Йӕ уды дзӕнгӕрӕг

0
365

Галуанты Нинӕйы райгуырды 105 азы бонмӕ

Ирон аивадон литературӕйы зынгӕ бынат ахсы поэт, прозаик Галуанты Андрейы чызг Нинӕ. Чиныгкӕсджытӕ йӕ зонынц йӕ литературон фӕсномыг «Нига»-йӕ. Галуанты Нинӕ райгуырд 1915 азы 20 ноябры Хуссар Ирыстоны Безанты хъӕуы. Хӕрзчысыл рӕстӕджы фӕстӕ амард йӕ мад, ӕмӕ гыццыл Нинӕйы хъомыл кӕныны хӕс ӕрхауд йӕ мады ӕфсымӕр Бетъремӕ.

Нинӕ фарастаздзыдӕй ахуыр кӕнынмӕ бацыд Дзауы райдайӕн скъоламӕ, 1926 азы йӕ ахуыр адарддӕр кодта Цхинвалы зӕхкусӕг фӕсивӕды скъолайы. 1932 азы каст фӕци Цхинвалы педагогон техникум, 1936 азы та — Хуссар Ирыстоны педагогон институт. Уыимӕ ма каст фӕци Мӕскуыйы Горькийы номыл уӕлдӕр литературон курсытӕ дӕр.

Куыста педагогон техникумы, библиотекӕйы, рухсады комиссарады, газет «Хурзӕрин»-ы культурӕйы хайады сӕргълӕууӕгӕй. 1936 азӕй 1941 азмӕ уыд ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Цхинвалы 5-ӕм астӕуккаг скъолайы. 1941 азӕй 1945 азмӕ куыста Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы, 1945 азӕй 1960 азмӕ уыд ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Цхинвалы педагогон техникумы. 1960 азы кусынмӕ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты райдайӕн ахуыры педагогикӕ ӕмӕ методикӕйы факультетмӕ ӕмӕ дзы бакуыста суанг йӕ амӕлӕты бонмӕ. Галуанты Нинӕ тынг зӕрдиагӕй архайдта Хуссар Ирыстоны литературон ӕмӕ ӕхсӕнадон царды.

Нинӕйы фыццаг поэтикон рӕнхъытӕ фӕзындысты 1930 азы облӕсты фӕскомцӕдисон газет «Мах фӕлтӕр»-ы, фӕстӕдӕр цыдысты иннӕ газетты, журнал «Фидиуӕджы». 1933 азы мыхуырӕй рацыд йе ‘мдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Дуджы уылӕнтӕ». Уым ирдӕй ӕвдыст ӕрцыд ирон хӕххон сылгоймаджы фӕлгонц.

Нинӕйы поэзи ӕнӕхъӕнӕй дӕр у тӕмӕнкалгӕ, амонд дзы йӕ былтӕй кӕлы, ног цард аразджытӕ сӕ цинӕй рухс кӕнынц сӕ алыварс, уыдон сидынц ӕвзонг фӕлтӕрмӕ, цӕмӕй иумӕ уа сӕ къахайст размӕ Райгуырӕн бӕстӕйы кадӕн.

Галуанты Нинӕ йӕ тыхтӕ фӕлвӕрдта прозӕйы дӕр. Уымӕн ӕвдисӕн сты йӕ чингуытӕ: «Фыстӕг Германмӕ», «Мады хъӕлӕс». Нинӕйӕн ныййарӕджы сурӕт сси йе сфӕлдыстады рӕбинаг цӕджындз. Уымӕн ӕвдисӕн сты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг цы фӕлгонцтӕ скодта, уыдон. Мад-сылгоймаг, мад — знӕгтӕм ныхӕй-ныхмӕ ӕрлӕууӕг, мад — фӕсчъылдымы хъазуатон тохгӕнӕг…

Фыссӕг йе сфӕлдыстады нӕ рох кӕны бӕстӕйы адӕмты хӕлардзинад, йӕ чиныг «Хӕлӕрттӕ»-йы ирдӕй ӕвдыст цӕуы нациты бастдзинад.

Фӕлӕ уӕддӕр йӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр нысаныл Нинӕ нымадта рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылад. Ацы сӕйраг фарстмӕ здӕхт сты йӕ уацмыстӕ «Дыууӕ дзӕнгӕрӕджы» ӕмӕ «Дыууӕ рӕдыды». Вазыгджын фӕзилӕнтӕ ис уацмысты сюжетты.

Куыд иумӕйагӕй нӕ бӕстӕ, афтӕ Ирыстон дӕр иуварс нӕ баззади 1937 азы культы азарӕй. Ахуыргӕнӕджы хъысмӕт, рухстауӕджы хъизӕмӕрттӕ, йӕ иузӕрдиондзинад ахуыргӕнинӕгтыл равдыста Галуанты Нинӕ йӕ роман «Дыууӕ дзӕнгӕрӕджы»-йы. Символикон уый у, ӕмӕ фыццаг дзӕнгӕрӕджы хъӕрӕй дыккаг дзӕнгӕрӕджы хъӕрмӕ рацыди ссӕдз азы, ахӕстонӕй ссӕрибары онг! Фӕлӕ ахуыргӕнӕг баззади ахуыргӕнӕгӕй…

Нинӕ уӕлдай ӕргом здӕхта сывӕллӕтты литературӕмӕ, хорз арӕхст тӕлмацгӕнӕджы куыстмӕ дӕр. Ирон ӕвзагмӕ раивта

Л. Толстой, И.Франко, П.Макрушенко ӕмӕ ӕндӕр фысджыты иуӕй-иу уацмыстӕ.

Галуанты Андрейы чызг Нинӕ (Нига) йӕ цардӕй ахицӕн 1994 азы, фӕлӕ йӕ рухс ном баззади цӕргӕйӕ Ирыстоны, йӕ уды дзӕнгӕрӕг та алы аз дӕр рухӕны мӕйы фыццаг бон ӕмзӕлланг фӕкӕны не скъолаты дзӕнгӕрджытимӕ.

Цхуырбаты Сергей,

Ирон литературӕйы музейы хистӕр наукон кусӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here