Фестивал байгом

0
298

Гергиты Валери разамынд кӕмӕн дӕтты, ӕрӕджы Бетъырбухы Марияйы уыцы театры симфонион оркестры концертӕй Мӕскуыйы байгом уӕвӕг дунеон фестивал «Зарядье». Архайдзӕн 29 ноябры онг.

— Фынддӕсӕм ноябры Мӕскуыйы ацыд стыр музыкалон фестивал. Коронавирусы рыны аххосӕй ӕппӕт дуне ӕхгӕд кӕй у, уый нымайгӕйӕ, ӕрӕджы ацӕуӕг фестивал банымайӕн ис таурӕгъоныл. Фестивалы агъоммӕ карантин ацыдыстӕм, иудадзыг тесттӕ лӕвӕрдтам. Мӕскуымӕ кӕй ӕрбацыдтӕн, уымӕй райгонд дӕн, — зӕгъы Уӕрӕсейы адӕмон артист Гергиты Валери.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы кадӕн фестивал байгом кодтой композитор Дмитрий Шостаковичы таурӕгъон «Ленинградаг» симфонийӕ.

Ацы симфони ацӕгъдынмӕ хъавыдысты 9 майы, фӕлӕ коронавирусы аххосӕй ӕвӕрд гӕрӕнтӕ нымайгӕйӕ, фестивал фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвтой.

— Ныртӕккӕ ӕппӕт дунейы музыканттӕ зын уавӕры сты, фӕлӕ фестивал ӕнӕлазӕй кӕй ацӕудзӕн, уый мӕ уырны, — загъта Гергийы-фырт.

Фиппаинаг: ӕндӕраз Гергиты Валери Марияйы театры оркестримӕ иумӕ байгом кодта концертон зал «Зарядье», фарон та сарӕзта фыццаг фестивал «Зарядье».

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here