Мифологийы ахъаззаджы фӕзынд

0
377

Чиныг-дзырдуат  «Арвы дуар» фыст у аив ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ирон ӕвзагӕй.  Фенӕн ӕмӕ банкъарӕн дзы ис нӕ удварны ӕппӕт хӕзнаты уӕрӕхад. 

Ирон ӕвзагыл ахӕм  мифологон ӕмӕ цардыуаджы дзырдуат  рацыд фыццаг хатт. Уый у бирӕвӕрсыг ӕмӕ хӕдхуызон. Ам  ссарӕн ис бирӕ ӕрмӕг нӕ традицион культурӕйы тыххӕй: таурӕгъты ӕмӕ аргъӕутты, ӕмбисӕндты, кадджыты  хъайтарты ӕмӕ нӕ кувӕндӕтты, нӕ бардуӕгты, зӕдты ӕмӕ дауджыты  тыххӕй.

Мӕнмӕ гӕсгӕ,  чиныг «Арвы дуар»-ӕн йӕ ахадындзинад  дзырдуатӕй бирӕ  вазыгджындӕр у. Уый хъуамӕ уа  алы бинонтӕн, уӕлдайдӕр, кӕстӕртӕ кӕм рӕзы, уыдонӕн, иудадзыгдӕр стъолыл даргӕ чиныг. Йӕ рацыд та хъуамӕ уа стыр цины хос, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны  ахуырадӕн ӕмӕ рухсадӕн дзуапп чи дӕтты, уыдонӕн.

Цыбырты Людвиг,

историон наукӕты доктор, профессор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here