Фыссӕг, хӕстон ӕмӕ разагъды лӕг

0
432

(Хъайттаты Сергейы райгуырдыл сӕххӕст 100 азы)

Ирон литературӕйӕн, ирон театрӕн цӕстуарзондӕр лӕггад чи бакодта, уыдонӕй иу уыд курдиатджын фыссӕг, драматург, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Хъайттаты Сергей. Уый кӕд абон не ‘хсӕн нал ис, уӕддӕр йӕ фӕстӕ цы бирӕ чингуытӕ ныууагъта, йӕ пьесӕтӕм гӕсгӕ цы дӕсгай спектаклтӕ ӕвӕрд ӕрцыд  ирон, уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты театрты сценӕты, уыдон арф фӕд ныууагътой адӕмы зӕрдӕты.

Хъайттайы-фырт райгуырд Уӕлладжыры комы, Хъӕриуы рӕбынмӕ ӕввахс фыдӕлтыккон хъӕу Цъамады. Уымӕн йӕ фыдӕлты райгуырӕн зӕхх ӕдзухдӕр йӕ мад Черчесты Чабӕханы ад кодта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг цӕуынӕй никуы бафсӕст. Йе стырдӕр сагъӕс, мӕт иудадзыгдӕр уыдысты ууыл, цӕмӕй йӕ рагон фыдӕлты хуыз ма фесӕфа, нӕ фарны уидӕгтӕ макуы бахуыскъ уой, нӕ мадӕлон ӕвзаг ма фӕцуда ӕмӕ дунейы адӕмты астӕу нӕ ирон худ бӕрзондӕй ныллӕгмӕ ма ‘рхауа.

Хъайттаты Сергей 1939 азы каст фӕци Уыналы скъола ӕмӕ дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны педучилищӕмӕ. Афӕдзы фӕстӕ баивта Орджоникидзейы ӕфсӕддон училищӕмӕ ӕмӕ йӕ каст фӕци хӕсты размӕ. Йӕ ӕфсӕддон дӕсныйад фӕуӕлдӕр кӕныны тыххӕй ахуыр кодта Мӕскуыйы Фрунзейы номыл академийы цыбыргонд курсыты. Хъӕбатырӕй тох кодта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты суанг йӕ фыццаг бонӕй йӕ фӕудмӕ. Йӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд  дыууӕ ордены ӕмӕ бирӕ майдантӕ.

Сергей ирон литературӕмӕ «ӕрбацыд» хӕсты фӕстӕ. 1949 азы мыхуыры фӕзынд йӕ фыццаг уацмыс «Ӕнӕном обау». Фӕстӕдӕр Ирон ӕмӕ Музыкалон театрты репертуары кӕрӕдзи фӕстӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты фыссӕджы пьесӕтӕм гӕсгӕ ӕвӕрд спектаклтӕ — «Таймураз», «Ӕхсар ӕмӕ Дзерассӕ», «Мады зӕрдӕ», «Хадзымурат», «Авдӕн», «Дыккаг фыд», «Иссӕйы фыццаг балц», «Дидинӕг ӕмӕ хъама», «Ханты цагъд», «Тауыче», «Куырдуаты бадӕг» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Чиныгкӕсӕг хорз зонгӕ у Хъайттаты Сергейы «Уацаутӕ ӕмӕ радзырдтӕ», «Фӕдисонтӕ», «Кӕйдӕр мад», «Хърупсаг цагъд», «Мӕ лӕппу уыд уый», “Ӕнӕном обау», «Ирон кӕлмӕрзӕн» ӕмӕ «Ирон хабӕрттӕ» ӕмӕ иннӕ уацмыстимӕ.

Сергейӕн йӕ бирӕ пьесӕты ‘хсӕн уӕлдай бӕрӕгдӕр дары «Мады зӕрдӕ». Уый ӕвӕрд ӕрцыд Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, Кӕсӕджы, Дагестаны, Псковы, Йошкар-Олайы, Тӕтӕры, стӕй Болгарийы театрты сценӕты…

Хъайттаты Сергей  йӕ амӕлӕты бонмӕ арфӕйаг лӕггад фӕкодта йӕ ирон адӕмӕн. Йӕ фӕстӕ цы бирӕ сфӕлдыстадон бынтӕ  ныууагъта, уыдон зынгӕ бынат ахсынц нӕ литературӕйы хӕзнадоны, нӕ аивады артдзӕсты, ӕмӕ сӕ нымайӕм нӕ удварны хъӕздыгдӕр бынтӕй иуыл.

 

Хъайттаты Сергейы тыххӕй зӕгъынц:

Ходы Камал, Цӕгат Ирыстоны адӕмон поэт:

— Ӕз цалдӕр ныхасы бӕлвырддӕрӕй зӕгъдзынӕн Сергейы фыст чиныг «Ирон хабӕрттӕ»-йы тыххӕй. Чиныджы сӕрмагондӕй ныхас цӕуы иуӕй-иу ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ кувӕндӕттыл, хъӕуты, мыггӕгты равзӕрдыл. ӕппӕт хабӕрттӕ дӕр ацы ран фыст ӕрцыдысты, фыдӕлтӕй, хистӕртӕй цы ӕрыхъуыста, уыдоны бындурыл. Чиныг фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1992 азы. Уый фӕстӕ та ногӕй — 1998 азы. Нӕй йын ныр дӕр балхӕнынмӕ ссарӕн. Агурынц ӕй фӕсарӕнтӕй, цӕмӕй йӕ сӕ кӕсӕндоны дарой. ӕрбарвыстой йӕм Америчы Гарварды университетӕй, цӕмӕй йӕ сӕ кӕсӕндоны дарой (сӕ фӕндон ӕххӕстгонд ӕрцыд).

Чиныг «Ирон хабӕрттӕ» афтыд Туркмӕ дӕр. Иттӕг зӕрдиагӕй йыл сӕмбӕлдысты Турчы цӕрӕг ирон адӕм.

Чиныгӕн йӕ иу хай туркаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта ӕмӕ йӕ хицӕн чиныгӕй мыхуыры рауагъта Анкарайы цӕрӕг, Турчы ирон адӕмы диаспорӕйы сӕргълӕууӕг Хъуыбадты Айтег. Сӕрвыстой йӕ стыр арфӕтимӕ Ирыстонмӕ Сергейӕн (газет «Рӕстдзинад» дӕр уый тыххӕй фыста, уыдис дзы чиныгӕн йӕ къам дӕр).

Хъайттаты Сергей канд прозаик нӕ уыд, фӕлӕ зындгонд драматург дӕр. Уымӕн йӕ пьесӕтӕм гӕсгӕ нӕ театры сценӕйы цы бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ спектаклтӕ ӕвӕрд ӕрцыд, уыдоны алы рӕстӕджы хъазыдысты нӕ номдзыд артисттӕ — алы фӕлтӕрты минӕвӕрттӕ.

Зындгонд фыссӕг, курдиатджын драматург, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг абон не ‘хсӕн нал ис. Кӕд йе ‘нусон дунемӕ ацыд, уӕддӕр йӕ фӕстӕ цы бирӕ литературон, драмон уацмыстӕ ныууагъта, уыдон адӕм кӕсынц зӕрдиагӕй ӕмӕ йын алкӕддӕр йӕ ном ӕрымысынц стыр ӕхсызгонӕй. Фыссӕг та фӕцӕры уӕдмӕ, цалынмӕ йын адӕм йӕ уацмыстӕ фӕкӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон зӕгъын у афтӕ, ӕмӕ абон дӕр ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртӕн дӕр семӕ кӕй «цӕрдзӕн» Сергей.

 

Хъайттаты Сергейы тыххӕй зӕгъынц:

Бекмӕрзты Ӕхсар,

Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт ӕмӕ нӕ республикӕйы адӕмон артист:

 

— Ирон театрӕн нӕ драматургтӕй цӕстуарзонӕй лӕггад чи бакодта, уыдонӕй иу уыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг, зындгонд фыссӕг, курдиатджын драматург Хъайттаты Сергей. Адӕм ын стыр аргъ кодтой ӕмӕ абон дӕр кӕнынц йӕ пьесӕтӕм гӕсгӕ нӕ Ирон театры сценӕйы цы бирӕ спектаклтӕ ӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр. Мах —  актертӕ, алы хатт дӕр-иу тынг бацин кодтам, Сергей-иу нӕ йӕ ног  пьесӕимӕ куы зонгӕ кодта, уӕд. Сергейы драмон уацмыстӕ абон дӕр зынгӕ бынат ахсынц нӕ ирон аивады.

Ирон ӕмӕ йын Музыкалон театрты сценӕты цы бирӕ пьесӕтӕ сӕвӕрдтой нӕ режиссертӕ, уыдонӕй йын аивадуарзджытӕ уӕлдай стырдӕр аргъ скодтой «Мады зӕрдӕ»-йӕн, «Ӕхсар ӕмӕ Дзерассӕ»-йӕн, «Таймураз»-ӕн, «Дидинӕг ӕмӕ хъама»-йӕн, «Ханты цагъд»-ӕн, «Зарӕг аскъуыд ӕрдӕгыл», «Тауыче» ӕмӕ ӕндӕртӕн.

Сергей йӕ уацмысты хъайтарты дзыхӕй дзырдта фӕдонтӕм: «Цард уын бантысӕд. ӕрымысут-иу нӕ… Макуы нӕ ферох кӕнут…»

Номдзыд фыссӕг ӕмӕ драматург Хъайттаты Сергейы рухс ном адӕмы зӕрдӕты ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн, уый, мӕнмӕ гӕсгӕ, дызӕрдыггаг никӕмӕн у.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here