“Рӕстдзинад”-ы ногдзау

0
392

Удыхъӕдӕй ӕвзӕр фыссӕг, дам, амӕлы, йӕ хорз уацмыстӕ баззайынц. Чи зоны, уый афтӕ у, фӕлӕ мӕнмӕ раст нӕ кӕсы. Ӕвзӕр адӕймаг-фыссӕг хорз уацмыстӕ ныффыссынхъом нӕу. Цыфӕнды зондджын ӕмӕ курдиаты хицау куы уа, уӕддӕр йӕ ӕвзӕр удыхъӕд йӕ уацмыстыл фӕбӕрӕг уыдзӕн, уый сӕ схорз кӕнын нӕ бауадздзӕн. Уымӕн ӕмӕ дзы алчидӕр йе сфӕлдыстадмӕ хӕссы, йӕхӕдӕг дуне, цард ӕмӕ адӕмӕн куыд аргъ кӕны, уыцы хатдзӕгтӕ, хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ. Хуымӕтӕджы нӕй алы фыссӕгӕн дӕр йӕхи ӕрмдзӕф, йӕхи домӕнтӕ, искӕй ӕрмадзӕй ахорӕнтӕ чи хӕссы, уый та свӕййы, кӕмӕй давы, уый фӕлурс халдих.

Фысджытӕй иутӕ фыссынц адӕймаджы рӕсугъд ӕнкъарӕнтыл, удыкондыл, митыл, хъуыддӕгтыл, царды мидисыл, нысаныл, чиныгкӕсӕджы цардмӕ, ӕхсӕнады цӕрынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм уацмыстӕ. Иннӕтӕ зарынц адӕймаджы мондаггӕнӕг ӕууӕлтыл, чиныгкӕсӕгӕн йӕ цыбӕлдзинад чи сабухы, йӕ хъӕддаг, сырдон туг ын чи сызмӕлын кӕны ӕмӕ йӕ рӕдыд фӕндагмӕ чи сайы, ахӕмтӕ. Аннӕтӕ та хъазынц дзырдтӕй, ӕлхыскъ ныхӕстӕй кӕнӕ фыссынц сӕхи рынчын удыхъӕды миниуджытӕ, хъуыдытӕ, дунеӕмбарынад, адӕмы фылдӕр хай ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, ахӕм стӕм ӕрцӕугӕ ӕмӕ  ӕнӕрцӕугӕ хабӕрттӕ.

Адӕм куыд алыхуызон сты, фысджытӕ дӕр — афтӕ. Фӕлӕ хӕрамхӕссӕг фыссӕг ӕхсӕнадӕн цы зиан ӕрхӕсса, хӕлархӕссӕг фыссӕг та цы пайдайаг фӕуа, уый никӕй бон у. Хуыцауӕй разы, нӕ ирон литературӕ, Къостайӕ райдай ӕмӕ абонӕй фӕу, фӕлтӕртӕм хӕссы рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ цардмӕ разӕнгарддзинад.

Ирон литературӕйы бирӕ куырыхон фысджытӕ ис. Сӕ уацмыстӕ сты нӕ адӕмы цӕсгом ӕмӕ сӕрыстырдзинад. Нӕ сӕр дзы бӕрзонд кӕмӕй хӕссӕм, уыдонӕй иу у Дзесты Куыдзӕг. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзӕг царды бирӕ федта, Ирыстоны цынӕ къуым басгӕрста, ахӕм, ӕвӕццӕгӕн, нал ныууагъта. Ирон адӕймаджы удыхъӕд, йӕ цардыуаг, йӕ фыдӕбӕттӕ йын хорз кӕй зыдта, уый бӕрӕг у йӕ уацмыстыл. Йӕ «Хорхӕссӕг» та ссис диссагӕн дзуринаг, ахуыр ӕй кӕнынц скъолайы.

Хъуыды кӕнын, йӕ фӕстаг стырдӕр уацмыс «Фӕндагсар Уастырджи» йын журнал «Мах дуджы» куыд хӕлофӕй кастыстӕм. Уӕд Куыдзӕгимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ уыдыстӕм. «Рӕстдзинад»-ы уӕхскуӕзӕй бирӕ фӕкуыста, йӕ фыццаг редактор Гӕдиаты Цомахъӕй райдай ӕмӕ иннӕтимӕ. Ӕмӕ йӕ ирон адӕмӕн лӕггад кӕнынӕй та чи ӕфсӕста, йӕ фӕстаг бонты онг ын «Рӕстдзинад» та уыд хи хъӕбулау. Арӕх дзы мыхуыр кодта йӕ уацмыстӕ, арӕх нӕм-иу ӕрбауад. Бӕрзонд бӕзӕрхыг, чи фӕгуыбыр, ахӕм ас лӕг. Уӕздан, лӕгъз ныхасгӕнаг. Ӕфсӕрмдзаст, нымдгӕнаг, кӕстӕрты рӕвдауӕг. Йӕ ӕргом, ӕнӕкъӕм ныхасӕй, хӕрзӕгъдаудзинадӕй нын ноджы тынгдӕр бауарзын кодта йӕхи, ӕмӕ йын йӕ уацау «Фӕндагсар Уастырджи» кӕсгӕйӕ, Дзаххо ӕмӕ Дзиттайы удыхъӕды уыдтон йӕхи. Ахӕм фӕлгонцтӕ ӕрмӕст Куыдзӕджы бон ныффыссын уыд. Ахӕм удыхъӕд равдисын Куыдзӕджы бон уыд. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ахӕм уыд, уыдонау адӕмы рисыл рыст, уыдонау ӕм адӕймагдзинадӕй уӕлдӕр ӕвӕрд йӕхи цард дӕр нӕ уыд. Уыдонау ӕм Уастырджиау мӕгуырты, тыхст адӕмы ирвӕзынгӕнӕджы миниуджытӕ уыд.

Фырнымд нӕлгоймагыл нӕ фидауы, фӕлӕ ахӕм уыд Дзесты Куыдзӕг. Ӕмӕ мын иу фарст ӕнцой нӕ лӕвӕрдта: «Цымӕ цӕй тыххӕй бадт ахӕстоны ацы Хуыцауы сконд адӕймаг, фысы комӕй хал куы нӕ раласдзӕн?» ӕмӕ йӕ иуахӕмы зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхасы бафӕрсын мӕ ныфс бахастон.

Куыдзӕг ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фӕци. Мӕ фарст ӕм нӕдӕр маст сӕвзӕрын кодта, нӕдӕр ын ӕнӕнхъӕлӕджы уыд. Ӕмӕ уыцы ӕнцонӕй райдыдта:

— Революци революци у, мӕ хур. Иронау фӕфӕлдӕхт хуыйны. Мӕнӕ ирон адӕм дуне рафӕлдӕхт куы фӕзӕгъынц, уымӕй карздӕр, тӕссагдӕр, ӕмӕ дзы раст чи у, зылын, уый зын рахатӕн у. Нӕ дзы фӕрӕдидзынӕн чи зӕгъы, уый уымӕй дӕр рӕдийы. Ивылд донау сонт у, цард дӕр ӕмӕ зонд дӕр ссӕндгӕ кӕны.

Йӕ дарддӕры ныхас ын дзырдӕй-дзырдмӕ нал хъуыды кӕнын, фӕлӕ йӕ рафӕлгъаудзынӕн. Цыбыр  ныхасӕй, куыд рӕстаг уыд, афтӕ рӕстагӕй мын йӕ хабӕрттӕ фӕкодта. Дзестӕ 1920 азы Урстуалтӕй Цӕгат Ирыстонмӕ куы ӕрлыгъдысты, уӕд ӕрцардысты Ногиры. Куыдзӕг хӕрз ӕрыгонӕй дӕр ӕмхиц уыд литературӕмӕ. «Рӕстдзинад»-ы дӕр хуымӕтӕджы нӕ куыста. Ссӕдзӕм азты рӕстӕг, йӕхи загъдау, ӕцӕг уыд ивылд донау. Уӕлдайдӕр Куыдзӕджы хуызӕн ахуыргонд фӕсивӕдӕн. Абоны хуызӕн уӕд дӕр партитӕ, хицӕн зындгонд лӕгты фарсхӕцджытӕ бабирӕ сты. Дзесы-фырты сӕ фӕдыл асайдтой Троцкийы хъуыдытӕ, ӕмӕ сси уый фарсхӕцӕг. Уымӕй йӕ фӕаххосджын кодтой, куы йӕ ӕрцахстой, уӕд дӕр.

— Ногиры колхозтӕ аразын куы райдыдтой, уӕд мах, троцкисттӕ, — дзырдта мын уый, — тынг разӕнгардӕй архайдтам иу колхозӕн дзы Троцкийы ном радтыныл. Фӕлӕ йӕ сталинонтӕ нӕ бауагътой. Уӕд мах ӕрхъуыды кодтам иу хин ми. Троцкий Лев хуынд, ӕмӕ йын йӕ ном иронмӕ раивтам — Домбай. Иу колхозыл Домбай сӕвӕрын нӕ къухы бафтыд, фӕлӕ фӕскомцӕдисонтӕ уайтагъд нӕ хин ми бамбӕрстой ӕмӕ та йын йӕ ном аивтой. Афтӕ алчидӕр кодта йӕ кӕнон, йӕ фӕнд тардта, йӕхи политикӕ уагъта царды. Уый охыл къуырцдзӕвӕнтӕ ӕвӕрдтой иннӕтӕн. Ӕмӕ дзы чи фӕуӕлахиз, уый иннӕты ахста, уымӕн ӕмӕ сӕ хъыгдаргӕ кодтой. Афтӕ мах дӕр, куы фӕуӕлахиз уыдаиккам, уӕд иннӕтӕн ӕнӕахӕсгӕ нӕ уыд — кусын нӕ нӕ бауагътаиккой. Афтӕ домынц революцийы кӕнонтӕ. Цыбыр ныхасӕй, ӕнаххосӕй ахст нӕ уыдтӕн.

Дзесты Куыдзӕг ахӕстоны цы хъизӕмӕрттӕ баййӕфта, уыдон йӕхӕдӕг тынг биноныг фӕфыста, фӕлӕ уым дӕр йӕ адӕймагдзинады сӕрты никуы ахызт. Йӕ зӕрдӕ адӕммӕ, ног цардмӕ не схъӕбӕр, хӕрамӕй нӕ байдзаг, йӕ цӕст фыддзинад никӕмӕн уарзта. Ӕрмӕст «ӕнаххосӕй ахст нӕ уыдтӕн» — уыцы ныхас зӕгъынӕн дӕр лӕгдзинад хъуыдис. Ӕмӕ йӕм ахӕм зонд, хъару, уды фарн уыд. Ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд дӕр ыл йӕхи уымӕн ничи атигъ кодта. Йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ йӕ ирон адӕм, йӕ Ирыстоныл уыди йӕ катай йӕ фӕстаг боны онг. Мӕрдты бӕстӕй сӕм йӕ уӕлеон зӕрдӕ дарӕд. Йӕ ном рох никуы уыдзӕн ирон адӕмӕй.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here