Сӕ арӕхстдзинад равдыстой

0
265

Куыд нӕ республикӕйы культурӕйы ӕппӕт артдзӕстытӕ, афтӕ Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары коллектив дӕр Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонмӕ саразынц  конкурстӕ, фестивальтӕ ӕмӕ тематикон изӕртӕ.

Ӕрӕджы та ам уыд номдзыд поэты райгуырдыл 161 азы сӕххӕсты кадӕн ирон аив дзырды дӕсныты республикон конкурс. Ӕрбамбырд ӕм сты ӕмӕ сӕ курдиат поэты уацмыстӕ аив кӕсынӕй ӕвдыстой, 7 азӕй 19 азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ.

Сӕ арӕхстдзинадӕн сын  аргъ кодтой жюрийы уӕнгтӕ УФ-йы сгуыхт артист,  Ирон  театры сӕйраг режиссер Сӕбанты Тамерлан, национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы уацхӕссӕг ӕмӕ амонӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Лалыты Хъазыбег, театры ӕмӕ кинойы зындгонд артисткӕ, конкурс саразӕг Бесолты Лидӕ, радио «Алани»-йы амонӕг, зындгонд журналист, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Налдыхъуаты Зӕлинӕ.

Бесолты Лидӕ нын куыд радзырдта, афтӕ конкурсы  сӕ курдиат  ӕвдыстой канд ирон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ нӕ, фӕлӕ ма  ӕндӕр адӕмыхӕттыты минӕвӕрттӕ дӕр. Уымӕй та  йӕ нысан ӕмӕ ахадындзинад ноджы вазыгджындӕр уыд. Конкурс дзуапп лӕвӕрдта ӕппӕт сфӕлдыстадон ӕмӕ организацион домӕнтӕн. Фыццаг, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕ дзы чи бацахста, уыцы  лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ архайдтой конкурсы кӕронбӕттӕн гала-концерты. Уыдонӕй уӕлдай ма дзы сӕ курдиат равдыстой нӕ республикӕйы зындгонд аивады дӕснытӕ, зарӕггӕнджыты ӕмӕ ӕндӕр аивадон къордтӕ.

Ӕппӕт уӕлахиздзаутӕ дӕр райстой РЦИ-Аланийы Культурӕйы министрад ӕмӕ Адӕмон сфӕлдыстады республикон хӕдзары дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here