Кӕдӕм у нӕ фӕндаг?!

0
377

Хӕдзарыл арт куы сирвӕза, уӕд ӕй бинонтӕ ӕмхуызонӕй хъуамӕ ахуыссын кӕной. Иутӕ йыл дон куы калой, иннӕтӕ — хус ӕндзарӕнтӕ, уӕд тагъддӕр басудздзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау дӕр ахъуыды кӕндзӕн, иудзинады фарн кӕм нӕй, ахӕм хӕдзар судзинаг кӕй у, ууыл ӕмӕ цъыбыртты сыгъд бауыдзӕн, ӕртхутӕг фестдзӕн…

Арт та сирвӕзт нӕ хӕдзарыл, иууыл иумӕ кӕм цӕрӕм, уыцы хӕдзарыл — Ирыстоныл… Ӕбуалгъы мардӕй амардтой Ирыстоны кӕстӕры, кӕйдӕр арвы Уациллайы хуызӕн хъӕбулы, кӕйдӕр уарзон ӕмкъайы, кӕйдӕр ныфсы ӕфсымӕры ӕмӕ ӕртӕ ӕнахъом хъӕбулы фыд Джабиты Иналы… Армыдзаг нацийӕн иу адӕймаджы мӕлӕт дӕр стыр трагеди у. Уӕлдайдӕр та… Лӕг ма йӕхи низӕй куы амӕла, уӕд дӕ цы бон ис — Хуыцау царддӕттӕг дӕр йӕхӕдӕг у ӕмӕ цардисӕг дӕр… Адӕймаг донласт кӕнӕ зӕйласт фӕуа, машинӕйы бын бахауа, искуы йӕ абырджытӕ амарой ӕви йыл ӕндӕр исты фыдбылыз ӕрцӕуа, уӕд дӕр афтӕ: ныхыфыстӕй ничима аирвӕзт… Фӕлӕ ахӕм цардбӕллон ирон лӕппу ирон лӕджы надӕй амӕла, уӕлдайдӕр та, искӕй нӕмыны бар кӕй нӕй, уыцы закъон чи хъуамӕ ӕххӕст кӕна, ахӕмты — барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджыты къухӕй, фыднадӕй ӕмӕ хъизӕмарӕй, уый бынтон ӕбуалгъ ӕмӕ тугтӕригъӕд трагеди у…
Дзырд дӕр ыл нӕй, чидӕриддӕр ахӕм ӕбуалгъы хъуыддаг сарӕзта, кӕйдӕриддӕр хъуыдыйы сӕвзӕрд ахӕм цыдӕр саразын, кӕйдӕриддӕр ӕвзаг фӕтасыд йӕ зӕгъынмӕ, кӕйдӕриддӕр къух фӕтасыд йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ, уыдон хъуамӕ иууылдӕр карз ӕфхӕрд баййафой! Закъоны раз дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр!..
Фӕлӕ ацы ӕнамонд хабар цы диссӕгтӕ расайдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, ӕнӕзӕгъгӕ нӕй: искӕй цӕрынхъуаг хъӕбулы мардӕй политикон нысантӕн пайда кӕныны бар дӕр никӕмӕн ис!
Йӕ къух ӕм чи систа, уыдонӕй уӕлдай ма ноджы исчи азымджын у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй алчидӕр! Уымӕн ӕмӕ ахӕм цыдӕртӕ цы ӕхсӕнады цӕуа, уыцы ӕхсӕнады дзӕбӕх кӕнын хъӕуы. Ӕрмӕст иумӕ, ӕмудӕй, ӕмдыхӕй. Судзгӕ хӕдзар бинонтӕн иумӕ ахуыссын кӕнгӕйӕ куыд у, афтӕ.
Алцӕмӕн дӕр ис фӕтк, алцыдӕр аразгӕ у закъон ӕмӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ… Уӕлдайдӕр та, цы ӕнамонддзинад ныл ӕрцыд, уый фӕдыл куыдфӕстагмӕ куы ‘взӕра ноджы карздӕр, ноджы зынӕмбарӕндӕр фарстытӕ… Кӕй ӕрцыд, уый трагеди у, фӕлӕ цӕмӕн ӕмӕ цы рӕстӕджы ӕрцыд, уый та цы схонӕм, цавӕр аргъ ын скӕнӕм?.. Уайтагъд фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ чи ныццагъта, адӕммӕ уынгтӕм рацӕуынмӕ чи сидт, уыдоны уыцы мӕгуыр лӕппу ӕмӕ Ирыстоны хӕрзӕбоны мӕт уыд?.. Куыд?.. Кӕд ӕмӕ авдӕны сывӕллӕттӕ дӕр ӕмбарынц, ныры дуджы митингтӕ кӕнын, ӕнӕзакъондзинады тыххӕй фыддӕр ӕнӕзакъондзинад домын цахӕм фыдбылызтӕ ӕмӕ ӕнамонддзинӕдтӕм ӕркӕны, уый…
Ахъуыды ма кӕнут, хорз адӕм, алцӕуыл дӕр ма лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут: сымахмӕ уынгтӕм рацӕуын ӕмӕ Президенты йӕ бынатӕй раппарынмӕ чи сидт, уыдон уыцы тӕригъӕддаг хъӕбулы мӕлӕтыл куы рыстаиккой, уӕд сӕ кӕрӕдзи ‘хсӕн стыр бынӕттӕ дих кӕныны тыххӕй интернеты «опростӕ» уадзын ӕндӕвтаид?!. Мард нырма уӕлӕуыл уыд, йӕ бинонтӕ йыл сӕ рустӕ тыдтой, сӕхи судзгӕ цӕссыджы ӕхсадтой, афтӕмӕй!.. Ахъуыды кӕнут!..
Президент дзуапп дӕтты алкӕй ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр, фӕлӕ нӕдӕр хӕсджын у, нӕдӕр ын уыйбӕрц рӕстӕг ис, цӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ахӕстоны кӕнӕ рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы бада ӕмӕ нӕмын макӕй бауадза. Цы ӕрцыд, уый тыххӕй комкоммӕ бӕрндзинад чи хӕссы, уыдоны ссӕрибар кодта сӕ бынӕттӕй, цӕуы фӕдагуырд. Раздӕр ӕй кӕй хъуыд афтӕ бакӕнын, уымӕн дӕр уыд бындур… Йӕ алыварс чи ис, уыдон иууылдӕр йӕ иузӕрдион ӕххуысгӕнджытӕ кӕй не сты, алчидӕр ын сӕ йӕ имидж фӕбӕрзонддӕр кӕныныл кӕй нӕ архайы, уый дӕр дызӕрдыггаг никӕмӕн у.
Фӕлӕ… Закъоны сӕрыл тох кӕныны ӕфсон цӕмӕн цырын кӕнынц ноджы фыддӕр ӕнӕзакъондзинад! Президент, хицауады отставкӕйы кӕй арвыста, уый сын фаг нӕу, йӕхӕдӕг дӕр, дам, ацӕуӕд отставкӕйы! Куыд? ӕмӕ стӕй цы уыдзӕн ӕмӕ куыд уыдзӕн, цы кодтат, цы уыл ӕрцыд, хорз адӕм?!. Иу хатт афтӕ, иннӕ хатт — афтӕ!.. Иу нын нӕ бӕззы, иннӕ нын нӕ бӕззы… Стӕй та нын, фӕкӕс ӕмӕ, чи нӕ фӕбӕззы, уыдон фӕстӕмӕ национ лидертӕй агӕпп ласынц… Ирыстоны хӕрзӕбоныл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ — кӕйдӕр цӕстмӕ, кӕйдӕр фыдӕнӕн… ӕмӕ афтӕ цӕрӕм, ахӕм фӕндагыл цӕуӕм, уыцы фӕндаг нӕ кӕдӕм ӕркӕндзӕн, ууыл нӕ хъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй.
Ныртӕккӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент отставкӕйы ацӕуа — уыцы бынаты Бибылты Анатоли уа ӕви ӕндӕр исчи, уӕддӕр!.. Нӕй уый гӕнӕн, ницӕй тыххӕй, ницы хуызы!!!
Науӕд… Адӕм ӕй уый тыххӕй равзӕрстой, цӕмӕй йӕ бынатӕй ӕмгъуыдӕй раздӕр ацӕуа? Бибылты Анатолимӕ фӕзӕй чи хъӕр кодта, куыстӕй ацу, зӕгъгӕ, уыдон адӕмы бафарстой, ацӕуа ӕви ма ацӕуа, уымӕй?.. Адӕм ыл фӕзы схъӕлӕс кодтой, цӕмӕй президент суа, уый тыххӕй? Уыцы изӕр, президенты куыстӕй чи ‘рвыста, уыдон дӕр мах адӕм сты, нӕ туг, не стӕг сты, фӕлӕ, цӕмӕй Бибылты Анатоли президент суа, уый тыххӕй, фӕзы цал адӕймаджы уыдис, уымӕй фылдӕр адӕм схъӕлӕс кодта!.. Уыцы адӕм бафӕрсыны аккаг не сты? Чи зоны, иууылдӕр йӕ ныхмӕ сты, фӕлӕ йӕ исчи закъонмӕ гӕсгӕ сбӕлвырд кодта, ӕвзӕрстытӕ кӕнӕ референдум ауагъта?.. Иуӕй, закъондзинад домӕм, иннӕмӕй йӕ халгӕ кӕнӕм. Чи йӕ фӕзы хъӕр кӕнгӕйӕ халы, чи — дардӕй, иу сидт иннӕ сидты фӕдыл къӕрцц кӕнгӕйӕ!..
Президент хицауады сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕнын Бекъойты Геннадийӕн кӕй бахӕс кодта, уый бынтон сызнӕт кодта адӕмы: нырма ӕрыгон у, фӕлтӕрддзинад ӕм нӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр… Рӕстӕгмӕ у, гукк! Бынтон дзы куы ничи уа, уӕд хуыздӕр уыдзӕн?.. Оу, мӕнӕ диссӕгтӕ, царциаты диссӕгтӕ!..
Ӕмӕ нӕ диссӕгтӕ уӕлдай цымыдисаг уымӕй сты, президенты ныхмӕ компани ацы ӕнамонд хабарӕй къуыри раздӕр кӕй райдыдта, къуыри раздӕр ын кӕй райдыдтой адӕмы йӕ ныхмӕ ардауын. Фӕлӕ уыцы адӕмӕн иу ныхас дӕр ничи скодта, хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Зӕгъӕм, йӕ кӕрон цы театры бӕсстыхайы арӕзтадӕн нал зынд, уый сцӕттӕ. Хъайтарты уынджы арӕзт фесты цӕрӕн корпустӕ. Цалдӕр мӕймӕ кӕлӕддзаг уазӕгуат «Ирыстон»-ы бынаты цӕхӕртӕ скалдта ног уазӕгуат. «Царзы районы» хӕрзцыбыр ӕмгъуыдмӕ арӕзт ӕрцыд, ныронг нӕм чи нӕма уыд, ахӕм рӕсугъд, сыгъдӕг агуыридурӕй амад дыууӕ дӕргъӕй-дӕргъмӕ бирӕуӕладзыгон цӕрӕн корпусы, ӕмӕ бавнӕлдтой ӕндӕртӕ аразынмӕ дӕр. Сырӕзт цалдӕр сывӕллӕтты цӕхӕрадоны, республикӕйы Хъалонты комитеты ног агъуыст. Кӕдӕй-уӕдӕй бантыст Уанаты дон горӕтмӕ рауадзын. Горӕты ноджы цалдӕр уынджы ӕрцыдысты хӕрзарӕзт, митингтӕм цырыхъхъытӕ ӕмӕ къалосты цӕуын нал хъӕуы. Бирӕфатерон корпустӕ сырӕзт Дзауы, Знауыры ӕмӕ дзы ноджыдӕр арӕзт цӕуы.
8 августӕй фӕстӕмӕ ӕртхутӕгӕй цы хӕдзӕрттӕ дзынӕзтой, уыдонӕй цалцӕггонд цал ӕрцыд, цал ӕвӕрӕз бинонтӕн, цал уӕззау рынчынӕн баххуыс кодта, цал сывӕллонӕн, цал спортсменӕн, цал аивады кусӕгӕн байгом кодта уӕрӕх дуӕрттӕ!.. Ӕмӕ уыдӕтты кой ничи кӕны… Уый хыгъд… Аунеуы цавӕрдӕр инвестор ӕхсӕры талатӕ ныссагъта ӕмӕ бахус сты!.. Уый хорз нӕу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлӕ уыцы талатыл чи «тыхсы», уыдон абонӕй стырдӕр ӕмӕ бӕрнондӕр бынӕтты куы бадтысты, уӕд сыбыртт дӕр цӕуылнӕ скодтой, дӕсгай, ссӕдзгай милуанты аргъ фӕткъуыйы, сӕнӕфсиры, ӕхсӕры талатӕ куы «бахус» сты, уӕд?.. Цы фесты, дӕсгай, ссӕдзгай, сӕдӕгай милуантӕ, цы хъалмыхъхъаг мыггаг хъомыл, фыстыл, мыдыбындзытыл ӕмӕ алыхуызон хӕрӕджы дымджытыл «бахардз» сты, уыдон?..
Диссӕгтӕ хъуысы ацы бонты, диссӕгтӕ. Ныронг, дам, Хуссар Ирыстоны ӕнӕзакъон хъуыддӕгтӕн бынат никуы уыд… Уанцон нӕу! Присы адӕмы сывӕллӕтты сухты цагъд нӕ ныккодтой? Ирыстоны хъахъхъӕнджытӕн сӕ фылдӕр кӕй къухӕй мард ӕрцыдысты? Къуайсайы фӕндагыл кӕйдӕр суинаг лӕппуты фыдмард нӕ акодтой ӕмӕ сӕ арф коммӕ, халӕттӕн холыйӕн нӕ аппӕрстой? Парламентмӕ хотыхджын пъагонджынтӕ никуы балӕбурдтой? Закъоны ӕппӕт нормӕтӕм гӕсгӕ, президент чи сси, ахӕммӕ йӕ къух никуы ничи систа? Адӕмы ӕвзӕрст депутаты фӕндаджы хъӕбӕрыл никуы фӕхостой?.. Ахӕстоны дӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр цытӕ цыдис, уыдӕттӕ нал хъуыды кӕнут, хорз адӕм? Уӕ хъуыдыкӕнынад бынтон сцыбыр?.. Уӕд кӕм уыдысты, абон митингтӕм чи сиды, уыдон, бӕрзонд бынӕтты куы бадтысты, адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнын кӕмӕ хауд, уыдон?!.
Куыд ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Бибылты Анатоли президенты къӕлӕтджыныл йӕхи «супер клейӕ» баныхӕста, кӕд ӕмӕ дзы ӕртӕ азы йеддӕмӕ нӕма бады, уӕд? Цыма дӕс азы фӕбадт уыцы къӕлӕтджыны, фӕлӕ йӕм дӕс азы фаг нӕ фӕкастысты ӕмӕ парламентмӕ хотыхджын ӕфсад барвыста, цӕмӕй ма дзы иу ӕмгъуыд уӕддӕр фӕбада, уый тыххӕй!.. Уанцон нӕу, гормӕттӕ — карк дон куы баназы, уӕд ма уый дӕр Хуыцаумӕ куы скӕсы!..
Ӕмбарӕм алкӕй зӕрдӕрыст дӕр. Ацы ӕхгӕддуары дудгӕбонӕй ӕвзаргӕ хъизӕмар алкӕй дӕр мары. Зын у, уӕззау рынчынтӕ цы хӕдзӕртты ис, ӕрмӕстдӕр Цӕгат Ирыстоны исгӕ пенсийӕ чи цӕры ӕмӕ уыдон дӕр, уалдзӕгӕй фӕстӕмӕ чи нӕ райста, уыцы бинонты судзгӕ ӕлгъыстытӕ ӕмӕ зӕрдӕхалӕн кӕуынмӕ хъусын…
Зын у… Фӕлӕ ӕнӕрастдзинады дудгӕбон ӕмӕ мастӕй рӕдыд фӕндагыл ацӕуын ноджы тӕссагдӕр у, ахӕм фӕндаджы кӕрон нӕ ӕрмӕстдӕр сӕрсӕфӕнмӕ ӕркӕндзӕн…
ГӔБӔРАТЫ Юри

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here