Ирон аив дзырды фидиуӕг

0
412

 

Ирон дзырд ӕмӕ нӕ адӕмы фарны хӕзна — газет «Рӕстдзинад»-ӕн ныр 50 азы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уый у Ирыстоны дзырддзӕугӕ хистӕртӕй иу — Цгъойты Хазби. Юбилярӕн йӕ бӕрӕгбоны фӕдыл фембӕлд уыд Культурӕйы республикон колледжы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттимӕ.

Йӕ саразыны хъӕппӕрис та фӕзынд Дзӕуджыхъӕуы центрон библиотекӕ ӕмӕ колледжы разамындмӕ.

Фембӕлды райдайӕны колледжы студенттӕ зӕрдиагӕй ӕгасцуай загътой уазджытӕн. Уый фӕстӕ колледжы актерты дӕсныйады хайады студенттӕ Хъараты Максим, Тбойты Вячеслав ӕмӕ Къаболаты Беллӕ бакастысты Хазбийы новеллӕтӕ ӕмӕ радзырдтӕй скъуыддзӕгтӕ.

— Хазби у фынддӕс чиныджы автор. Йе сфӕлдыстадон архайд ныр 50 азы дӕргъы ӕнгом баст у газет «Рӕстдзинад»-имӕ. Ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты цардыуаджы тыххӕй цы ӕрмӕджытӕ фыссы, уыдон кӕддӕриддӕр нӕ дзыллӕ ӕхсызгонӕй бакӕсынц.

Хазбийы арӕзт ирон мифологийы ӕмӕ цардыуаджы дзырдуат мыхуыры куы рацыд, уӕд уый уыд стыр фӕзынд нӕ национ культурӕ ӕмӕ наукӕйы. Тӕлмацгонд ӕрцыд уырыссаг ӕвзагмӕ. Ӕхсызгонӕй йӕ кӕсынц ӕмӕ дзы пайда кӕнынц канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма суанг Турчы, АИШ ӕмӕ Францы цы ирӕттӕ цӕры, уыдон дӕр. Йӕ новеллӕты ӕмӕ радзырдты, уацау «Уӕлахизы сидзӕртӕ»-йы ирдӕй ӕвдыст цӕуы нӕ адӕмы ивгъуыд дугты ӕмӕ алы рӕстӕджыты фыдӕбойнаг цард.

Хазби йӕ адӕмы иузӕрдион хъӕбул кӕй у, уый бӕрӕг у, йӕ чингуытӕ библиотекӕйы рыгбадӕн кӕй не сты, уымӕй. ӕхсызгонӕй сӕ пайда кӕнынц алы кары адӕм, скъолаты, институтты, университетты ахуыргӕнджытӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ студенттӕ, — фембӕлды дзырдта Дзӕуджыхъӕуы центрон библиотекӕйы бӕстӕзонӕн хайады сӕргълӕууӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Дзугаты-Мурасты Риммӕ. Уый ма Дзӕуджыхъӕуы библиотекӕйы разамонӕг Цъӕхилты Зӕлинӕйы номӕй юбилярӕн радта Арфӕйы фыстӕг.

Уый фӕстӕ ныхасы бар лӕвӕрд ӕрцыд Хазбийӕн. Колледжы ахуырдзаутӕн ӕмӕ студенттӕн уый радзырдта йӕ цард ӕмӕ бирӕвӕрсыг сфӕлдыстады зӕрдӕагайгӕдӕр цауты тыххӕй. Куыд хистӕр, афтӕ кӕстӕртӕн бафӕдзӕхста ирон аивадыл, культурӕйыл, мадӕлон ӕвзагыл, нӕ историйыл ӕнувыд цӕмӕй уой, уый.

Йӕ раныхасы фӕстӕ Хазби колледжы библиотекӕйӕн балӕвар кодта йӕ ирон мифологион дзырдуат «Арвы дуар» ӕмӕ йӕ прозаикон уацмысты чингуытӕ.

Уазджыты зӕрдӕтӕ сӕ аивадӕй барухс кодтой Культурӕйы колледжы фӕндырдзӕгъдджытӕ Дзиуаты Витали, Бырнацты Кристинӕ ӕмӕ Лалыты Регинӕ.

Фембӕлдмӕ колледжы библиотекӕйы сӕргълӕууӕг Зӕнджиаты Неля бацӕттӕ кодта Хазбийы чингуытӕ ӕмӕ йӕ публицистон ӕрмӕджыты цымыдисаг равдыст.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here