Зæрдæрисгæ мысинæгтæ

0
376

Сæдæ азы размæ Хуссар Ирыстоны цы æвирхъау хабæрттæ æрцыд нæ сыхаг Гуырдзыстоны нацистон политикæйы фæстиуæгæн, уымæн абоны онг барадон æгъдауæй аргъгонд не ‘рцыд, кæд æй бирæ бæстæтæ зонынц, уæддæр. Афтæмæй та  дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй карз тæрхоны аккаг æмæ йæ официалон æгъдауæй «Ирон адæмы геноцид» схоныны аккаг, æгæрыстæмæй, фыдгæнджытæм  цы номæй бадзурæм, уый зæгъын дæр нын зын кæны… Хъæутæ  цъыбыртты сыгъд бакодтой, адæмы стырæй-чысылæй  æнæвгъау фæцагътой, сæ фос сын атæлæт кодтой.

Цагъды уæлдæйттæ ма удаистæй сæхи аппæрстой Цæгат Ирыстонмæ æмæ уыдонæн дæр  се ‘мбисы бæрц   зындзæуæн хæххон бынæтты бабын сты… Æмæ сын чи фæнымайдзæн сæ тæригъæдтæ?! Беджызаты Чермен,  Хъуылаты Сикъо æмæ æндæрты фыстытæм лæг куы  æркæсы, уæд зæрдæ скъуынын байдайы…

Мæнмæ иу хабар диссаг кæсы: Жорданияйы тугдзау абырджытæ  куыд нæ бахъыгдардтой Чысангом æмæ Лехурагомы цæрджыты, æви уыдон Къуыдаргом æмæ Дзаугомы цæрджытæй къаддæр тох кодтой  гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ? Æмбисондæн хæссинагæй куы  баззад легендарон адæмон хъайтар, кады зарæг кæуыл  скодтой, уыцы Дриаты Антъоны æмæ йæ къорды тох, нырма æндæрты ныхмæ, стæй та меньшевикты ныхмæ. Науæд Хуыбиаты Уасо æмæ йæ нæртон æфсин Хацырты Уæлгъа. Сæ диссаджы сгуыхтдзинæдтыл сын Хацырты Сергей трилоги дæр ма ныффыста æмæ йæ  уырыссаг æвзагыл дæр рауагъта. Къаддæр хъæбатырæй йæхи нæ  равдыста ме ‘рвад Хъодалаты Уасил, Коцойты Арсены радзырд «Æнхъæл нæ уыдысты»-йы гуырдзиаг æлдары чи  агæрах кодта Цъхъиурайы рагъыл, уый. Се ‘ппæты нæ нымайдзынæн, уыдон литературæйы дæр æмæ историйы  дæр мæгуырау æвдыст не сты.

Фæлæ, ноджы ма йæ зæгъын,  æвыдæй куыд ныууагътой Лехурагомы цæрджыты? Чысангомы  цæрджытæн ма  сæ фылдæр хай гуырдзиæгтæ уыдысты  æмæ сæм уымæ гæсгæ нæ февнæлдтой, фæлæ Лехурагомы иунæг гуырдзиаг дæр нæ цард, афтæмæй сæ уæддæр «нæ бахъыгдардтой». Æви дын дæ рахиз цонг исчи куы ралыг кæна,  уæд уымæй галиу цонг не схъæрздзæн? Гуырдзиаг абырджыты фыдракæндæй мæнæн мæхи хъæуы  цæрджытæ мæгуырау нæ фæхайджын сты. Цы  хуызы? Уый уын ныртæккæ радзурдзынæн.

Уæллаг Захъоры ис дыууæ мæсыджы. Иу дзы хонынц «Къабаурийы мæсыг», иннæйы та — «Мæсыг». Къабаурийы  мæсыг ис хурыскæсæны ‘рдыгæй хъæдгæрон, фæз бынаты. Хъæумæ  иу  километры дæрддзæгæн. Цы архитектурон хуызмæ гæсгæ арæзт у иу дынджыр къæдзæхыл, уый мæ бон зæгъын нæу. Уыйхыгъд, «Мæсыг» у ирон типыл амад. Цыппæрдигъон, куыдуæлæмæ — нарæгдæр, конусы хуызæн. «Мæсыг» лæууы хъæумæ иу-фондзсæдæ метры дæрддзæгæн къуыппыл, йæ алыварс — хъæддаг дыргъбæлæстæ, пыхсджын хъæдтæ, сындзытæ. Цæгатæрдыгæй йæ фæрсты цыдис фæндаг Цъолды хъæуы ‘рдæм. Раст уыцы фæндагыл ссыдысты,  Чысангомæй Хуссар Ирыстонмæ хæцынмæ чи рацыд, Жорданияйы уыцы абырджыты иу егъау бардз. Мæсыджы уæллаг  фарсмæ куы схæццæ  сты, уæд уым  æрурæдтой сæ уаргъджын ифтыгъд бæхты æмæ нæугæрдæг фæзы æрривæд кодтой. Бæхты ауагътой нартхоры хуымы æмæ æнæхъæн  гектарыл фæхызтысты дыууæ сахаты бæрц. Хæргæ цы бакодтой, иннæ та сæ къæхты бын ныссæстой.

Тæвдтуг æмæ æхсарджын уыдысты фыдæлтæй фæстæмæ Уæллаг Захъоры фæсивæд. Æмæ куы федтой, сæ  нартхоры  хуымтæ сын кæйдæр цъаммар «бурнымæтджынты» (афтæ сæ хуыдтой) бæхтæ сафынц, уæд се ‘хсæнæй чидæр хъæуы сæрæй сыгъдæг гуырдзиагау ныхъхъæр кодта: «Цы  аразут, æдзæсгæмттæ, цы? Худинаг уæм ницы кæсы?»

Ацы карз уайдзæфы хъæрæн дзуапп радтой цалдæр топпы гæрахæй. Канд æхсæнгарзæй нæ  уыдысты ифтонг, фæлæ ма семæ бæхуæрдоныл бастæй ластой сармадзан дæр… Иу сахаты бæрц  рацыдаид, афтæ сæ бæхты æрцахстой æмæ та фыдракæндон балцы фæндагыл  слæууыдысты. Уалынмæ мæсыгæн  Цæгатварсы ‘рдыгæй ахæм гуыпп фæцыдис,  æмæ, канд фæсмæсыджы ком  нæ ныннæрыдис, фæлæ ма сыхаг хъæутæ  дæр сызнæт сты… Тугдзау бæхджынты бардз къахвæндагыл уæлæмæ схæрд  кодтой хъæдгæроны ‘рдæм. Мæсыджы сæрмæ та пиллонæй сыстад рыгхæццæ  фæздæг æмæ исдугмæ нал  аггуырст йæ бынатæй. Афтæ  йæ æрдты пырх ныккалдта бардз Захъорæн сæрыстырдзинад, фидардзинад, æнусондзинад чи уыдис фыдæлтæй  фæстæмæ, уыцы рæсугъдамад мæсыгыл æмæ  йæ фарс уæрдоны цалхæй егъаудæр сæртхуынкъæй баззадис… Æз-иу   æвзонг лæппуйæ  ме ‘мбæлттимæ арæх  сбырыдтæн уыцы мæсыджы хуылфмæ æмæ-иу  уыцы хуынкъæй æддæмæ кастыстæм,  куы та-иу дзы йæ мидæг цы  егъау бæлас æрзадис, ууыл схызтыстæм æмæ-иу цымыдисæй нæ цæст хастам фидары къуымты.

Бонтæ цыдысты, куыд стырдæр кодтон,  афтæ мæ цымыдис рæзти: мæсыг йæ цъуппытæй хæлы, æмæ ам та йæ  фарс у хæлд… Уый гæнæн куыд ис, æмæ  уырдыгæй дуртæ рахауа…

Гъе, æмæ боныфæстагмæ ацы  цымыдисаг фарстæн 60 азы размæ райстон биноныг дзуапп. Цæвиттон, нæхи  хъæуккаг куырыхон зæронд лæг  Сотаты Чаисмел радзырдта ацы  фыдгæнды хабар, фæлæ мæм стыр диссаг кæсы, абоны онг æй  куыд никуы ныффыстон, кæд  æмæ  мæ этнографион очерк «Лехурагом»-ы,  канд Уæллаг Захъхъоры нæ, фæлæ æгас Лехурагомы,  алкæуыл æмæ алцæуыл дæр ныффыстон, уæд?

Хъодалаты Герсан

15.08.2020

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here