Ирон театры фарнӕн куыста

0
348

Ирон профессионалон театралон аивады артдзӕст цы курдиатджын артистты фыццаг  фӕлтӕр ссыгътой, йӕ уды рухсы цӕхӕртӕ йӕм чи хаста, уыцы фӕрнджын хистӕртӕй иу уыд ЦИАССР-йы сгуыхт артисткӕ Есерыхъуаты Минтӕ.

Уый райгуырд ӕмӕ схъомыл Заманхъулы.   1931 азы ирон театралон аивады ногдзау Тотраты Бесӕ национ профессионалон театралон фыццаг студи саразыны тыххӕй Ирыстоны  хъӕутыл куы зылд ӕмӕ курдиатджын фӕсивӕд  Мӕскуымӕ театралон институтмӕ арвитыны тыххӕй куы ӕмбырд кодта, уӕд ын Заманхъулы цӕрджытӕй чидӕр Есерыхъуаты уындджын,  ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауӕй ӕххӕст чызджы бацамыдта. Бесӕ йын  йе ‘рцыды нысан  куы бамбарын кодта, уӕд Минтӕ,  бӕргӕ, сразы, фӕлӕ йӕ бинонтӕ  нӕ уагътой. Бесӕ фидӕны артисткӕйы фыд Солтанбегӕн  куы  радзыдта, театр ирон адӕмӕн цы хорздзинад ӕрхӕсдзӕн, Мӕскуымӕ театралон институтмӕ ахуырмӕ Минтӕ  цы фӕсивӕдимӕ ацӕуа, уыдонмӕ ӕгъдауӕй фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй, стӕй сыл  нӕ дзыллӕйы раз цы арфӕйаг хӕс ӕвӕрд ис, уый, уӕд  фыд ӕрфӕлмӕн ӕмӕ Бесӕйы ныхасыл дыууӕ нал загъта.

Афтӕ Минтӕйӕн райдыдта йӕ балц ирон театралон аивады дунемӕ. Мӕскуыйы Луначарскийы номыл  театралон институты (ГИТИС-ы) йемӕ цы цӕхӕрцӕст фӕсивӕд ахуыр кодтой, уыдон уыдысты, канд уынд  ӕмӕ кондӕй аив нӕ, фӕлӕ ма сӕ ахуыргӕнджыты — номдзыд артистты И. Раевский ӕмӕ В. Станицыны дисы ӕфтыдтой сӕ зӕрдӕргъӕвддзинадӕй.

— Мӕскуыйы ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд нын ӕнцон нӕ уыд.  Кӕд нӕ социалон уавӕртӕ бынтон бӕллиццаг нӕ уыдысты, уӕддӕр кӕрӕдзиуыл тынг ӕнувыд уыдыстӕм. Уыцы  зӕрдӕйы ахаст бахъахъхъӕдтам,  ахуыры фӕстӕ Ирыстонмӕ куы ссыдыстӕм ӕмӕ  Ирон профессионалон  театры ӕмбӕрзӕн  Корнейчукы пьесӕмӕ гӕсгӕ авӕрд спектакл «Платон Кречет»-ӕй куы бакодтам, суанг уый фӕстӕ дӕр, — дзырдта Минтӕ йе сфӕлдыстадон театралон архайды цаутӕ мысгӕйӕ.

1935 азы Ирон театры актерты фыццаг фӕлтӕры нӕ адӕм фырбуцӕн рахуыдтой «нӕ театры фыццаг зӕрватыччытӕ». Йӕ адӕмы раз ыл цы хӕс ис, уый ӕмбаргӕйӕ, Минтӕ йе сфӕлдыстадон  удцырыныл, йе сценикон  архайдӕн ног гӕнӕнтӕ агурыныл  йӕхи хъардта. Ирон, уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг драматургты уацмыстӕм гӕсгӕ ӕвӕрд спектаклты цы сурӕттӕ сарӕзта, уыдон сты:  Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууӕ хойы» — Асиат,  «Амыран»-ы — Ныфс, Мамсыраты Дӕбейы «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ»-йы — Агуындӕ, Арбузовы «Таня»-йы — Таня, Погодины «Кремлы куранттӕ»-йы — Машӕ,  Островскийы «Ӕнаххосӕй аххосджынтӕ»-йы — Катя, Цезарь Солодары «В сиреневом саду»-йы — Надеждӕ Ивановна,  Даниел Чонкадзейы «Сурамы фидар»-ы — Магданӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты. Сӕ алкӕцыйы дӕр  актрисӕ  йӕ зӕрдӕйы цӕхӕр  ӕвӕрдта, сценикон фӕлгонц аразгӕйӕ над фӕндагыл  нӕ цыд, фӕлӕ йӕ хъайтары сурӕт аразгӕйӕ йӕ уды ӕмӕ миддунейы йӕхицӕн цы ног ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ ахорӕнтӕ, удыхъӕды миниуджытӕ сныв кодта, уыдон-иу ӕй  удуӕлдай куысты руаджы ӕркодтой сфӕлдыстадон  ӕнтыстытӕ ӕмӕ уӕлахизтӕм. Сӕ  цин та канд йӕхи нӕ уыд, фӕлӕ йемӕ  иу сценӕйы адӕмы зӕрдӕтӕм стыр цин чи  хаста, уыцы амӕй ай курдиатджындӕр артистты  Таутиаты Солӕман, Тӕбӕхсӕуты Бало,  Цырыхаты Петр, Борыхъуаты Бимболат, Калоты Барис, Цӕлыккаты Мӕирбег,  Хъӕрджынты Варя, Хъариаты Тамарӕ, Баймӕтаты Меретхан, Дзитойты Люся, Гуситы Валодя, Цӕллагты Ладимӕт, Хъуппеты Мысост, Магкӕты Арсен, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя  ӕмӕ  нӕ иннӕ зындгонд  артистты уӕлахиз. Уый та уымӕн афтӕ уыд, ӕмӕ Минтӕ кӕддӕриддӕр хорз ӕмбӕрста, театры сфӕлдыстадон куысты ӕнтыст кӕй ӕнцой кӕны, спектаклы цы артисттӕ  архайы, уыдоны иумӕйаг ӕнгом ӕмӕ удуӕлдай сфӕлдыстадон куыстыл.

— Театры цы курдиатджын артисттимӕ куыстон, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр стыр аргъ кодтон. Уымӕн ӕмӕ сӕ алчидӕр  йӕ  миддунейӕ, йе сфӕлдыстадон авналӕнтӕй ӕмӕ гӕнӕнтӕй, зӕрдиагӕй  архайдта  нӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕм  аивады фарны рухс бахӕссыныл, — дзырдта-иу  Минтӕ, — фӕлӕ се ‘хсӕн уӕддӕр йе сценикон ӕрдхӕрӕны курдиатӕй уӕлдай бӕрӕг дардта Таутиаты Солӕман, — ӕз йемӕ цы ӕртӕ ролы ахъазыдтӕн, уыдон мын сты ме сфӕлдыстадон фӕндаджы ӕппӕты зынаргъдӕр. Йӕ алы фезмӕлдӕй, йӕ темпераментӕй, цӕстыты ӕрттывдӕй, уынд ӕмӕ кондӕй, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Солӕман ӕппӕтӕй дӕр театрӕн гуырд уыд. Йе сфӕлдыстадон фӕндаг кӕд дӕргъвӕтин нӕ уыд, уӕддӕр цы спектаклты архайдта, цы сурӕттӕ сарӕзта, уыдонӕй  Ирон театры намыс ӕмӕ кад систа, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм бӕрзонд  къӕпхӕнмӕ, йӕхицӕн ӕмӕ дзы йӕ дзыллӕйӕн сарӕзта ӕнусон фарны мӕсыг. Ӕз ӕй хорз хъуыды кӕнын, Солӕман-иу цы спектаклты хъазыд, уырдӕм-иу адӕм гуылф кодтой, ахӕмтӕ дӕр дзы-иу разынд, уыцы-иу спектаклмӕ  дӕс хаттӕй фылдӕр чи ӕрбацыд.

Ирон театр Минтӕйӕн, канд йӕ удцырыны, сфӕлдыстадон фӕндты гуырӕн суадон нӕ басгуыхт. Фӕлӕ ма йӕм дзы йӕ фӕрцы йӕ амонд дӕр бахудт. Афтӕмӕй  фарны къах бавӕрдта  йе ‘мкурсон, театры раздӕры артист, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Цӕллагты Иваны хӕдзармӕ. Ӕмӕ схъомыл кодта дыууӕ хъӕбулы. Йӕ фырт Ким Советон Денджызон флоты йе ‘фсӕддон хӕс  кад ӕмӕ радӕй куы ахицӕн кодта, уӕд  райста аразӕджы дӕсныйад.  ӕмӕ йӕ царды фӕстаг бонтӕм цард ӕмӕ куыста Сыбыры.  Чызг Зоя та каст фӕци  медицинон институт, бирӕ азты фӕкуыста дохтырӕй.  Ныртӕккӕ та  рӕвдауы йӕ цоты цоты.  Йӕ лӕппу Эрик дӕр равзӕрста йӕ мады дӕсныйад.

Ирон профессионалон театры артистты фыццаг фӕлтӕры минӕвар, курдиатджын актрисӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр, рӕвдауӕг мад ӕмӕ нана   Есерыхъуаты Минтӕйы райгуырдыл ацы аз ӕххӕст кӕны  105 азы.  Нӕ аивадӕн цы хӕрзты бацыд, уыдоны фӕрцы йӕ ном  нӕ театры ныры  артисттӕй, аивадуарзджытӕй рох нӕ уыдзӕн…

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here