Фыдӕлты фарн

0
369

Цыты нуазӕн

Хӕрӕфырт ирон адӕммӕ кадджын куыд нӕ у. Байраг ын лӕвар кодтой. Иуахӕмы иу ӕрыгон лӕппу йӕ хӕларимӕ йӕ мадырвадӕлтӕм ацыд. Дӕрддзӕф хъӕуы цардысты мадырвадӕлтӕ, ӕмӕ сӕ хӕрӕфырт афтӕ тагъд адынджыр, уый сын ӕнӕнхъӕлӕджы уыд. Фӕцин ыл кодтой, йӕ хӕлары йын тынг сбуц кодтой. Кусарт сын акодтой ӕмӕ сыхы фӕсивӕды фӕхуыдтой. Фынджы хистӕр цыты нуазӕнӕй ссардта хӕрӕфырты ӕрдхорды ном. Хӕрӕфыртӕн та мадырвадӕлтӕ ралӕвар кодтой бӕх.

Фӕстӕмӕ здӕхынц хӕрӕфырт ӕмӕ йӕ хӕлар. Хӕрӕфырт — бӕхыл хъазгӕ, хӕлар та — фистӕгӕй.

— Кӕсыс, цы бӕх мын балӕвар кодтой, иу ран лӕууын нӕ фӕразы, йӕ мидбынаты кафы, — йӕхицӕй ныббуц хӕрӕфырт.

— Бӕх цы у, бӕх! Дӕлӕмӕ дӕр, уӕлӕмӕ дӕр — хайуан. Цыты нуазӕн кӕмӕ ӕрхаудта? Мӕнмӕ. Уымӕй кадджындӕр ирон адӕммӕ цы ис! — мӕстӕймарӕгау бакодта хӕлар.

Хӕрӕфырт фӕсӕццӕгонд, хъуыдыты аныгъуылд… Стӕй бӕх фӕстӕмӕ фездӕхта ӕмӕ хъӕумӕ, йӕ мадырвадӕлтӕм фӕцагайдта. Сӕ кулдуары раз бӕх абаста, мидӕмӕ фӕдисы уад бакодта ӕмӕ барджынӕй, уӕндонӕй, тӕргайхуызӕй загъта:

— Нӕ мӕ хъӕуы уӕ бӕх, радтут мын цыты нуазӕн!

Скифаг ӕрдхорддзинад

Скифтӕ кӕд цӕугӕ цард кодтой, кӕд сӕм, скъолатӕ ӕмӕ академитӕ нӕ уыд, уӕддӕр сӕм ахуырмӕ уыд стыр тырнындзинад ӕмӕ сӕ рацыд бирӕ зындгонд ахуыргӕндтӕ, бердзентӕ ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр ӕмбисондӕн кӕй хастой, ахӕмтӕ. Анахарсис та бахаудта ӕппӕты зондджындӕр авд стыр лӕджы номхыгъдмӕ. Анахарсис ахуыры фӕдыл Бердзенты бӕстӕмӕ куы бафтыд, уӕд ыл амбӕлд иннӕ ахуыргонд скиф Токсарид. Уӕд федтой фыццаг хатт кӕрӕдзи. Анахарсис паддзахӕдты мыггагӕй уыд, Токсарид та — хуымӕтӕг адӕмӕй. Уый Бердзенты бӕстӕйы куы сахуыргонд, уӕд уым цӕргӕйӕ баззад, фӕлӕ йӕ кад ӕмӕ намысы кой скифтӕм ӕрбахӕццӕ. Анахарсис дӕр ӕй ӕрыхъусгӕйӕ зыдта. ӕмӕ кӕрӕдзиуыл тынг бацин кодтой. Анахарсисӕн ӕхсызгон уыд, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы ахӕм стыр ахуыргонд ӕмбӕстагыл кӕй фембӕлд. Токсариды зӕрдӕ та барухс.

Анахарсисы фенгӕйӕ йыл, йӕ Райгуырӕн бӕстӕйы комытӕф кӕй ӕрбакалд, йӕ ныхӕстӕй та йӕ фыдыбӕстӕ, рагӕй кӕм нал уыд, уый йӕ разы кӕй сыстад.

Цгъойты Хазби

Царциаты цыртдзӕвӕнтӕ

Ирон ӕвзагмӕ ӕнусты сӕрты ӕрбахызт ӕмӕ ныффидар идиомӕ «Мӕнӕ царциаты диссӕгтӕ». Ома, Иры дзыхъхъы чи нӕма ӕрцыди, ахӕм диссӕгтӕ. Иу дзырдӕй ацы фразӕ у — синоним диссӕгтӕ ӕмӕ тӕмӕссӕгтӕн, адӕймаг кӕмӕй фӕуыргъуыйау вӕййы, ахӕм хабар. Дзырдтой, зӕгъгӕ, «царциатӕ» уыдысты цавӕрдӕр знӕм. Бӕрӕг чи нӕу, ахӕм ӕвирхъау хабары тыххӕй фӕхауӕццаг сты сӕ рагцӕрӕнтӕй. Фольклор ӕмбырдгӕнджытӕ ныууагътой сӕ фӕстӕ хицӕн таурӕгътӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн эпикон уацмыстӕ, сӕ цард се ‘гъдӕуттӕ, сӕ хъысмӕт, сӕ нӕмтты равзӕрд сын кӕм банысан кодтой, ахӕм легендӕтӕ. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ айдагъ фольклоры нӕ баззад сӕ ном, фӕлӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры топонимикӕйы дӕр. Хуссары ис Царциаты къуыпп, Царциаты къӕдзӕх ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Цӕгат Иры та Царциатимӕ баст сты Чми, Саниба, Хъӕни, Дзывгъисы хъӕутӕ ӕмӕ зӕппӕдзтӕ.

Дзаттиаты Руслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here