Ныхас — Ирыстоны туризмылНыхас — Ирыстоны туризмыл

0
331

Туризмимӕ баст фарстытӕ ӕрвылаз дӕр рӕзынц. Статистикӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, экономикӕйы рӕзт бӕрзонд ӕмвӕзадыл кӕм у, уыцы бӕстӕты цӕрджытӕн, цӕрӕнуӕттыл ӕхцайы фӕрӕзтӕ хардз кӕныны фӕстӕ дыккаг бынаты нымад сты туристон лӕггӕдтӕ. Ӕнӕмӕнг, ног коронавирусы инфекци егъау цӕлхдуртӕ сӕвзӕрын кодта туристон индустрийы, фӕлӕ РЦИ-Аланийы туризмы комитет фидӕны куысты фӕдыл цы нысантӕ сӕвӕрдта, уыдон царды рауадзыныл ныридӕгӕн архайы. Уый тыххӕй бӕлвырд радзырдта уӕлдӕр амынд ведомствӕйы разамонӕг Хъодзаты Зауырбег.

— Зауырбег, радзур ма, РЦИ-Аланийы Рӕзты агентад цы туристон-информацион центр сарӕзта, уымӕн йӕ нысантӕ цавӕр сты?

— Туристон-информацион центр сервисон службӕ у. Ацы ранмӕ цӕуы Уӕрӕсейы ӕппӕт регионты историон бынӕттӕ, экскурсион маршруттӕ, транспорт ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ бӕлвырд зоныны информаци. Центр парахат кӕны туристон ӕрмӕджытӕ дӕр — картӕтӕ, буклеттӕ. Уӕй кӕны бынӕттон ӕрмдӕснытӕ ӕмӕ нывгӕнджыты продукци, сувениртӕ. Фарон центры лӕггӕдтӕй спайда кодтой 400 адӕймагӕй фылдӕр.

— Уӕрӕсейы туристон компанитимӕ ӕмгуыстад кӕимӕ кӕнут?

— Турфирмӕ «Эверест»-ы разамынд архайы Цӕцӕн, Дагестан, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Стъараполы ӕмкусджытимӕ иумӕ туристон балцытыл. «Эверест» ӕмгуыстады бадзырдтӕ бафыста уӕрӕсейаг егъаудӕр туристон оператортимӕ ӕмӕ цӕттӕ кӕны иумӕйаг куыст Цӕгат Кавказ ӕмӕ Ирыстоны фӕлладуадзӕн бынӕттӕ популяризацийы фарстатыл. «Экскурси ӕмӕ балцыты бюро»-йы разамынд та кусы Мӕскуы, Бетъырбух ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары егъаудӕр туристон компанитимӕ.

— Дӕумӕ гӕсгӕ, цавӕр объекттӕ сты уӕлдай цымыдисагдӕр нӕ республикӕйы уазджытӕн?

— Стыр цымыдис туристты ӕмӕ уазджыты ӕфтауынц Ирыстоны хӕхтӕ. Хӕстӕгдӕр маршрут — Уӕлладжыры ком. Коммӕ бацӕуӕны уазджытыл «сӕмбӕлы» лӕгты дзуар Уастырджийы скульптурӕ къӕдзӕхыл. Цыртдзӕвӕн арӕзт ӕрцыд 1995 азы, Ходы Никъалайы проектмӕ гӕсгӕ. Уый уыд йӕ лӕвар ирон адӕмӕн.

Уазджытӕн цымыдисаг у, Куырттаты комы нӕлгоймӕгты моладзандон дӕр. Бӕстыхай фылдӕр астӕуккаг ӕнусты галуаны ӕнгӕс у, кӕд ыл фынддӕс азӕй фылдӕр нӕма цӕуы, уӕддӕр. Йӕ къултӕ конд сты хӕххон дурӕй. Моладзандон нымад цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы ӕппӕты бӕрзонддӕр хӕххон объектыл. Йӕ архитектурон сконды ӕвдыст цӕуынц византийаг нывтӕ, кӕд ын йӕ «дизайныл» сӕрмагондӕй ничи бакуыста, уӕддӕр. Службӕтӕ та дзы цӕуынц ирон ӕмӕ славянаг аргъуаны ӕвзӕгтыл. Арӕх ардӕм цӕуынц, чырыстон диныл хӕст адӕм канд Уӕрӕсейӕ нӕ, фӕлӕ фӕсарӕнтӕй дӕр.

Ӕнӕмӕнг, уазджытӕ бабӕрӕг кӕнынц Дзывгъисы фидӕрттӕ. Объекты арӕзтад историиртасджытӕ амонынц XIII-XVI ӕнустӕй.

Стыр дисы ма сӕ ӕфтауынц Дӕргъӕвсы зӕппӕдзтӕ дӕр. «Мӕрдты сахар» нымад у, Цӕгат Кавказы зӕппадзон ингӕнты егъаудӕр историон-архитектурон комплексыл — 95 зӕппадзимӕ «Мӕрдты сахар» фӕзынд XVIII-XIX ӕнусты. У, федералон ахадындзинад кӕмӕн ис, ахӕм цыртдзӕвӕн.

Уӕдӕ зӕрдиагӕй туристтӕ байхъусынц Рекомы равзӕрды историмӕ. Арӕзтад лӕууы денджызы ӕмвӕзадӕй 2000 метры бӕрзӕндыл, ис ын ирон адӕмы уырнынады ахадындзинад (сакральное значение). Реком иунӕг объект у Цӕгат Ирыстоны, хъӕдӕй арӕзт ӕнӕ иунӕг зӕгӕлӕй ӕмӕ ӕндӕр ӕфсӕн хӕйттӕй. Ӕфсӕйнагӕй пайда кодтой ӕрмӕстдӕр аивгӕнӕн мадзӕлтты.

Ӕрӕджыйӕ нырмӕ та Быгъуылты Дзӕуыджы цыртдзӕвӕн нӕ горӕты фӕзтӕй иу аив кӕны ӕмӕ йӕхимӕ ӕлвасы ӕрцӕуӕг адӕмы. Туристтӕн цымыдисаг у Дзӕуджыхъӕуы Ирыхъӕу дӕр, кӕцы рӕстӕджы цыдимӕ кӕддӕр егъау фидаримӕ баиу.

Туристты сӕхимӕ ӕлвасынц нӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ ӕмӕ донхауӕнтӕ. Нӕ республикӕйы цӕрджытӕй дӕр бирӕтӕ нӕ зонынц, Европӕйы ӕппӕты егъаудӕр донхауӕн Дзӕнхъа, махмӕ, Джимарамӕ хӕстӕг кӕй ис, уый. Йӕ бӕрзӕнд у 750 метры. Мидӕгрӕбинаг доны дӕлвӕзы къаддӕр цымыдисаг не сты ӕхсӕрдзӕнтӕ «ӕртӕ хойы» ӕмӕ «Къухдарӕн» дӕр. Абоны онг уыцы объекттӕм маршруттыл бакуыстам.

— Туристон инфраструктурӕйы рӕзтӕн цавӕр зынгӕ мадзӕлттӕ арӕзт ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ дихгонд цӕуы?

— Фӕндаггӕрон сервисы объектты арӕзтады проект сарӕзтам. Ӕркастыстӕм, ацы фарста сӕххӕст кӕныны мадзӕлттӕн субсидиты хӕрдзтӕм дӕр — 750 мин сомы. Нӕ республикӕйы ӕртӕ районы бӕрӕггонд ӕрцыдысты зӕххы хӕйттӕ, фӕндаггӕрон сервисты объектты арӕзтадӕн. Бакуыстам, субсидитӕ чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады субъекттӕн бӕрӕг бӕлвырд фӕткыл лӕвӕрд цӕмӕй цӕуой, уыцы хъуыддагыл. Сӕ куыстмӕ ис цӕстдард нӕ республикӕйы разамынды ‘рдыгӕй.

Реконструкцигонд цӕудзӕн автомобилон фӕндаг «Цыкола-Мӕцутӕ-Комыарт» Гӕлиатмӕ бацӕуӕнимӕ. Уыцы фӕндаджы фӕрцы цыбырдӕр фӕуыдзӕн коммӕ балц.

— Мамысон кусын куы райдайа, уӕд Цъӕйы комы рӕзты фарстытӕ фӕрсӕрдыгӕй нӕ баззайдзысты?

— Мамысон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, егъаудӕр кластер у, Цъӕимӕ абаргӕйӕ. Ӕмӕ фидӕны Мамысоны райрӕзын кӕндзыстӕм, «бальнеологон здӕхт» кӕй хонынц, уыцы туристон къабаз. Ардӕм хауынц Тибы ӕвдадзы суӕрттӕ. Цъӕйы та иттӕг хорз ӕвӕрӕнтӕ ис экологон туризмы рӕзтӕн, ӕмӕ туризмы фӕдыл нацпроекты бындурыл архайдзыстӕм Цъӕй дӕр рацаразыны хъуыддагыл.

— Дыгургомы бирӕ турбазӕтӕ ӕмӕ фӕлладуадзӕн объекттӕ ис. Цы арӕзт цӕудзӕн уыцы бынӕтты та туристон балцытӕн?

— РЦИ-Аланийы туризмы комитет сарӕзта Инвестицион проект «Туристон кластер «Хӕххон Дыгургом». Уым тынг бирӕ суӕртты гуырӕнтӕ ис, климӕт та — ӕвдадз у адӕймаджы зӕрдӕйы, дадзинты ӕмӕ улӕфӕнты куыстӕн. Дыгургом хъӕздыг у алӕмӕты ӕрдз ӕмӕ рагон цыртдзӕвӕнтӕй дӕр.

Туристон кластер «Хӕххон Дыгургом»-ы проекты иугонд ӕрцӕудзысты туристон инфраструктурӕ, минералон суӕрттӕ, ӕрдзон ӕмӕ историон-культурон бынӕттӕ.

— Туристон лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинады лыггӕнинаг фарстытыл куыд кусут, уӕлдайдӕр туроператорты дӕсныйад бӕрзонддӕр кӕныныл?

— 2018 азы нӕ республикӕйы паддзахадон программӕйы бындурыл, гиды дӕсныйадыл ахуыртӕ ацыдысты 33 адӕймаджы.

— Ирыстойнаг туризмӕн ӕддагон базарадмӕ ракӕнӕн ис?

— Ӕрвылаз дӕр архайӕм ӕппӕтадӕмон равдыстыты. Цӕгат Ирыстоны туристон бынӕттӕ амынд цӕуынц дунейы зындгонд, RUSSIA, TRAVEL, RUSS PASS, TipTopTrip платформӕты.

Нӕ республикӕйы туристон авналӕнты презентацийӕн арӕзт ӕрцыдысты туркартӕ ӕмӕ «фӕндагамонӕн».

2020 азы кӕронмӕ бацӕудзыстӕм интернет порталтӕ visit-alania.ru.

— Бузныг, Зауырбег, дӕ дзуаппытӕй!

Ныхас ныффыста Ӕхболӕтты Аллӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here