Ирон театры Орфей

0
347

Ацы зӕххыл ӕппӕты рӕсугъддӕр фӕзы цы уардитӕ зайы, уыдоны сӕ равзӕрдӕй фӕстӕмӕ хур йӕ тынтӕй фаг фӕрӕвдауы, зӕххы риуӕй дӕр фаг узӕлд баййафынц. Афтӕмӕй сӕ урс, сырх, сау, бур, хъӕдабӕхуыз сыфтӕй, сӕ хӕрздӕфӕй фӕрӕвдауынц адӕмы, ӕрдзы, алы цӕрӕгойы, мыдыбындзытӕ, ӕмӕ сыл кӕркӕ-мӕркӕ гӕлӕбутӕ дӕр уӕлдай ӕхсызгондӕрӕй фӕцин кӕнынц. Фӕлӕ уадтымыгъ куы сысты, бӕстӕ зилдух куы свӕййы, уӕд уыцы уардитӕн сӕ удирдгӕнӕг цӕхӕр атоны йӕхи уыцы зилдухӕнтӕй ӕмӕ балӕууы арвы хъӕбысы. Уым та фесты, зӕххыл куыд рӕсугъд уыд, уымӕй ноджы аивдӕр стъалы ӕмӕ, нӕ тӕригъӕдджын зӕххыл йӕ рӕсугъддзинадӕй адӕмы, ӕрдзы зӕрдӕйы цы уарзт байтыдта, уымӕй баззайы буцӕн, мысинагӕн фӕлтӕртӕн, арвы хъӕбысӕй та йӕ рухс фӕзыны, цардӕй кӕм нӕ бафсӕст, уыцы уӕзӕгмӕ ӕмӕ, йӕ курдиаты цӕхӕр рӕдау ӕмӕ парахатӕй кӕмӕн лӕвар кодта, уыдонӕн.

Нӕ театры сфӕлдыстадон азфысты сыфтӕ фӕлдахгӕйӕ, йӕ алы артисты сфӕлдыстадон хъысмӕтыл афӕлгӕсгӕйӕ мӕм, уыцы рӕсугъд стъалы фестӕг уардийы хъысмӕтау кӕсы нӕ театры курдиатджындӕр артисттӕй иу, сценӕ ӕмӕ кинойы ӕнувыд зиууон, цӕрынхъуаг, нӕ аивады ӕнхъӕлцау Цӕрӕкты Оледжы хъысмӕт.

Йӕ хӕдхуыз ӕмӕ ӕнӕбафӕзмгӕ сфӕлдыстадон цӕхӕр ӕмӕ курдиатӕй Олег йӕ цыбыр, фӕлӕ ирд сценикон цардӕй дӕр ног уылӕн бахаста нӕ национ театралон аивадмӕ, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд рӕдыд нӕ уыдзӕн.

Олег райгуырд 1956 азы 29 апрелы Хъарман-Сындзыхъӕуы. Ӕрдзӕй рахаста хӕдзонд, алы бӕззон хъуыддагмӕ цымыдис чи кодта, уыдис ӕм ахӕм миниуджытӕ. Уыдон ын арвӕй бӕрӕгдӕр фесты астӕуккаг скъолайы ахуыры рӕстӕг дӕр, фӕахъаз ын сты бындурон зонындзинӕдтӕ райсынӕн ӕмӕ скъола ӕнтыстджынӕй фӕуынӕн. Дарддӕр йӕ хъысмӕты фӕндагыл цы къахдзӕф акӕндзӕн, ууыл Оледжы бирӕ хъуыды кӕнын нӕ бахъуыд. Суанг йе ‘взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ сӕнттӕ дӕр ӕмӕ царды фӕзилӕнтӕ дӕр, ӕхсӕв уа — бон, уӕддӕр баст уыдысты театры аивадимӕ. Ӕмӕ скъола каст куы фӕци, уӕд ахуыр кӕнынмӕ бацыд нӕ театры цур скъола-студимӕ. Уыцы рӕстӕг та архайдта спектаклты дзыллон сценӕты, чысыл ролтӕ дӕр-иу ын режиссертӕ йӕ бар бакодтой. Олег уыцы рӕстӕг хуыдта ӕппӕты амондджындӕр, уымӕн ӕмӕ ӕрлӕууыд, сабийӕ дӕр тӕхуды кӕмӕ кодта, нӕ театры номдзыд ӕмӕ курдиатджын актертӕ сӕ уды цӕхӕрӕй арт кӕм цагътой, сӕ тӕмӕссаг, фӕлӕ ирд сценикон сагъӕсты уацары-иу театрдзауты  кӕм райстой, уыцы сценӕйы. Ӕмӕ сын ӕхсызгон ӕмӕ цымыдисӕй ахуыр кодта сӕ фӕлтӕрддзинадыл, театры диссаджы, ӕнкъарӕнджын, фӕлтӕрд дунейы цас арфдӕр хызт, уый бӕрц ӕй йӕ фӕдыл тынгӕй-тынгдӕр сайдта. Тала йӕ зӕнгӕй бӕрӕг куыд у, афтӕ ацы курдиатджын лӕппу дӕр йӕхиуыл сфӕлдыстадон хъуыддаджы никуы ницӕмӕй бацауӕрста.

1978 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд нӕ бӕстӕйы рагондӕр театралон аивады уӕлдӕр скъолатӕй иу — Ярославлы Федор Волковы номыл уӕлдӕр театралон институтмӕ. Ацы номдзыд уӕлдӕр скъола Олегӕн басгуыхт йӕ курдиаты ирд фӕлварӕн артдзӕст. Ам йӕ рӕстӕджы цы номдзыд ӕмӕ зындгонд актертӕ-ахуыргӕнджытӕ куыста, уыдон Оледжы ахуыр кодтой, цӕмӕй йе сценикон хъазтӕй, йӕ уды сфӕлдыстадон хъизӕмарӕй, зӕрдӕйы цӕхӕрӕй, кӕрдаг зонды ӕрхъуыдыйӕ  аивадуарзджытӕм ссара йӕхи сӕрмагонд фӕндаг, сфӕлдыстадон ӕгӕрон фурды цӕуа, иннӕ кусджытӕ хъуыды дӕр кӕуыл никуы акодтой, ахӕм ӕрфыты ӕмӕ байбынты. Ӕмӕ ӕргомӕй ӕдӕрсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Олег йӕ хистӕр зондамонджыты ӕууӕнчы аккаг кӕй разынд йӕ цыбыр сценикон царды дӕр.

1983 азы Олег ӕнтыстджынӕй каст фӕци институт. Йӕ дипломон спектакл уыд ӕвӕрд Теннисси Уильямсы пьесӕ «Орфей ныххизы зындонмӕ»-мӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ дзы ӕнтыстджынӕй сарӕзта сӕйраг архайӕг зӕды зӕрдӕйы ӕмӕ уаз ӕнкъарӕнты хицау, ӕууӕндаг, сыгъдӕгуд, аивады фарны рухстауӕг Орфейы сурӕт. Паддзахадон къамисы уынаффӕмӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ арвыстаиккой Смоленскы паддзахадон театрмӕ. Фӕлӕ, уыцы хабар, нӕ театры уӕды директор, УФ-йы сгуыхт артист Тылаттаты Бексолтан куы базыдта, уӕд йе ‘ппӕт хъарутӕй дӕр бацархайдта, цӕмӕй Олег Ярославлӕй ссӕуа Ирыстонмӕ.

Хъуыдыгӕнӕг, ӕрдзон ӕмӕ царды арф ӕмӕ бирӕвӕрсыг зонындзинӕдтӕй хайджын, курдиатджын артист Цӕрӕкты Олегӕн йӕ фыццаг сӕрмагонд рол уыд Хӕмыцаты Цӕрайы пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакл «Сау бӕлас»-ы Мураты сурӕт. Ам йӕ фыццаг къахдзӕфӕй дӕр Олег йӕхимӕ ӕркӕсын кодта цӕстуарзон театрдзауты. Уымӕн ӕмӕ уыд, нӕ театрӕн ног чи у, уыцы аивадон скъола — Ярославлы театралон институты бындурон ӕгъдӕуттӕ хӕссӕг. Уый та дзы домдта мидцӕхӕрӕй, мидхъуыдыты фӕрцы сценикон сурӕтыл адӕмы ӕууӕндын кӕнын, театрдзауимӕ сценӕйӕ удӕй удмӕ уӕздан ӕмӕ рӕвдаугӕ дзурын, сценӕйы дӕ къахы уынӕрӕй дӕр ын йӕ театралон нывы хи нывӕзт ма банкъуысын кӕнын. Уыцы ӕппӕт миниуджытӕ Олег хаста нӕ театрдзаумӕ, йӕ аивадон гӕнӕнтыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, хӕдбындур ӕмӕ уырнинагӕй.

Курдиатджын актеры дыккаг стыр ӕнтыстыл та банымайӕн ис Шиллеры пьесӕ «Уарзт ӕмӕ фыдӕх»-мӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектаклы Фердинанды сурӕт. Премьерӕйы ӕмӕ уый фӕстӕ бонты дӕр театры зал адӕмӕй йедзаг уыд. Ӕмӕ Олег ам дӕр йе ‘гӕрон курдиаты цӕхӕрӕй театрдзауты зӕрдӕтӕм хъарм удирдгӕнӕг цӕхӕр ныппарын бафӕрӕзта.

Спектаклы фыццаг акты сценӕйы ӕмбӕрзӕн куыддӕр байгом, афтӕ разынди аив фӕлгонцгонд херы. Йӕ уӕлӕ дыууӕ уарзоны Фердинанд ӕмӕ йе ‘мкъай Луизӕйы дыууӕ табӕты. Луизӕ ӕмӕ Фердинанд уындджын ӕмӕ конджын, кӕрӕдзимӕ ӕгӕрон уарзты монцтӕй дзаг ӕнкъарӕнтӕй хайджын дыууӕ уды уыцы херыйы дыууӕ табӕты лӕууыдысты, афтӕмӕй цыма зӕххы тӕригъӕдтӕ ӕмӕ фыдӕхтӕй сӕ уарзтӕн ӕмӕ сӕхи сыгъдӕг удтӕн тӕрсгӕйӕ, уӕлӕрвтӕм Хуыцауы ӕгӕрон дунемӕ тындзыдтой, афтӕ зынд аивадуарзджытӕм. Ӕмӕ канд зынгӕ нӕ, фӕлӕ дыууӕ уды Фердинанд — Цӕрӕкты Олег ӕмӕ иннӕ курдитджын, фӕлӕ йӕ сценикон цыбыр царды адӕмы зӕрдӕты рӕсугъд фӕд чи ныууагъта, уый — курдиатджын артисткӕ Годжиты Ларисӕ сӕ сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕй, сценикон уӕлтӕмӕнӕй ӕххӕстӕй баууӕндын кодтой сӕ табуйаг сыгъдӕг уарзтыл.

— Оледжы сфӕлдыстадон курдиат нӕ театры уыди ног фӕзынд. Спектаклты-иу цы сурӕттӕ арӕзта, уым агуырдта мидӕнкъарӕнты фӕрцы йӕ хъайтарӕн аккаг фӕлгонц саразыны миниуджытӕ. Спектаклы йын цы фӕлгонц бабар кодтаис, уый аразыны миниуджытӕм-иу каст, йӕхи принципиалон, сфӕлдыстадон домӕнтӕм гӕсгӕ иттӕг раст чи уыд, ахӕм цӕстӕнгасӕй, — дзырдта мын Оледжы тыххӕй зындгонд аивадиртасӕг, нӕ республикӕйы культурӕйы сгуыхт кусӕг Плиты Жаннӕ, — ӕз ӕм алы репетициты дӕр кастӕн ӕмӕ йыл алкӕддӕр йӕ сценикон куысты хигъӕдон миниуджытыл ӕхсызгонӕй дис кодтон. Афтӕ дӕр-иу уыд, ӕмӕ-иу Олег ролыл кусгӕйӕ, режиссер кӕнӕ йе ‘мхъазӕг актертимӕ быцӕу дӕр кодта. Фӕлӕ йын уыцы быцӕу ӕнӕбындур кӕй нӕу, уый та-иу спектаклы премьерӕйы ӕмӕ уый фӕстӕ равдыстыты рабӕрӕг, — загъта уый.

Уӕдӕ Оледжы чи нӕ хъуыды кӕны Хуыбецты Раяйы пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакл «Мады фарн»-ы Чермены ролы. Фыццаг хатт ӕй цы хуызы ахъазыд, уый дӕр цымыдисаг хабар у. Цӕвиттон, спектаклы премьерӕйы райдайӕнмӕ ма цалдӕр сахаты хъуыд, афтӕ, ацы рол фыццаг лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы артист фӕрынчын. Режиссер скатай, кӕмӕй йӕ баива, уымӕн ницы ӕрхъуыды кӕнын уыд йӕ бон. Олег ын, йӕ тыхстдзинад уынгӕйӕ, афтӕ бакодта: «Кӕд ӕй мӕныл ӕууӕндыс, уӕд ӕз цӕттӕ дӕн». Режиссер кӕд исдуг дызӕрдыг кодта, уӕддӕр дзы актеры ныхас ныфс уагъта, ӕмӕ Чермены рол Олегӕн радта.

Спектакл «Мады фарн»-ы Цӕрӕчы-фырт афтӕ дӕсны ахъазыд, ӕмӕ йын Кадийы сурӕт саразӕг, УФ-йы адӕмон артисткӕ Беккуызарты Уарзетӕ спектаклы фӕстӕ загъта: «Чермены сурӕт цыма, раст, Олег, дӕуӕн фыст уыд, афтӕ хорз ӕй сарӕзтай». Ӕмӕ йӕ фырцинӕй йӕ хъӕбысы ныккодта.

Афтӕ ӕрыгон цардбӕллон лӕппу — Чермен — Цӕрӕкты Олег ацы спектаклы цал хатты рахызт нӕ театрдзауы размӕ, уал хатты-иу сӕ йӕ тыхджын мидӕнкъарӕнтӕй, цӕстыты ӕнахуыр диссаджы ӕрттывдӕй, цардуарзондзинадӕй, мад ӕмӕ райгуырӕн бӕстӕйыл ӕнувыддзинады зондӕй, йӕ сӕрыл цард раттыны тыххӕй дисы ӕфтыдта.

Цӕрӕкты цӕхӕрцӕст курдиатджын Олегӕн кӕд йӕ зӕххон ӕмӕ сфӕлдыстадон цард цыбыр уыд, уӕддӕр ацы тӕригъӕдджын дунейы йӕ курдиатӕй, сабийау сыгъдӕг, ӕнкъараг ӕмӕ ӕргом зӕрдӕйы фӕрцы нӕ театры цы фарн ӕмӕ фӕд ныууагъта, театрдзауты размӕ Уациллайы фыртау куыд сыгъдӕгӕй ӕмӕ сӕрибарӕй цыд йӕ алы хъайтары сурӕты, уый Иры дзыллӕйӕ рох никуы уыдзӕн. Ӕрыгон сфӕлдыстадон кусджытӕ та йын йӕ ном сӕ зӕрдыл дардзысты, нӕ театрӕн, аивадуарзджытӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хорз зонды хӕрзиуӕгӕн. Йӕ цардыл ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндаджы зӕрдӕагайгӕ ӕрфыстыл афӕлгӕсгӕйӕ, нӕ бон зӕгъын у, йӕ цыбыр царды дӕр Олег нӕ театрӕн бакодта зынгӕ ӕмӕ ахадгӕ лӕггад. Йе ‘рмдзӕф дзы хӕдхуызӕй ӕмӕ бындуронӕй кӕй зыны абон дӕр, уый фӕрцы нӕ бон зӕгъын у, аивады пехуымпар — Орфейау йӕ курдиаты миниуджытыл ахуыр кӕнӕн ис, нӕ аивады артдзӕсты йӕ уды рухсӕй нӕ дзыллӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ йӕхи чи цӕттӕ кӕна, уыцы ӕрыгон фӕсивӕды.

Курдиатджын актер, рӕстаг ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг Цӕрӕкты Олег ссӕдз азы размӕ фӕхъуыд не ‘хсӕнӕй, йӕ бирӕ сфӕлдыстадон цардбӕллиц фӕндтӕн сӕ зӕрин таг ӕрбаскъуыд. Фӕлӕ ацы зӕххыл йӕ номыл ис, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ чи цӕуы, ахӕм кады ӕмӕ намысы цырт — зарӕг. Сарӕзтой йӕ зындгонд поэт Кокайты Тотрадз ӕмӕ композитор Моргуаты Юри.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here