«Рӕзты тӕлмытӕ» — Ирыстоны скъолаты

0
385

Куыд иннӕ уӕрӕсейаг регионты, афтӕ Цӕгат Ирыстоны дӕр дарддӕр куыст цӕуы фыццаградон национ проект «Ахуырад»-ы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл. Уыцы проекты фӕткы бындурыл ацы бонты нӕ республикӕйы байгом сты нымӕцон ӕмӕ гуманитарон ахуырады центртӕ «Рӕзты тӕлмытӕ».

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, нӕ республикӕйы ахӕм центртӕ байгом сты хъӕууон районты скъолаты. Уыцы центрты скъоладзаутӕн уӕлӕмхасӕн ахуырады мадзӕлттӕ кӕндзысты информатикӕйӕ, технологийӕ, цардархайды ӕмӕ ӕдасдзинады бындуртӕ ӕмӕ ӕндӕр предметтӕй. Уыимӕ, «Рӕзты тӕлмытӕ» ифтонг сты компьютертӕй, принтертӕ ӕмӕ ӕндӕр нырыккон техникон фӕрӕзтӕй. Скъоладзаутимӕ чи кусы, уыцы специалисттӕн рагагъоммӕ арӕзт цӕуынц сӕрмагонд ахуыртӕ.

Министрады минӕвар куыд радзырдта, афтӕмӕй национ проекты фӕлгӕты Цӕгат Ирыстоны хъӕууон скъолаты байгом уыдзысты 72 «Рӕзты тӕлм»-ы. Уыцы ахуырадон кусӕндӕттӕ саразын ӕмӕ сифтонг кӕнынӕн 2020 азы дихгонд ӕрцӕудзӕн 46 милуан сомӕй фылдӕр. Уыимӕ, «Рӕзты тӕлмытӕ» гом кӕныны куыст цӕудзӕн 2021 азы дӕр.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here