Уӕрӕсейы Аивӕдты академийы уӕнг

0
249

Зындгонд ирон нывгӕнӕг Абысалты Юрийӕн радтой Уӕрӕсейы Аивӕдты академийы ӕцӕг уӕнджы (академикы) ном.

Алыхуызон жанрты кусгӕйӕ, Уӕрӕсейы сгуыхт нывгӕнӕг, Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Абысалты Юри ахъаз кӕны национ аивадон ӕгъдӕутты рӕзтӕн. Бирӕ хӕттыты хӕрзиуджытӕ кӕмӕн саккаг кодтой, нывгӕнӕджы уыцы уацмыстӕн аивадиртасджытӕ ӕмӕ аивадуарзджытӕ кӕнынц стыр аргъ.

Абысалы-фырт у бирӕ регионалон, ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмӕ фӕсарӕйнаг равдыстыты, стӕй дунеон аивадон армукъаты архайӕг. Юрийы конд нывтӕ сты нӕ бӕстӕйы Культурӕйы министрады, Третьяковы паддзахадон галерейы, Дзӕуджыхъӕуы Тугъаны-фырты номыл аивадон музейы, стӕй Уӕрӕсейы, Францы, Германы, Англисы, Японы, Испанийы, Швейцари ӕмӕ Америчы Иугонд Штатты галерейты ӕмӕ хицӕн адӕймӕгты коллекциты.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here