Цӕрӕгойты ӕмбисӕндтӕ

0
207

Бурдым ӕмӕ булӕмӕргъ

Зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ изӕрмилты ӕрӕмбырд сты Уасы къуыппыл ӕмӕ зарыдысты.

Бурдым ӕмӕ Булӕмӕргъ дӕр сӕм ахуырмӕ бацыдысты. Бурдым зарджытӕм хӕмпӕлӕй хъуыста ӕмӕ уайтагъд афынӕй. Булӕмӕргъ сӕм хӕстӕг ссыд ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ йӕ цӕст не ‘рцъынд кодта.

Ӕхсӕв-бонмӕ фӕзарыдысты зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ. Булӕмӕргъ сын сахуыр кодта сӕ хорз зарджытӕ.

Боныцъӕхӕй сугдзау хъӕдмӕ фӕцӕйцыд ӕмӕ хӕрӕгыл фӕхъӕр кодта: «гокыс», зӕгъгӕ. Бурдым хъӕрмӕ фехъал ӕмӕ ма ӕрмӕст сугдзауы «гокыс» йӕ зӕрдыл бадардта.

Ныр Бурдым “гокыс-гокыс”, кӕны, булӕмӕргъ та зӕдтӕ ӕмӕ дауджыты зарджытӕ зары.

Тӕрхъустӕ

Тӕрхъустӕ ӕрвылӕхсӕв ӕрнӕг пыхсы ӕрӕмбырд вӕййынц, кӕрӕдзийӕн фӕдзурынц сӕ хъӕстаг хабӕрттӕ: бирӕгъ сӕ ӕддӕмӕ ракӕсын, хӕринаг амал кӕнын кӕй нӕ уадзы, иугай сӕ куыд куынӕг кӕны. Тӕрхоны рабадынц, марыны тӕрхон ын рахӕссынц. Фӕлӕ та куы сбон вӕййы, уӕд тӕрсгӕ-ризгӕйӕ фӕйнӕрдӕм апырх вӕййынц.

Быдырон мыст

Иу ахӕмы быдырон мыстимӕ хъӕууон мыст систы лымӕнтӕ. Быдырон мыст хъӕууон мысты фӕхуыдта йӕхимӕ:

— Рауай-ма ӕз дын зымӕгмӕ ме ‘вӕрӕнтӕ фенын кӕнон.

Хъӕууон мыст ӕм ацыд уазӕгуаты, федта йын йе ‘вӕрӕнтӕ: ӕхсӕры, тӕрсы, хоры кӕритӕ ӕмӕ йын афтӕ:

— Ныр та ды рауай махмӕ ӕмӕ мын фен ме ‘вӕрӕнтӕ.

Ӕрбацыд быдырон мыст хъӕумӕ. Федта, хъӕууон мыст йӕ рӕбынты мӕнӕуӕй, нартхорӕй, хъӕдурӕй цыдӕриддӕр ӕрцӕттӕ кодта, уыдон. Стӕй хъӕууон мыст дзуры быдырон мыстмӕ:

— Ӕххӕст ма нӕ къӕбицмӕ бауай ӕмӕ нын не ‘фсины къух райс.

Быдырон мыст къӕбицы фӕмидӕг. Уым ӕй уайтагъд гӕды рацахста, ӕмӕ ма йӕ цъист райхъуыст.

Афтӕмӕй дыууӕ ӕвӕрӕнтӕ дӕр хъӕууон мыстӕн баззадысты.

Ӕнӕбондӕртӕ ис

Тӕрхъус йӕхицӕн маст кодта:

— Циу ай мӕ цард? Куынӕуал фӕразын — маргъӕй тӕрс, сырдӕй тӕрс, адӕймагӕй тӕрс!.. Сыфтӕрты сыбар-сыбурӕй дӕр ма мӕ уд сцӕйхауы…

Араст и йӕхи доны ӕппарынмӕ ӕмӕ доны былмӕ куы бахӕццӕ, уӕд дзы хӕфсытӕ фӕтарстысты ӕмӕ донмӕ сӕхи бакалдтой.

Тӕрхъус уый куы федта, уӕд ӕрсагъӕс кодта:

— Агъӕц, а! Цӕмӕн сафын мӕхи? Зӕххыл ма мӕнӕй ӕнӕбондӕртӕ бирӕ куы ис!

Ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхт.

Бацӕттӕ сӕ кодта Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here