Битарты Вячеслав: «Адӕймаджы удварны бындуртӕй иу у мадӕлон ӕвзаг»

0
289

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд Ирон ӕвзаг ӕмӕ национ культурӕйы райрӕзты фарстыты фӕдыл республикон къамисы радон ӕмбырд.

Фембӕлды архайдтой ӕмӕ раныхас кодтой Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова, республикӕйы Конституцион тӕрхондоны сӕрдар Къесаты Станислав, ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдар Кучиты Руслан, хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты бӕрнон кусджытӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.

Къамисы уӕнгтӕ бӕстон ӕркастысты мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнын ӕмӕ национ культурӕйы дарддӕры райрӕзты фарстытӕм. Ӕмбырды архайджыты фӕндӕттӕ хыгъд ӕрцӕудзысты, профилон ведомствӕтӕ амынд фарстыты фӕдыл цы уынаффӕты проекттӕ бацӕттӕ кӕндзысты хӕстӕгдӕр рӕстӕг, уым.

— Алкӕцы адӕймагӕн дӕр йӕ удварны культурӕйы уавӕрыл комкоммӕ ахады, мадӕлон ӕвзаг цас хорз зоны, уый. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, уӕлдай фылдӕр ӕргом здахын хъӕуы рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ зоной ӕмӕ аргъ кӕной национ культурӕйӕн, — йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Уый фӕстӕ ӕмбырды раныхас кодта Цӕгат Ирыстоны национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министры хӕдивӕг Бӕгъиаты Алан. Уый ӕмбырды архайджыты рӕгъмӕ рахаста «2021-2025 азты ирон адӕмы национ-культурон рӕзты» программӕйы проект. Министры хӕдивӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, программӕ цӕттӕгонд цӕуы Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы амынддзинадмӕ гӕсгӕ.

— Программӕйы уагӕвӕрттыл бакуыстой культурӕйы, наукӕ ӕмӕ ахуырады зындгонд специалисттӕ, стӕй ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ. Проекты бӕлвырд фыст ӕрцыдысты республикӕйы наукон ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийӕн, ӕрыгон поэттӕ ӕмӕ фысджытӕ, стӕй иннӕ курдиатджын фӕсивӕдӕн ӕххуысы мадзӕлттӕ. Программӕйы фӕрӕзты фӕрцы ӕххӕстгонд цӕудзысты ахсджиаг культурон ӕмӕ наукон проекттӕ, куыст цӕудзӕн ӕндӕр хъуыддӕгтыл дӕр. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй программӕйы уагӕвӕрдтыл куыстмӕ раздахдзысты ӕхсӕнадон организациты уӕнгты ӕргом дӕр, — загъта Бӕгъиаты Алан.

Программӕйы уагӕвӕрдтыл ӕрдзургӕйӕ, къамисы уӕнгтӕ иуӕй-иу фиппаинӕгтӕ ӕмӕ фӕндӕттӕ бахастой проект фӕхъомысджындӕр кӕныны нысанимӕ.

Фембӕлдӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав республикӕйы Национ ахастдзинӕдты фарстыты министрады минӕвӕрттӕн бахӕс кодта, цӕмӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ программӕйы проектмӕ бахӕссой къамисы уӕнгты фӕндӕттӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here