Адӕмӕн уарзон дохтыр

0
273

«Нӕ хъӕуы амбулаторийы хайады терапевтӕй кусы тынг курдиатджын, зӕрдӕхӕлар ӕмӕ Хуыцауысконд адӕймаг Хуыбиаты Лаурӕ. Дохтыр йӕ диссаджы фӕлмӕн аудындзинадӕй цыфӕнды рынчынӕн дӕр фӕсуры йӕ низтӕ, уымӕн ӕмӕ йын табуйаг у Гиппократы ардбахӕрд», — фыссы Змейкӕйы станицӕйы цӕрӕг ӕстайаздзыд Туаты Еленӕ.

Хуыбиаты Лаурӕ тынг ӕнувыд у йӕ дӕсныйадыл, уый ацы уӕззау ӕвирхъау рыны рӕстӕг дӕр ӕхсӕвӕй, бонӕй куыста ӕмӕ дзӕбӕх кодта рынчынты.

— Чысылӕй бауарзтон дохтыры дӕсныйад. Мӕ фыдымадимӕ цардтӕн, ӕмӕ-иу  уый арӕх фӕрынчын. Дохтыртӕ-иу уайтагъд йӕ уӕлхъус алӕууыдысты ӕмӕ-иу ӕй адзӕбӕх кодтой. Ӕз-иу лӕмбынӕг кастӕн  сӕ архайдмӕ, уколтӕ куыд кодтой, йӕ зӕрдӕйы куыстмӕ йын куыд хъуыстой, ӕмӕ-иу дохтыртӕ куы ацыдысты, уӕд-иу ӕз та «дзӕбӕх кӕнынмӕ» ӕрӕвнӕлдтон мӕ куклатӕм, — зӕгъы Лаурӕ.

Чызг скъола каст куы фӕцис, уӕд ахуыр кӕнынмӕ  бацыд Тбилисы паддзахадон университеты дзӕбӕхгӕнӕн факультетмӕ. 2004 азы йӕ ӕнтыстджынӕй каст фӕцис ӕмӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы интернатурӕйы.

— Тбилисы университеты нын сӕ зонындзинӕдтӕ ӕнӕвгъауӕй лӕвӕрдтой зындгонд ахуыргӕндтӕ. Уыдоны фӕрцы ӕз базыдтон медицинӕйы бирӕ сусӕгдзинӕдтӕ, кӕд ирон уыдтӕн, уӕддӕр мӕм дардтой тынг хорз зӕрдӕ.

Мӕ кӕстӕр хо Лейлӕ дӕр равзӕрста дохтыры дӕсныйад, у нуӕрттӕ дзӕбӕхгӕнӕг дохтыр, кусы Беслӕны. Ӕз тынг уарзын мӕ дӕсныйад, ӕмӕ мӕм фӕсмон никуы ӕрцыд. Дӕсныйад ӕвзарын мӕ абон куы хъӕуид, уӕддӕр ӕнӕгуырысхойӕ равзарин дохтыры дӕсныйад.

Йӕ ахуыр каст фӕуыны фӕстӕ Лаурӕ 2005 азы кусын райдыдта Змейкӕйы станицӕйы амбулаторийы хайады терапевтӕй. Кӕй дзӕбӕх кӕны, уыдон сты дыууӕ минмӕ ‘ввахс, сӕ фылдӕр — станицӕйы цӕрджытӕ, фӕлӕ ма уыимӕ кусы Ираныхъӕуы рынчынтимӕ дӕр. Фынддӕс азы дӕргъы Лаурӕ сдзӕбӕх кодта сӕдӕгай адӕймӕгты. Рынчынтӕ йӕ уарзынц ӕмӕ йыл ӕууӕндынц, канд йӕ арф зонындзинӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ диссаджы зӕрдӕхӕлар миниуджытӕ ӕмӕ аудындзинады  тыххӕй дӕр.

— Рынчынтӕ нӕм бирӕ ис, — зӕгъы Лаурӕ, — уӕлдайдӕр та зӕрдӕйы ӕмӕ дадзинты низтӕй. Дыккаг бынат нӕм ахсынц сӕкӕрнизӕй рынчынтӕ, ӕртыккаг та — онкологон низӕй рынчынтӕ.

Национ проекты фӕрцы станицӕйӕн цы ног амбулатори сарӕзтой, уый байгом ӕрӕджы. Цӕрджытӕ йӕм рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Кабинеттӕ сты сыгъдӕг ӕмӕ райдзаст, ног цалцӕггонд, ног медицинон кусӕнгӕрзтимӕ.

Амбулаторийы кусынц ӕртӕ терапевты, дыууӕ педиатры, нуӕрттӕ дзӕбӕхгӕнӕг дохтыр, сылгоймӕгты дохтыр, дӕндӕгты дохтыр. Ис сӕм машинӕ, уый ласы, ӕвӕстиатӕй дзӕбӕх кӕнын кӕй фӕхъӕуы, уыцы рынчынты. Аст сынтӕджы кӕм ис, ахӕм стационар дӕр дзы ис.

Хъӕууон дохтыртӕн ӕмӕ амбулаторийы кусджытӕн зӕрдиаг ӕххуыс кӕны Кировы районы рынчындоны сӕйраг дохтыр Моргуаты Таймураз. Уый кӕд ӕрыгон у, уӕддӕр иттӕг хорз арӕхсы йӕ куысты, кусӕндӕтты ифтонг кӕны канд хостӕй нӕ, фӕлӕ хъӕугӕ медицинон кусӕнгӕрзтӕй ӕмӕ продукттӕй. Ӕмӕ дзы районы хъӕуты цӕрджытӕ ӕмӕ медицинон кусджытӕ иууылдӕр сты райгонд. Зӕрдӕрай дзы сты Змейкӕйы станицӕйы рынчынтӕ ӕмӕ медиктӕ дӕр. Таймураз йӕ зӕрдӕбын аудынад равдыста ауалдзӕджы, коронавирус куы стыхджын, уӕд. Алы медицинон кусӕндон дӕр сифтонг кодта хихъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕй.

— Фылдӕр хатт рынчынӕн йӕ низ фӕрог кӕны зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас, — зӕгъы Лаурӕ. — Уыцы аудындзинад цыфӕнды хосӕй дӕр хуыздӕр ӕххуыс кӕны, ныфс дӕтты низӕфхӕрд адӕймагӕн, уӕлдайдӕр та — ацӕргӕтӕн. Уыдоны фылдӕр фӕхъӕуы зӕрдӕбын ныхас. Ууыл мӕ ахуыр кодта мӕ зондамонӕг, зындгонд, фӕлтӕрдджын дохтыр-терапевт, рынчындоны уӕды сӕйраг дохтыр Гӕбуты Гермӕн. Уый уыд тынг зӕрдӕхӕлар адӕймаг, цӕстуарзонӕй ӕххуыс кодта ӕрыгон специалисттӕн, йӕ зонындзинӕдтӕ сын лӕвӕрдта ӕнӕвгъауӕй, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ кодтой стыр аргъ.

Фыццаг категорийы дохтыр Хуыбиаты Лаурӕйы тыххӕй бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ ныффыста фӕллойы ветеран Туаты Еленӕ, ӕмӕ йын мах дӕр зӕгъӕм стыр бузныг йӕ аудындзинады ӕмӕ йӕ диссаджы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй. Бирӕ азты ма ӕнӕнизӕй ӕмӕ уӕнгрогӕй фӕлӕггад кӕнӕд йӕ уарзон ӕмбӕстӕгтӕн, низтӕй сӕ куыд хъахъхъӕна, уыцы хорзӕх ӕй уӕд.

Дыгъуызты Тенгиз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here