Ацӕргӕ адӕймаджы кадӕн

0
417

Цӕгат Ирыстоны зынаргъ адӕм!

Уӕрӕсейы кадджын бонты къӕлиндары ис иттӕг зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ахадгӕ бӕрӕгбон — Ацӕргӕ адӕймаджы дунеон бон.

Ныры сабыр дуг, не ‘нтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ цард дӕр нӕ хистӕртӕй аразгӕ кӕй уыдысты, уый нымайгӕйӕ, зӕххы къорийы ӕппӕт цӕрджытимӕ мах — уӕрӕсейӕгтӕ — дӕр бӕрӕг кӕнӕм ацы бон.

Хӕдзары хистӕр — мад, фыд, дада, ӕмӕ нана — нымад сты бинонты сӕрыстырдзинадыл. Хистӕрӕй аразгӕ у бинонты удварн, се ‘гъдӕуттӕ, стӕй кӕстӕрты хъомылад.

Ацӕргӕ адӕймаджы дунеон бон канд бӕрӕгбоныл нымад нӕу. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты заман Райгуырӕн бӕстӕ чи бахъахъхъӕдта, хӕсты фӕстӕ зын уавӕрты та Ирыстон ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы фӕрныгады сӕраппонд удуӕлдайӕ чи фӕллой кодта, уыцы хистӕр фӕлтӕрыл иудадзыг ӕнувыд уӕвын кӕй ӕмбӕлы, ацы бӕрӕгбон не ‘ппӕтӕн дӕр уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны.

Рӕстӕг тагъд згъоры ӕмӕ ныртӕккӕ нӕ куырыхон, зӕрдӕхӕлар, узӕлӕг хистӕртӕй бирӕтӕ ӕхсӕнады царды архайынхъом сты. Ацы адӕмӕн сӕ хъарутӕ бахъахъхъӕныны ӕмӕ ӕхсӕнадӕн пайдайаг уӕвынмӕ тырнынады хъуыддаджы ӕнӕмӕнг баххуыс кӕнын хъӕуы.

Уадз ӕмӕ нӕ республикӕйы алы ацӕргӕ адӕймаг дӕр иудадзыг хата паддзахады ӕххуыс, стӕй йӕ бинонты уарзондзинад, мах та архайдзыстӕм, цӕмӕй ӕнӕниз ӕмӕ амондджын уой, ууыл.

Цӕгат Ирыстоны хистӕр фӕлтӕр! Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы сабырдзинад, хӕлардзинад ӕмӕ фӕрныгад!

Битарты Вячеслав,

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here