Есенаты Ӕхсары юбилейон равдыстЕсенаты Ӕхсары юбилейон равдыст

0
255

РЦИ-Аланийы Национ музейы ацы бонты цӕуы республикӕйы сгуыхт нывгӕнӕг Есенаты Ӕхсары куыстыты юбилейон равдыст.

Йӕ 50 азы юбилейыл Есены-фырт ӕмбӕлы сфӕлдыстадон ӕнтыстдзинӕдтимӕ — архайдта бирӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг равдыстыты, йӕ куыстытӕн ын рагӕйдӕр хорз аргъ кӕнынц аивадуарзджытӕ.

Ирыстоны нывгӕнынады аивадмӕ стыр ӕвӕрӕн кӕй хӕссы, уый тыххӕй юбиляр республикӕйы Сӕргълӕууӕджы Указӕй хорзӕхджын ӕрцыд майдан «Ирыстоны намысӕн»-ӕй. Равдыст гом кӕныны фӕдыл кадджын ӕмбырды юбилярӕн уыцы хӕрзиуӕг радта РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев. Парламенты спикер ӕмӕ фембӕлды иннӕ архайджытӕ Есены-фыртӕн арфӕ ракодтой йӕ юбилейы фӕдыл дӕр, стӕй ног ахӕм цымыдисаг равдыст бацӕттӕ кӕнын йӕ къухы кӕй бафтыд, уый тыххӕй дӕр.

Нывгӕнӕг йӕ равдыст рахуыдта «Фрагменты». Экспозицийы ис алы азты 80 куыстӕй фылдӕр: натюрморттӕ, пейзажтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы куыстытӕ хорз ӕвдисынц нывгӕнӕджы сфӕлдыстадон архайды алыхуызон къӕпхӕнтӕ.

Есенаты Ӕхсары куыстыты равдыстимӕ базонгӕ уӕвыны фадат уыдзӕн хӕстӕгдӕр ӕртӕ къуырийы дӕргъы.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here