Цоцкойы фарн — ӕнусон

0
362

Ирыстоны культурӕйы ӕмӕ рухсады артдзӕст рагӕй у Ӕрыдон. Ардыгӕй цы бирӕ музыканттӕ, артисттӕ рацыд, уыдон кад ӕмӕ намыс скодтой канд нӕ райгуырӕн уӕзӕгӕн нӕ, фӕлӕ ма суанг нӕ бӕстӕйӕн. Нӕ адӕмы зонады ӕмӕ рухсы фӕндагыл удварны бӕрзӕндтӕм чи хуыдта, уыцы разагъды лӕгтӕй иу уыд зындгонд тӕлмацгӕнӕг, рухстауӕг ӕмӕ ӕвзагиртасӕг Ӕмбалты Цоцко. Ацы аз йӕ райгуырдыл ӕххӕст кӕны 150 азы.

Уый кадӕн йӕ райгуырӕн ӕрыдоны Культурӕйы галуаны уыд юбилейон изӕр. Сӕ номдзыд ӕмхъӕуккаджы ном ӕрымысынмӕ  ӕрбамбырд сты Ӕрыдоны бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы разамынд, Цоцкойы номыл премийы лауреаттӕ, йӕ хӕстӕджытӕ,  журналисттӕ, культурӕйы ӕмӕ аивады минӕвӕрттӕ.

Юбилейон изӕры размӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой, Ӕрыдоны парчы Цоцкойӕн цы цыртдзӕвӕн ис, ууыл. Уый фӕстӕ Цоцкойы царды, ӕхсӕнадон, сфӕлдыстадон ӕмӕ рухстауӕн архайды тыххӕй радзырдта  районы Культурӕйы галуаны директор Биазырты Таймураз.

— Цоцкойы ном не ‘ппӕтӕн дӕр зынаргъ ӕмӕ уарзон у. Уый ирон адӕмон сфӕлдыстад ӕмбырд кӕныны, рухстауыны ӕмӕ тӕлмац кӕныны хъуыддӕгты нӕ дзыллӕйӕн цы арфӕйаг лӕггӕдтӕ бакодта, уыдон систы нӕ адӕмы удварны ахъаззаджы исбон. Бирӕ сты, Цоцко зонгӕ кӕимӕ уыд, йӕ зондӕн ӕмӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕн аргъгӕнӕг чи уыд, уыцы номдзыд адӕм, — загъта Таймураз.

Ӕрыдоны районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Цӕллагты Алан, Цоцкойы ном сӕнусон кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый тыххӕй  Кады грамотӕтӕй схорзӕхджын кодта  чиныг «Удварны хӕзнатӕ» саразӕг  Соттиты Риммӕйы, Баситы Валентинӕйы, Ӕмбалты Барис ӕмӕ Тамарӕйы.

— Цоцкойы номӕн нӕ бинонты астӕу кӕддӕриддӕр стыр кад уыд. Йӕ арфӕйаг хъуыддӕгтыл-иу арӕх нӕ хӕдзары дзырдта мӕ фыдимӕ академик Абайты Васо. Ӕмбалы-фырты уацмыстӕ, йе ‘мдугонты мысинӕгтӕ йын иумӕйаг чиныджы ӕрӕмбырд кӕнын мӕхицӕн стыр арфӕйаг хӕсыл банымадтон. Уый фӕрцы та мын фӕци ноджы хуыздӕр фадат, ирон, уырыссаг ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕ куыд хорз зыдта, сӕ алкӕй лексикон ӕвӕрӕнтӕй куыд арӕхстджынӕй пайда кодта, уый арф банкъарынӕн.

Цоцко йӕ адӕмӕн уыд Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг. Ӕнаххосӕй йӕ кӕй фесӕфтой, уымӕй та нӕ адӕмы удварны рӕзтыл цы зиан ӕрцыд, уымӕн ницӕимӕ ис абарӕн. Фӕлӕ йын йӕ ном кӕй мысӕм, уымӕй нӕхи удтӕ ӕмӕ зӕрдӕтӕ кӕнынц рухсдӕр, — загъта Соттиты Риммӕ.

Ӕмбалы-фырты рухстауӕн архайды ахадындзинады тыххӕй йӕ хъуыдытӕ загъта зындгонд поэт, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон радиойы редактор Къадзаты Станислав:

— Цоцкойы хуызӕн лӕгтӕй нӕ адӕм кӕддӕриддӕр хъуамӕ уой сӕрыстыр, уымӕн ӕмӕ нӕ удвары рӕзт сӕ зонды ӕмӕ уды бӕркадӕй аразгӕ у. Сӕ фӕрцы та нӕ бон акӕсын у ивгъуыдмӕ, афтӕмӕй та нӕм нӕ фидӕны фӕндаг хуыздӕр разындзӕн.

Станислав ма йӕ раныхасы кӕрон бакаст, алы азты Цоцкойы тыххӕй кӕй ныффыста, уыцы ӕмдзӕвгӕтӕ.

Сӕрмагондӕй номарӕн изӕрмӕ ӕрыдоны фыццӕгӕм скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ Куыдзиаты Давид, Чертхъоты Марик, Бериты Георги, Арбиаты Хетӕг, Дзиццойты Эрик бакастысты, Джыккайты Шамил, Хӕмыцаты Албег ӕмӕ  Боситы Ирбег Цоцкойыл цы ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыстой, уыдон.

Цоцкойы хӕстӕг Баситы Валентинӕ номарӕн изӕры архайджыты базонгӕ кодта, йӕ сабибонтӕй йӕ хистӕртӕй Ӕмбалы-фырты тыххӕй цы мысинӕгтӕ фехъуыста, уыдонимӕ.

— Мах, Ӕмбалты мыггаджы, йӕ номы алыварс  ӕрбангом кодта Цоцко. Ӕз ын йӕ царды, ӕхсӕнадон ӕмӕ рухстауӕн архайды хабӕрттӕ сбӕлвырд ӕмӕ бабӕстон кӕныныл архайын ме ‘рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ. Абон дӕр, мӕ бон куыд у, афтӕ нӕ мыггаджы кӕстӕрты зонгӕ кӕнын нӕ разагъды ӕрвады цард ӕмӕ арфӕйаг хъуыддӕгтимӕ, —загъта  Ӕмбалты Тамарӕ.

Изӕры ма раныхас кодта ӕмӕ йӕ ӕмхъӕуккаджы номыл РЦИ-Аланийы Журналистты цӕдисы премитӕ  ацы азы лауреаттӕн радта газет «Рӕстдзинад»-ы сӕрмагонд уацхӕссӕг, Ӕрыдоны кадджын цӕрӕг Баскаты Уырызмӕг.

Ӕмбалты Цоцкойы номӕн кад кӕй кӕнынц ӕмӕ йын йӕ фарны хъуыддӕгтӕ нӕ дзыллӕйы ‘хсӕн бӕстон ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй парахат кӕнынц, уый тыххӕй ацы аз йӕ номыл  премитӕ саккаг кодтой  Къадзаты Станиславӕн, Дзугаты-Мурасты Риммӕйӕн,  Бутаты Эльзӕйӕн.

Лауреаттӕн ӕмӕ уазджытӕн йӕ аив фӕндыры цагъдӕй сӕ зӕрдӕтӕ барухс кодта РЦИ-Аланийы адӕмон артист Дзуццаты Сослан. Юбилейон изӕры кӕрон йӕ архайджытӕ ӕмӕ уазджытӕ стыр ӕхсызгонӕй бакастысты, Цоцкойы цард ӕмӕ рухстауӕн архайды тыххӕй национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы журналист Хуыбылты Жаннӕ цы документалон киноныв систа, уымӕ.

Культурӕйы галуаны фойейы та районы центрон библиотекӕйы кусджытӕ  (изӕр дӕр сӕ хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыд) сарӕзтой Цоцкойӕн йӕ цардыл, ӕхсӕнадон, рухстауӕн архайдыл дзурӕг ӕрмӕджытӕ ӕмӕ чингуыты равдыст.

Гасанты Валери     

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here