Хӕлардзинады фӕндӕгтыл

0
257

РЦИ-Аланийы Нывгӕнджыты цӕдисы равдыстыты залы ацыд нӕ бӕстӕйы хуссайраг регионы нывгӕнджыты къорды ног проекты равдыст: «Кавказ Пленэр. Хӕлӕрттӕ»-йы темӕйыл.

Проект ӕххӕстгонд цӕуы цыппӕрӕм хатт. Равдысты архайджытӕн зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ загъта нӕ республикӕйы Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Мӕргъиты Таймураз. Уый радзырдта проекты ахадындзинады тыххӕй. Цӕгат Кавказы хӕлардзинады тӕгтӕй бӕттынӕн, нывкӕнынады аивадӕн ахъаззаджы фадӕттӕ кӕй ис, азӕй-азмӕ авторты рӕнхъытыл ногӕй-ногдӕр профессионалтӕ кӕй ӕфты.

— Проект иу кӕны адӕмты, хӕлардзинады фӕндӕгтыл сӕ хоны аивады хиды сӕрты. Мӕнӕ ацы равдысты цы куыстытӕ федтам, уыдон сӕ мидисмӕ гӕсгӕ сты тыхджын, цымыдисаг. Цыппӕрӕм хатт Дзӕуджыхъӕуы кӕй цӕуы ацы мадзал, уый та нын ноджы ӕхсызгондӕр у, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы нывгӕнджытӕ зонынц, Ирыстоны цӕрджытӕ нывкӕнынады аивад кӕй уарзынц ӕмӕ йын стыр аргъ кӕй кӕнынц. Уымӕн та ӕвдисӕн сты, цы бирӕ алыхуызон бирӕнацион авторты равдыстытӕ нӕм арӕзт ӕрцӕуы, уыцы мадзӕлттӕ, — загъта нӕ республикӕйы Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар.

Цӕгат Ирыстоны адӕмон ӕмӕ сгуыхт скульптор Хетӕгкаты Къостайы номыл ӕмӕ национ «Нарты фӕткъуы»-йы премиты лауреат Дзбойты Михал та загъта: Равдысты сӕйраг темӕ у уарзт. Уарзт — рӕсугъддзинады бындур у. Ӕмӕ уыцы рӕсугъддзинадмӕ хъуамӕ тырна алы адӕймаг дӕр. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд хӕлардзинадыл дзурӕн нӕй. Равдысты ӕппӕт куыстытӕ дӕр сты бӕрзонд профессионалон ӕмвӕзадыл. Алы ныв дӕр дзы чиныджы хуызӕн кӕсӕн ис, — загъта скульптор.

Стъараполаг нывгӕнӕг Александр Бабич та радзырдта, ахӕм проектты гӕнӕнтӕ ноджы уӕрӕхдӕр кӕнын кӕй хъӕуы.

— Иумӕйаг сфӕлдыстадон архайд фадӕттӕ дӕтты ноджы фылдӕр гӕнӕнтӕн, адӕмты ‘хсӕн культурон бастдзинӕдтӕ фидар кӕнынӕн.

Равдысты фенӕн уыдис: Цӕцӕны Республикӕйы  сгуыхт нывгӕнӕг, Мӕхъхъӕлы Республикӕйы  адӕмон нывгӕнӕг Магомед Закриевы, Республикӕ Кӕсӕг-Балхъары нывгӕнӕг Ауес Дзагаловы, Стъараполы зындгонд нывгӕнӕг — пленэрист Александр Бабич, Виктор Ветров, Сергей Кулешовы куыстытӕ.

Нӕ республикӕйы Нывгӕнджыты цӕдисӕй та дзы архайдта РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгӕнӕг Цӕллагты Фатимӕ.

Автортӕ хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты кадджын гӕххӕттытӕй. Алагиры ӕрыгон фӕндырдзӕгъдджыты къорд та мадзалы архайджыты зӕрдӕтӕ срухс кодта ирон фӕндыры зӕлтӕй.

Саутӕты Тамилӕ

Къамтӕ систа Хъайырты Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here