Ӕппӕтуӕрӕсеон зиу

0
278

Куыд ӕппӕт уӕрӕсейаг регионты, афтӕ Цӕгат Ирыстоны дӕр ивгъуыд сабаты ӕххӕстгонд цыдысты ӕппӕтуӕрӕсеон экологон зиу «Цъӕх Уӕрӕсе»-йы мадзӕлттӕ.

Уыцы бон нӕ республикӕйы амынд акцийы архайджытӕ систы 100 адӕймагӕй фылдӕр. Уыдон алыхуызон бырӕттӕй асыгъдӕг кодтой Уӕлахизы парк ӕмӕ Терчы былгӕрӕттӕ.

«Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады специалисттӕ, хъӕдгӕстӕ, хӕххон-металлургон техникумы ахуырдзаутӕ, Скъоладзауты ӕппӕтуӕрӕсеон змӕлды, ӕрдз хъахъхъӕныны ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнад ӕмӕ фӕсивӕдон иугонд «Ирыстоны фӕскомцӕдисы»-ы уӕнгтӕ иумӕйаг хъарутӕй зӕрдиагӕй бакуыстой ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынӕтты сыгъдӕгдзинадыл — боны дӕргъы ӕрӕмбырд кодтой алыхуызон бырӕтты 100 голлагӕй фылдӕр», — радзырдта ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрады минӕвар.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here