Иудадзыгон цӕстдард Дзӕуджыхъӕуы санитарон сыгъдӕгдзинадмӕ

0
285

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн уыд радон инспекцион балц Дзӕуджыхъӕуы уынгтыл. Хицауадон къорды уӕнгтӕ ацы хатт фыццаградон ӕргом аздӕхтой горӕты санитарон сыгъдӕгдзинады фарстытӕм.

Инспекцион къорды уыдысты республикӕйы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Хидирты Батрадз, Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Икъаты Русланбег, горӕты администрацийы разамонӕг Фӕрниаты Тамерлан, горӕты префектурӕтӕ ӕмӕ администрацийы структурон дӕлхайӕдты разамонджытӕ, стӕй иннӕ сӕрмагонд службӕты минӕвӕрттӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ӕрӕджы Дзӕуджыхъӕу ногӕй дихгонд ӕрцыд цыппар районыл. Уымӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыдысты дыууӕ уӕлӕмхасӕн префектурӕйы. Уыцы структурӕты фӕрцы, специалистты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахадгӕдӕр хуызы лыггонд цӕудзысты горӕты ӕрвылбоны царды ахсджиагдӕр фарстытӕ. Уыимӕ, префектурӕтӕ сӕ архайды иудадзыгон ӕргом здахдзысты санитарон сыгъдӕгдзинады фарстытӕм дӕр.

Къорды уӕнгтӕ бӕстон ӕрзылдысты рагагъоммӕ нысангонд уынгтыл, сбӕрӕг кодтой ӕхсӕнадон бынӕтты сыгъдӕгдзинад ӕмӕ фӕлгонцады къӕпхӕн. Сӕрмагонд ӕргом аздӕхтӕуыд, амӕй размӕ балцыты рӕстӕг ӕнӕзакъон бырондӕттӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм аиуварсгӕнинаг хъуыддӕгтӕ кӕм разынд, уыцы бынӕтты абоны уавӕрмӕ.

Спутничы поселокмӕ бахизӕны ӕмӕ йӕ астӕуккаг уынджы рагагъоммӕ бӕлвырдгонд ӕрлӕууӕн бынӕттӕ кӕй нӕй, уый аххосӕй фӕндӕгты былгӕрӕттӕ бацахсынц хӕдтулгӕты хицӕуттӕ — сӕ машинӕтӕ куы газонтыл, куы та тротуартыл ныууадзынц… Уыцы фарстмӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг аздӕхта горӕты администрацийы разамынды ӕргом — бӕрнон кусджытӕн хӕсгонд ӕрцыд, цӕмӕй уым саразой хӕдтулгӕты ӕрлӕууӕн бынӕттӕ.

Бӕлвырд амынддзинӕдтӕ Битарты Вячеслав горӕты бӕрнон кусджытӕн радта ӕндӕр амынддзинӕдтӕ дӕр ӕхсӕнадон бынӕтты санитарон уавӕр ӕмӕ фӕлгонцады фӕдыл.

Горӕты ӕппӕт цыппар районыл дӕр ӕрзилгӕйӕ, республикӕйы разамонӕг горӕты администраци ӕмӕ префектурӕтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уынгтӕ ӕмӕ иннӕ ӕхсӕнадон бынӕтты санитарон сыгъдӕгдзинад ӕмӕ аивдзинадмӕ уа ӕрвылбоны цӕстдард.

— Сымах куысты сӕйраг нысан у горӕты цӕрджыты фӕрныгад. Ахсджиаг у, цӕмӕй горӕтӕгтӕн сӕ цард ӕмӕ фӕлладуагъд уой ӕппӕтфадатджын ӕмӕ зӕрдӕзӕгъгӕ, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Бӕрнон кусджытӕ сӕрмагондӕй ӕрдзырдтой, Ног азы бӕрӕгбоны агъоммӕ республикӕйы сӕйраг горӕты цавӕр фӕлгонцадон куыстытӕ бакӕндзысты, ууыл дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here