон тыхстдзинӕдтыл хъуыды кӕнын, сӕ аиуварс кӕнынӕй та бирӕ аразгӕ у канд нӕ бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ма ӕппӕт планетӕйы фидӕн дӕр. АНО «ӕмбардзинад»-ы правленийы сӕрдар Наталья Соколова та фӕбӕрӕг кодта, зӕгъгӕ, экологон диктанты архайыны руаджы нӕ бӕстӕйы граждӕнтӕ арфдӕр банкъардзысты, алфамбылай ӕрдз хъахъхъӕныны хъуыддаджы сыл стыр бӕрнондзинад ӕвӕрд кӕй ис, уый.

Экологон диктант аразджытӕ сты Федерацийы Советы Аграрон-хойраджы политикӕ ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитет, АНО «ӕмбардзинад», Федералон паддзахадон бюджетон кусӕндон «Федералон сабиты эколобиологон центр» ӕмӕ Иумӕйагуӕрӕсеон ӕхсӕнадон змӕлд «Сабидуг хъахъхъӕнӕг зӕд». Проект царды уагъд цӕуы, Уӕрӕсейы Рухсады министрад, Уӕрӕсейы ӕрдзы министрад, Уӕрӕсейы Хъӕууонхӕдзарадон министрад ӕмӕ ӕндӕр кусӕндӕттӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕды экологон ахуырады тыххӕй кӕй сфидар кодтой, уыцы ӕппӕтуӕрӕсеон къӕлиндарон пъланы мадзӕлтты фӕлгӕты.

Йӕ саразыны хъуыдыйыл сразы сты ӕмӕ йӕ фарс рахӕцыдысты культурӕйы, наукӕйы ӕмӕ аивады зындгонд архайджытӕ. Уыдон сты: зарӕггӕнӕг ӕмӕ композитор Олег Газманов, УФ-йы сгуыхт нывгӕнӕг Никас Сафронов, телеравдыст «Фосы дуне»-йы амонӕг Николай Дроздов, Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕйраг кардиохирург Лео Бокерия, телеамонӕг Оксанӕ Федорова, актрисӕ Еленӕ Денисова-Радзинская, оперон зарӕггӕнӕг Владимир Маторин.

Ксения Махрова, Экологон диктанты федералон оргкомитеты пресс-секретар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here