Иры хӕрзгӕнӕг

0
745

Дӕлдӕр цы хистӕры ракуывд мыхуыр кӕнӕм, уый хистӕрты ныхӕстӕй ныффыста Иры разагъды лӕг Байаты Гаппо ӕмӕ дзы ахӕм ракуывд ис: «О, Стыр ӕмӕ Кадджын Хуыцау! Ирон адӕмы лӕгхъуаг макуы фӕкӕн!» Ирон адӕм Стыр Хуыцау ӕмӕ Уастырджийы фӕрцы лӕгхъуаг никуы уыдысты. Байаты Гаппо дӕр уыд ирон адӕмы лӕг, ирон адӕмы, Ирыстоны хъысмӕтыл, Къостайау, чи рысти, ахӕм адӕймаг. Кӕд-иу се ‘хсӕн искуы-иу хатт дӕрзӕг ныхас рауад, уӕд ӕрмӕстдӕр ирон ӕвзаг, ирон адӕмы хорздзинады сӕрвӕлтау. Уыцы быцӕу уыд рӕзынӕн, размӕцыдӕн фесхойыны фӕрӕз. «Ирон фӕндыр» та уыд сӕ тохы, сӕ хылы сӕр.

Байаты Гаппо нӕ фӕллад йӕ ирон адӕмӕн лӕггад кӕнынӕй. «Ирон адӕмы национ хиӕмбарынад райхъал кӕнынӕн, йӕ культурон ӕмвӕзад ын фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн, ирон фыссынад райрӕзын кӕныны тыххӕй ӕз бирӕ хъарутӕ бахардз кодтон — фыссы уый йӕ автобиографийы — 1897 азӕй 1900 азмӕ ӕз мыхуыры рауагътон не ‘рыгон литературӕйы фыццаг уацмыстӕ, уӕды зындзинӕдтӕ ӕмӕ цензурӕимӕ тох кӕнгӕйӕ. Уыдонимӕ уыдысты Къубалты Алыксандры поэмӕ «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ», Хетӕгкаты Къостайы «Ирон фӕндыр» ӕмӕ мӕхи уацмыстӕ «Ирон ӕгъдӕуттӕ», «Ирон ӕмбисӕндтӕ», альманах «Фарн», «Тамако ма дымут», «Нозт марг у» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ӕппӕт уыцы чингуытӕ ӕз лӕвар ахӕлиу кодтон хъӕуты, фылдӕр адӕмон скъолаты ӕххуысӕй, ӕмӕ сӕ ахадындзинад стыр уыд: райхъал кодтой нӕ рагон ирайнаг адӕмы сфӕлдыстадон удварны хъарутӕ, ӕмӕ, ӕхсызгон хъуыддаг цы уыд, уыдон систы фӕзминаг. Уӕлдай зӕрдиагдӕрӕй ӕз архайдтон «Ирон чингуытӕ уадзӕг ӕхсӕнад», зӕгъгӕ, кӕй сарӕзтой (1905 азы), уый куысты…»

Байаты Гаппо Къостайӕ уыд 10 азы кӕстӕр. Райгуырд 1869 азы 19 сентябры Дзӕуджыхъӕуы. (Кӕмдӕрты йӕ 1870 азы райгуырд, зӕгъгӕ, фыссын кӕй райдыдтой, уый раст нӕу! Кӕд райгуырд, уый йӕхицӕй хуыздӕр чи зыдта, ӕмӕ мӕнӕ куыд фыссы йӕхи тыххӕй йӕ цыбыр биографийы: «Мӕ райгуырӕн бӕстӕ — Ирыстон — ис Цӕгат Кавказы. Дӕн цӕгатаг ирон Тӕгиатӕй, райгуырдтӕн 1869 азы Дзӕуджыхъӕуы. Ӕрмӕг «Мӕ цардӕй» ӕнӕхъӕнӕй мыхуыргонд ӕрцыд газет «Рӕстдзинад»-ы йӕ мысӕн бон Цомайты Тамарӕйы разныхасимӕ). 1889 азы каст фӕцис гимназ, 1894 азы ахуырмӕ бацыд Одессӕйы университеты юридикон факультетмӕ. 1895 азӕй 1905 азмӕ Дзӕуджыхъӕуы куыста адвокатӕй. 1905 азы ӕвзӕрст ӕрцыд дыккаг бургомистрӕй, 1910 азы та — обербургомистрӕй ӕмӕ уыцы бынаты фӕкуыста 1920 азмӕ.

1920 азы цӕрынмӕ ацыд Тифлисмӕ. Цӕгат Ирыстоны ног хицаудзинад кӕй ралӕууыд, ӕмӕ йын ам цӕрыны фадат кӕй нал уыд, ӕрцахсын ӕмӕ йын суанг амарынӕй дӕр тӕссаг кӕй уыд, уый аххосӕй. Фӕлӕ йӕ Гуырдзыстонӕй дӕр лидзын бахъуыд. «1921 азы мартъийы Гуырдзыстон бацахстой большевиктӕ, — фыссы уый — ӕмӕ ӕз ӕрбацыдтӕн Константинополмӕ мӕ ирон чингуыты чысыл ӕмбырдгондимӕ». (1922 азы январы та йӕ бахъуыд Берлинмӕ ацӕуын). «1922 азы августмӕ ӕз уыдтӕн Гутнаты Елбыздыхъойы рауагъдады уӕд цы уырыссаг журнал «Сколохи», зӕгъгӕ, цыд, уый базарады хайады редактор».

Рауагъдады кусгӕйӕ уагъта ирон чингуытӕ дӕр: 1922 азы — «Ирон фӕндыр», поэты биографи ныффыста йӕхӕдӕг; ноябры тӕлмацгондӕй йӕ разныхасимӕ рацыд «Алгъуызы кадӕг» дӕр, стӕй Шиллеры уацмыстӕ ӕмӕ ма ӕндӕр цалдӕр ирон чиныджы ӕмӕ адӕмон къӕлиндартӕ. Уыцы чингуытӕ ӕрвыста Ирыстонмӕ, хӕлиу сӕ кодта Европӕйы алыхуызон наукон институтты ахуыргӕндты ӕхсӕн, «цӕмӕй се ‘ргом тынгдӕр аздахой ирон адӕммӕ, Кавказмӕ».

Гаппо стыр ӕвӕрӕн бахаста Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат»-ы скондмӕ. Миллер дзырдуаты разныхасы йӕ кой кӕй кӕны, уый тыххӕй афтӕ фыссы «Мӕнӕн уӕлдай зынаргъдӕр сты, разныхасы загъд чи ис, уыцы ныхӕстӕ: «Куысты уӕлдай зӕрдиагдӕрӕй архайдта ирон фыссӕг Байаты Гаппо», «Байаты Гаппойы архивы ссардтон дзырдты иуӕй-иу фӕстаг ӕмбырдгӕндтӕ». Дзырдуатыл тынг рыст Гаппо, архайдта, цӕмӕй йӕ Берлины рауадза, фӕлӕ уый йӕ къухы нӕ бафтыд. Дзырдуат Ленинграды куы рацыд, уӕд цин кодта: «Нӕ фӕсивӕдӕн уый уыдзӕн ахъаззаджы уацмыс немыцаг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн».

Байаты Гаппо амард 1939 азы Берлины. Уым цӕргӕйӕ дӕр зӕрдӕйӕ ӕдзухдӕр уыд йӕ ирон адӕмимӕ. Ирыстон хуыдта йӕ кувӕндон, йӕ уаты рудзгуытӕ дӕр Ирыстоны ‘рдӕм арӕзт уыдысты. Фидарӕй ӕууӕндыди, удӕгасӕй йӕм куы нал бафта, уӕддӕр ын йӕ «фӕллад стджытӕ» кӕстӕртӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕндзысты йӕ фыдӕлты уӕзӕгмӕ. Ӕмӕ уымӕй нӕ фӕрӕдыд. Цалдӕр азы размӕ йӕ «фӕллад стджытӕ» ӕрӕнцадысты Ирыхъӕуы Ирон аргъуаны кӕрты, Къостайы фарсмӕ. Ууыл зӕрдиагӕй чи бацархайдта, уыдоныл — йӕ хорз кӕстӕртыл, Ирыстоныл хӕрзаудӕн кӕндзӕн ӕнустӕм.

Гаппойы сфӕлдыстадон бынтӕ баззадысты Берлины Пруссаг библиотекӕйы архивы. Уырдыгӕй сын сӕ къопитӕ сласта Цомайты Тамарӕ ӕмӕ сӕ ахӕлиу кодта мыхуыры. Уый фӕрцы йын Ирыстоны цӕрӕг дзыллӕтӕ абон иронау ӕмӕ уырыссагау кӕсынц йӕ фыст уацмыстӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here