Стигъыны цаутӕ Кавказы

0
330

Гӕдиаты Цомахъ

Газеткӕсджыты размӕ цы уац хӕссӕм, уый ӕфснайд уыдис Советон Цӕдисы Центрон паддзахадон историон архивы. Гӕдиаты Цомахъ ӕй мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта, фӕлӕ уагъд не ‘рцыд. Ӕрмӕг ссардта ӕмӕ йӕ ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Хозиты Барис. Критикон уац мыхуыр кӕнӕм, авторӕн йӕхи ныхасыздӕхт ӕмӕ растфыссынад бахъахъхъӕнгӕйӕ.

Фӕстаг рӕстӕджы газетты арӕх бакӕсӕн вӕййы, Кавказы хохӕгты ‘хсӕн цы стигъыны цаутӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хъыгаг дӕнцӕг у, ӕмӕ йӕм хъус ӕнӕрдаргӕ нӕй. Ахӕм фӕзынд цӕмӕй бамбарӕн ис, цы сты йӕ аххосӕгтӕ, Кавказы бынӕттон цӕрджыты ‘хсӕн афтӕ кӕй рапарахат, уымӕн. Мах фӕнды кӕсджыты ‘ргом уыцы фарстытӕм раздахын, уыцы фӕзындӕн йӕ аххосӕгтӕ цы сты, уый нӕхӕдӕг куыд ӕмбарӕм, уыцы хъуыдыйыл хӕст уӕвгӕйӕ.

Цӕмӕй нӕ хъуыды уӕндондӕрӕй зӕгъӕм, хи фиппаинӕгтӕ ӕмӕ хъуыдыты суйтӕ нӕ кӕнгӕйӕ, уый тыххӕй райсӕм ӕрмӕст иу наци — ирон адӕмы, ацы рӕнхъытӕ фыссӕгӕн уӕлдай зындгонддӕр чи у, ӕмӕ ӕркӕсӕм, нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы адӕмы ‘хсӕн стигъыны цауты аххосӕгтӕ цы сты, уымӕ. Цӕгат Кавказы иннӕ хохӕгты ‘хсӕн ацы размӕдзыд адӕм стигъыны фыдракӕндты фылдӕрӕй-фылдӕр архайын кӕй райдыдтой, уый зын бамбарӕн у, уымӕн ӕмӕ фӕстаг рӕстӕджы мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы, цӕмӕй ирӕттӕ уырыссаг культурон цардмӕ феввахсдӕр уой.

Официалон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Ирыстон скъолатӕй цух нӕу: алы чысыл хъӕуы дӕр ис канд нӕлгоймӕгты нӕ, фӕлӕ сылгоймӕгты дины скъолатӕ. Иуӕй-иу быдыры хъӕуты ирон ахуыргӕнджыты нымӕц хӕццӕ кӕны 14-15 адӕймагмӕ. Ахуыргӕнджытӕ фылдӕр сты, ахуыргӕнӕджы ном хӕссыны бар кӕмӕн ис, уыдон сӕ фылдӕр бынӕттон (кӕддӕр ирон) миссионерон семинарийы хъомылгӕнинӕгтӕ. Уӕдӕ чырыстон аргъуантӕ хъуаг дӕр не стӕм.

Ирон сауджынтӕ къазнайы ‘рдыгӕй цух не ‘ййафынц. Адӕмы ‘хсӕнӕй чи рацыд, уыцы архайджытӕй Ирыстон цух нӕу. Адӕмы фӕллойгӕнджытӕн ма баззад удварны мыггӕгтӕ тауын ӕмӕ сӕ куысты хӕлар дыргътӕ уынын. Ӕцӕгӕй та, адӕмы разамонджытӕ уыдон нӕ уынынц. Цӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, цӕвиттонтӕ ууыл дзурӕг не сты. Стигъыны цаутӕ ирон адӕмы ‘хсӕн фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уый дзурӕг у, ирӕттӕ сӕ хъаматӕ кӕрддзӕмты тагъд кӕй нӕ нытътъысдзысты, ууыл. Ӕмӕ кӕд дины кусджытӕй фӕстӕмӕ бынӕттон администраци дӕр архайы фыддзинад ма ‘руадзыныл, уӕддӕр фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ кӕны. Ӕмӕ кӕд раздӕр ирон хӕцӕнгарз фылдӕр фидыцы тыххӕй хаста, ӕмӕ йын ӕй хӕссыны бар дӕр нал ис, уӕддӕр ӕй уӕндонӕй сисы йӕхи ӕфсымӕр-иронмӕ, йӕ разы ницы аххосджын вӕййы, афтӕмӕй. Уый ирон зӕрӕдтӕм дӕр ӕнахуыр хъӕддаг ми кӕсы, не ‘мбарынц, сӕ кӕстӕртӕ цӕуыл хӕст сты, уый.

Мыхуыры мах ӕмбӕлдыстӕм, бынӕттон цӕрджыты ‘хсӕн, стигъыны цаутӕ кӕй фӕфылдӕр сты, ахӕм бӕрӕггӕнӕнтыл, фӕлӕ уыдонӕн сӕ аххосаг цы у, уый тыххӕй ницыма райхъуыст. Иуӕй-иутӕ «арф аххосӕгтӕм» амонгӕйӕ, уыдонӕн сӕ равзӕрды тыххӕй ницы дзурынц. Мах хъуыдымӕ гӕсгӕ, стигъыны цаутӕ къаддӕр нӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ цы мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы, уыдон фаг не сты Ирыстоны.

Махмӕ гӕсгӕ, абоны уавӕрмӕ кӕсгӕйӕ, ирон йӕ зӕххы куыст ныууадзы ӕмӕ ӕвӕлмон пайдайыл ныххӕцы. Цӕуыл цӕуы ныхас. Фыццаджыдӕр, гуырысхойаг у, ирон скъолатӕ адӕммӕ рухс кӕй хӕссынц, уый. Ирон скъолаты уырыссаг ӕвзагыл кӕй ахуыр кӕнынц, мадӕлон ӕвзаг та скъолатӕй бынтондӕр тард кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ адӕмон ахуырады хъуыддаг та кӕны ӕрмӕст уымӕ, ӕмӕ ахуырдзаутӕ базондзысты уырыссагау кӕсын ӕмӕ фыссын. Сӕ фылдӕр рӕстӕг хардз кӕнынц уырыссаг ӕмӕ славянаг ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕныныл, ницавӕр ӕвӕрццӕг зонындзинӕдтӕ райсынц сӕ дунеӕмбарынад уӕрӕхдӕр кӕныны хъуыддаджы. Скъола каст куы фӕвӕййынц, уӕд уырыссаг ӕвзагӕй цы ӕнӕбары зонындзинӕдтӕ райсынц, уыдон дӕр сын ныппапылой вӕййынц, уымӕн ӕмӕ скъолайы ӕдде ахуырдзау чингуытӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕны. Афтӕ рауайы, ӕмӕ ахуырдзаутӕн сӕ удӕгас хъуыды марынц, ӕппындӕр кӕй не ‘мбарынц, уыцы славянаг ӕвзагыл зӕрдӕвӕрдӕй куывдтытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕмбисӕндтӕ ахуыр кӕнгӕйӕ. Афтӕмӕй сывӕллонмӕ хъуыды кӕнын дӕр нӕма фӕзоны, фӕлӕ сӕ хъуамӕ алы ахуырдзау дӕр сахуыр кӕна, уымӕн ӕмӕ программӕ афтӕ домы.

Ирон лӕппу скъолайӕ куы рацӕуы, уӕд ын свӕййы ӕлгъаг ӕмӕ йын цавӕрфӕнды уырыссаг чиныг дӕр цӕрӕнбонты — сусӕггаг, ӕнӕуынон.

Махӕн зындгонд куыд у, афтӕмӕй, тӕккӕ ӕвӕрццагдӕр миниуджытимӕ адӕймӕгтӕ рацыдысты ахӕм ӕрдӕгахуыртӕй, йӕ уды фарн маргхъӕстӕ кӕмӕн фӕци, ахӕмтӕй. Уыдон сты бынӕттон цӕрӕг адӕмӕн хъӕдгомы хуызӕн, уырыссӕгтыл нӕ баныхӕсгӕйӕ, нал вӕййынц сӕхи нацийӕ дӕр. Скъолайы сын сӕ сӕры тъыстой, се ‘мтуг адӕмы ӕппӕт традицитӕ дӕр кӕй ницы сты, ирӕтты ӕппӕт цард та кӕй у адӕмы ӕрхъуыдыгонд муртаттаг хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын. Зын нӕ уыдис, ирон нацимӕ уаздӕр цы ис, уый ӕвзонг фӕсивӕды цӕсты ныддӕлдзиныг кӕнын. Уый та скъолайӕ хионмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕс, зӕгъгӕ, ӕндӕр хорзӕй ницы рахаста. Ирыстоны нырыккон аргъуаны тӕвагмӕ гӕсгӕ, цы ног фӕлтӕр схъомыл, уырдыгӕй рацыд, ныртӕккӕ адӕм тасы кӕмӕй бацыдысты, уыцы абырджыты фылдӕр хай.

Ирӕттӕ кад кӕмӕн кӕнынц, суанг уыцы рагон чырыстон кувӕндӕттӕ дӕр уыцы рухсад тауджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнинӕгтӕн дӕр систы муртаттаг. Цы ма хъуамӕ баурома цырен, уды хъӕдӕй тыхджын бынӕттон цӕрӕджы, йӕ Хуыцауӕй дӕр, йӕ национ традицитӕ ӕмӕ рухсадӕй дӕр чи фӕиппӕрд. Чырыстийы ахуырад парахатгӕнджытӕ бынӕттон цӕрджыты ‘хсӕн чырыстон дин фидар кӕныны бӕсты йӕ фалгӕрон кӕнынц, бынӕттон цӕрӕджы динон ӕмбарынад муртаттаг рӕдыдыл нымайгӕйӕ. Ирӕттӕн радтой славянаг хуыцаумӕкувынад, уым та бынӕттон цӕрджытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы ӕмбарынц ӕмӕ нӕ цӕуынц ног аргъуантӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хуымӕтӕг адӕмӕн ӕнӕ дин йӕ бон цӕрын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ мах уынӕм, Ирыстоны регегатты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уый. Ацы ран пысылмон дингӕнджытӕ бынӕттон адӕмы уды домӕнтӕ хуыздӕр бамбӕрстой ӕмӕ сӕ фӕдонты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны.

Мах комкоммӕ фидарӕй зӕгъӕм, Ирыстоны рухсадон мадзӕлттӕ кӕй хонынц, уыдон марынц, бынӕттон цӕрджытӕн уарзондӕр цы у, уый. Уыдон та уымӕй хицӕн кӕнынц, фӕлӕ бӕласӕй хус сыфтӕртӕ тонгӕйӕ, фынӕй ӕрдзӕн райхъалгӕнӕн нӕй.

Хуыцауы быдыр хъахъхъӕнынмӕ ӕрвыстытӕ адӕмы ‘хсӕн мӕгъӕлдаимӕ тонын байдыдтой сыгъдӕг мӕнӕу дӕр. Фыдӕлты фарн чи фесӕфта, уыцы мӕнгахуырад райста ног ирон фӕлтӕр, тарст цъиуау, алырдӕм йӕхи ӕппары, цы йӕ хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн, уый нӕ зонгӕйӕ. Уыдӕттӕм ма материалон мӕгуырдзинад куы бафтауӕм, уӕд сӕ рауайдзӕн, бынӕттон цӕрӕгӕй ӕрмӕст абырӕг чи аразы, ахӕм царды уавӕртӕ. Ныр ма уды хъӕдӕй тыхджын у ирон наци, йӕ бон бирӕ у, фӕлӕ тӕссаг дӕр уымӕй у, ӕмӕ рӕдыд фӕндагыл куы ацӕуа. Куыд уынӕм, афтӕмӕй та йын ам уыдзӕн ӕмӕ ис ӕнтыст. Гъе уымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст йӕ адӕмы уды домӕнтӕ чи бамбара ӕмӕ йын ӕнӕниз уды хойраг чи радта, уыдоны фарнӕй зӕрдӕ дарӕн ис, тагъд рӕстӕджы ирӕттӕ сыгъдӕг уды фӕллойӕ цӕрын кӕй райдайдзысты, ӕвӕлмон пайдатӕ кӕй нал кӕндзысты ӕмӕ уӕзданы ном кӕй нал худинаг кӕндзысты, ууыл.

Афтӕмӕй, ӕцӕгдӕр, Кавказы стигъыны цаутӕ парахат кӕныны аххосӕгтӕ «ауагътой арф уидаг», фӕлӕ афтӕ арф не сты ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕугӕ ӕппӕрццӕг хъуыддӕгтӕ аиуварсгӕнӕн ис. Кавказы ма сабырдзинад раздахӕн ис, ӕрмӕст ӕдзух зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ цӕмӕй бынӕттон цӕрджытӕ ӕрсабыр уой, уый тыххӕй сӕ ӕрбаввахс кӕнын хъӕуы иумӕйаг культурон цардмӕ — йӕхи мӕрыл ын раст ахуырад дӕттын. Ӕргом раздахын хъӕуы мадӕлон ӕвзагмӕ скъолаты — адӕмӕн сӕ дин ӕмӕ се ‘гъдӕуттӕн ногӕй аргъ кӕнын райдайын хъӕуы, сӕйрагдӕр та нӕ схицӕн кӕнын хъӕуы ныртӕккӕйы политикон зондахастӕй, ӕмӕ уӕд фендзыстут, бынӕттон цӕрӕг куыд ӕмбары, хорз цы у, уый.

Алыхуызон тӕрсынгӕнӕн мадзӕлттӕ Кавказы удыхъӕдӕй фидар фырты нӕ фӕтӕрсын кӕндзысты, ноджыдӕр йӕ мастыл маст бафтдзӕн. Паддзахадӕн та стыр ӕмӕ табуйаг у Кавказ ӕрсабыр ӕмӕ сфӕрӕз кӕнын… «Кавказӕн ӕрмӕст сабырдзинад радтут ӕмӕ уӕд мауал агурут зӕххон дзӕнӕт Евфраты. Уый ам ис, уый ам ис.”

P.S. Критикон уац иронау мыхуыргонд цӕуы фыццаг хатт.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here