Ӕнтутатӕ

0
435

Ирон фыссынад ӕрӕгмӕ кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ хицӕн историон цауты, нӕ хӕххон хъӕуты равзӕрды ӕмӕ ӕндӕр хабӕртты тыххӕй мах базонӕм, адӕмон сфӕлдыстады цы таурӕгътӕ, ӕндӕр ӕрмӕджытӕ баззад, уыдонӕй. «Рӕстдзинад» сӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ мыхуыр кӕны, цӕмӕй нӕ кӕстӕр фӕлтӕры минӕвӕрттӕ ма рох кӕной сӕ уидӕгтӕ. Ӕрӕджы нӕм ӕрыдоны цӕрӕг Уырымты Батрадз телефонӕй фӕдзырдта, ӕмӕ куырдта, цӕмӕй ӕрмӕг бацӕттӕ кӕнӕм Уырымты мыггаджы равзӕрды тыххӕй. Ӕххӕст ын кӕнӕм йӕ фӕндон.

Таурӕгъгӕнӕг Хъайттаты Хъайтмырзӕ йӕ рӕстӕджы бирӕ бакуыста, хӕххон хъӕутӕ куыд равзӕрдысты, афтӕ цӕмӕн хуыйнынц, стӕй мыггӕгты фӕзынды тыххӕй ӕрмӕг ӕмбырд кӕныныл. Куыд фыста, афтӕмӕй хъӕутӕ ӕмӕ мыггӕгты тыххӕй зӕронд адӕммӕ бирӕ  ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ таурӕгътӕ ис. Фӕлӕ, раст куы зӕгъӕм, уӕд нырма мыхуыры уый тыххӕй фаг загъд нӕма ӕрцыд, адӕймагмӕ диссаг цы фӕкӕса, ахӕм хъуыддӕгтӕ та дзы бирӕ ис. Зӕгъӕм, цӕмӕн сты уыцы-иу мыггӕгтӕ  Уӕлладжыры ӕмӕ Куырттаты кӕмтты? Бирӕ мыггӕгтӕ кӕрӕдзиимӕ кӕнынц ӕрвадиуӕг. Цӕмӕн?

Уӕдӕ уал ӕрныхас кӕнӕм, Цъамад куыд равзӕрд, уый тыххӕй. Цӕвиттон, Уӕлладжыры комы Уӕллаг Уыналы цардысты дыууӕ ӕфсымӕры — ӕнтут ӕмӕ Мысыкк. Уӕды заманы хӕхбӕсты зӕххытӕ ӕмӕхгӕд уыдысты хъӕдӕй. Нӕ дзы уыд, хор фаг кӕм байтыдтаиккой, ахӕм тъӕпӕнтӕ. Уӕллаг Уынал та уыд иннӕтӕй гӕвзыккдӕр ран. ӕнтут ссыдис Дагоммӕ, Мысыкк цӕргӕйӕ баззад Уӕллаг Уыналы, ныртӕккӕ дӕр ма сӕ зӕппадз уым ис.

Ӕнтут Дагомы ӕххуырсты бацыд Хнеуы-фыртмӕ. Хнеуты байзӕддӕгтӕ ныртӕккӕ цӕрынц Салыгӕрдӕны (Алагиры). Хнеуы-фырт ӕмӕ ӕнтутӕн сӕ бадзырд уыд афтӕ: ӕнтут хъуамӕ Хнеуы-фыртмӕ фондз азы фыййау фӕцыдаид, уый фӕстӕ Хнеуы-фырт хъуамӕ йӕ чызджы радтаид ӕнтутӕн.

Ӕмгъуыд хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕнтут катайы бацыд, уӕдӕ мӕ бинойнагимӕ кӕм цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ: Уыналмӕ фӕстӕмӕ ныццӕуин, ӕмӕ мӕгуыр ран у, мидӕгмоймӕ бацӕуин ӕмӕ уый та худинаг у.

Иу рӕстӕджы ӕнтут йӕ фос хизгӕ сыскъӕрдта, «Сауы сӕр» цы бынат хонынц, уырдӕм. Дагомы сӕрмӕ сау нӕзы хъӕды сӕрмӕ, уый ныртӕккӕ дӕр ис Алардыйы кувӕндонмӕ ӕввахс. Бынӕттон цӕрджытӕ йӕм куывды фӕцӕуынц кӕрдӕгхӕссӕны. ӕнтут куы иу дуры сӕрмӕ схизы, куы иннӕйы ӕмӕ алырдӕм фӕлгӕсы, уӕдӕ цы фӕуыдзынӕн, кӕм ӕрцӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг, ныртӕккӕ Габайы мӕсыг кӕй хонынц, уыцы дурӕй афӕлгӕстытӕ кодта ӕмӕ дӕлӕуӕзгомау хъӕды астӕу ауыдта стыр бӕрзонд дур, ӕмӕ йӕ фос уыцырдӕм хизгӕ ныскъӕрдта. Дуры бын стыр лӕгӕт разынд.

Уыцы лӕгӕты бонрӕфты фос баривӕд кодтой. Ӕндӕр таурӕгъ куыд амоны, афтӕмӕй ӕнтут стыр къусы дзаг ӕхсыр ӕрдыгъта. Йе ‘мбис ын бацымдта, ӕмӕ йӕ нымӕтыл бафынӕй. Иу рӕстӕджы райхъал, кӕсы ӕмӕ диссаг: къус та ногӕй ӕхсырӕй йӕ былтӕй кӕлы. Ӕнтут уӕд фидарӕй скарста: «Ам у фӕрныджы бынат, цӕрынмӕ бӕззы. Ӕрмӕст ма дзы дон куы ссарин…» Иу чысыл дӕлдӕр куы ныууад, уӕд ссардта дон дӕр. Уый цыхцырӕгӕй калдис къуылдымы фарсӕй. Абон дӕр ма йӕ хонынц «Цыхцыры дон».

Црауы раздӕры цӕрӕг Черчесты Черменыл 100 азмӕ ӕввахс цыди. Уырдӕм ралыгъд  Цъамадӕй. Уый-иу кӕстӕртӕн дзырдта: «Ӕнтут фӕнд кодта йӕ фидӕны цӕрӕн бынат ӕндӕрхуызы бафӕлварын дӕр. Ныццӕудзынӕн, дам, суадонмӕ, къӕрта донӕй байдзаг кӕндзынӕн, мӕ цонгыл ӕй бакӕндзынӕн, схӕсдзынӕн ӕй дуры лӕгӕтмӕ, ӕмӕ кӕд мӕ цонг нӕ бафӕллайа, уӕд ам цӕрынмӕ бӕззы».

Ӕнтут схаста дон, йӕ цонг, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бафӕллад, ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕнд нал аивта.

Черчесты Черменӕн ацы хабар радзырдта йӕ фыды ӕфсымӕры лӕппу Сӕхмырзӕ. Сӕхмырзӕйӕн —йӕ фыд Биаслан, уымӕн —йӕ фыд Гус, Гусӕн та йӕ дзырдта йӕ фыд Гарсхан. Гарсхан куы цардис, уӕдӕй нырмӕ кӕрӕдзи раивтой аст фӕлтӕры, ома, рацыд 210-250 азы кӕнӕ фылдӕр.

Ацы ныхӕстӕ ма ракодта, 95 азы бӕрц кӕуыл цыд, ахӕм зӕронд лӕг, Црауы раздӕры цӕрӕг Созӕты Микъо. Ӕнтуты кой дарддӕр куы кӕнӕм, уӕд уый дон схӕссыны фӕстӕ бацыд Дагоммӕ ӕмӕ Хнеуы-фыртӕн йӕ фӕндон базонын кодта. Уый сразы. ӕмгъуыд куы ‘рхӕццӕ, уӕд Ӕнтут йӕ усы къухыл рахӕцыд ӕмӕ ӕрцардысты стыр дуры бын, сарӕзтой дзы хӕдзар. Уый фӕстӕ схъӕу ис, ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Цъамад. Ома, дам, цӕй ам уӕд мады хуызӕн адджын зӕхх, кӕнӕд мады ад. Хъӕуы номы тыххӕй афтӕ фыст уыдис йӕ рӕстӕджы номдзыд лӕг Хъайттаты Тӕтӕрхъанмӕ дӕр. Дамгъӕ «цъ» ма йӕм ӕфтыд ӕрцыд ӕнцондӕр дзурыны тыххӕй. Уыцы къухфыст баззад Тӕтӕрхъаны чызг 95-аздзыд ӕфсӕрӕгты Суретханмӕ.

Тӕтӕрхъанӕн йӕ фыдӕлтӕ цардысты Цъамады. Фӕтуджджын сты ӕмӕ ралыгъдысты мидӕггаг Уыналмӕ. Уырдыгӕй та — Пысылмон хъӕумӕ (ныртӕккӕ Ногхъӕу). Тӕтӕрхъан уыди афицер, 1878 азы Уӕрӕсе ӕмӕ Турчы хӕсты архайӕг, схаста дзы хӕрзиуджытӕ.

Ӕнтутӕн Хнеуонӕй райгуырдис фондз фырты: Уырым, Кӕсӕби, Созӕ, Тотыкк ӕмӕ Пагӕ. Уыдонӕй рацыдысты Уырымтӕ, Кӕсӕбитӕ, Созӕтӕ, Пагӕтӕ, Тотыккатӕ. Цъамады бынмӕ сӕ кувӕндон дӕр хуыйны «Ӕнтутаты дзуар», ома, Ӕнтутӕй равзӕргӕ мыггӕгты дзуар.

Иннӕ мыггӕгтӕй уӕлдай Кӕсӕбитӕ се ‘рвадӕлтӕ хонынц Датитӕ ӕмӕ Ботъоты дӕр. Датиты цот алыгъдысты Хохы Карцамӕ ӕмӕ ӕрцардысты уым. Дзурынц ма афтӕ дӕр: Датитӕ Карцайы (Дагомы зӕххыл) куы ‘рцардысты, уӕд сӕм Дагом ныллӕбурдтой, хъавыдысты сӕ уырдыгӕй фӕсурынмӕ. Фӕлӕ сыл фысымтӕ сӕмбӕлдысты цӕхх ӕмӕ кӕрдзынимӕ. Лӕбурджытӕ Датитӕм сӕхи хорз куы федтой, уӕд дзы Цӕбитӕй иу лӕг топпӕй фӕгӕрах кодта хӕрдмӕ ӕмӕ загъта:

— Уӕдӕ абонӕй фӕстӕмӕ ацы зӕхх Датиты фӕуӕд!

Уыйадыл Датитӕ Хохы Карцайы цӕргӕйӕ баззадысты.

Бицъотӕ ӕмӕ Черчестӕ фӕсхохӕй ӕрбафтӕг сты — дзырдта йӕ рӕстӕджы номдзыд лӕг Черчесты Джеорджи. Ӕрвадиуӕг кӕнынц Дзӕрӕхохтимӕ, Ханайтимӕ, Гагкайтимӕ, Борӕтӕ ӕмӕ Тохсыртимӕ дӕр. Черчесты Джеорджийы ныхӕстӕй, архивты фыстытӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ Черчестӕй рацыдысты Дзӕрӕхохтӕ, Бицъотӕй —Ханайтӕ. Раджы заманы мидӕггаг Тӕмискъмӕ Цъамадӕй ралыгъдысты Бекъойтӕ, Фардзинтӕ, Борӕтӕ, Ботъотӕ, Пагӕтӕ, Черчестӕ.

Цы загъдӕуа иннӕ хицӕн мыггӕгты тыххӕй та? Хъайттатӕ, Калотӕ, Уататӕ ӕмӕ Тлаттӕ сты ӕрвадӕлтӕ, Хъайттаты Тӕтӕрхъанмӕ йе ‘рмӕджы къухӕй фыст у афтӕ: «Хъайттатӕ, Тлаттӕ, Уататӕ, Куырттаты ком Къорайӕ ралыгъдысты Хохы Урсдоны хъӕумӕ. Ардыгӕй та балыгъдысты Цъамадмӕ. Калотӕ цӕргӕйӕ баззадысты Хилачъы                  (Куырттаты ком). Тлаттӕ, Уататӕ, Хъайттатӕ, Калотӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хуыйнынц фыды номӕй», Тлатт, Уата, Хъайта, сӕ фыд та хуынд Уӕрдӕс.

Инджынтӕ ӕмӕ Зынцъары хъӕуты цӕрджытӕ дӕр ралыгъдысты Цъамадӕй. Сӕхи быдырмӕ айстой Черчестӕ, Ханайтӕ, Мадзатӕ ӕмӕ иннӕ мыггӕгтӕ. Черчесты иу хай алыгъдис Цъамадӕй Инджынтӕм, уырдыгӕй Лабӕмӕ.

Инджынты тыххӕй баззад ахӕм ӕмбисонд. Цӕвиттон, цъамадаг фыййау йӕ фос хизгӕ ныскъӕрдта, ныртӕккӕ Инджынты  хъӕу кӕм ис, уырдӕм. Фос баривӕд кодтой уым. Фыййау къусы ӕхсыр ӕрдыгъта ӕмӕ йын ӕвиппайды бацахст къусы мидӕг, ома, ӕхсыр ссис инджын. Ардыгӕй рацыд ном дӕр. Инджынты ма цардысты Цӕрукъатӕ, Зембаттӕ, Тӕбӕхсӕутӕ, Быгъуылтӕ ӕмӕ Хъаиртӕ (Агулы цот).

Инджынты уыдис хорз цӕрӕн фадӕттӕ. Уыдис дзы, хор кӕм тыдтой, ахӕм зӕххытӕ, уыгӕрдӕнтӕ, хизӕнуӕттӕ, стӕй йӕ хуыдтой «дзуарджын» бӕстӕ.

Цъамадӕй Зынцъармӕ адӕм лидзын райдыдтой 1900-1906 азты. Раздӕр Зынцъар Цъамадӕн уыд уӕрдондон: быдырӕй-иу хор куы ‘рбаластой, уӕд-иу сӕ уӕрдӕттӕ уым ныууагътой. Фӕстӕдӕр хъӕу ссис. Зынцъар — ома, гӕмӕх зӕххы цъар, зынвадат.

Кӕронбӕттӕны та нӕ зӕгъын фӕнды: ныртӕккӕ Ӕнтуты байзӕддӕгтӕ бирӕгӕйттӕй цӕрынц Уыналы, Црауы, Алагиры, ӕрыдоны, Ставд-Дурты, Бӕрӕгъуыны, Хъӕдгӕроны, Сындзыхъӕуы, Лабӕйы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ республикӕйы ӕндӕр рӕтты.

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here