0
322

Аивад — хæлардзинадмæ фæндаг

Цæгат Кавказ æмæ нæ бæстæйы Хуссайраг хайы горæтты фарон октябрæй декабрмæ цыд национ музыкæйы фестивал «Провинциалон симфони». Арæзт та æрцыд нæ республикæйы Композиторты цæдисы сæргълæууæг Магкоты Ацæмæзы хъæппæрисæй УФ-йы Культурæйы мининистрады гранты фæрæзтæй.

— Фæстаг æртын азы Цæгат Кавказы ахæм фестивал нæма уыд. Нырыккон музыкалон аивады зæрингуырдты — композиторты ног музыкалон уацмыстæ зæлыдысты Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Дагестаны, Назраны, Хъæрæсе-Черкесийы, Грознайы, Старапъолы, Кисловодскы, Элистайы, Волгограды, Астраханы. Фестивалы фæрцы нæ ацы регионты аивадуарзджытæн равдисын фæндыд Цæгат Кавказы нырыккон композиторты сфæлдыстады рæсугъддзинад, йæ арф мидис æмæ алывæрсыгдзинад. Филармониты, училищæты, концертон залты, Культурæйы галуанты цы концерттæ радтам, цы аивадон изæртæ, уыдонæй сæ алкæмæй дæр рауад удварны æцæг бæрæгбон. Зæлыдысты дзы ирон, цæцæйнаг, мæхъæлон, дагестаны цæрæг адæмты, кæсгон, балхъайраг æмæ иннæ адæмты композиторты æмæ адæмон музыкæйы уацмыстæ. Фестивалмæ гæсгæ ма кæстæр кары сывæллæттæй музыкалон инструменттæй чи цæгъды, уыдоны ‘хсæн дæр нæм уыд сæрмагонд конкурс. Æрæджы та йæ уæлахиздзаутæ райстой сæрмагонд дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Йæ сæйраг хæрзиуæг та райста Мæскуыйы цæрæг не ‘мзæххон Царахаты Саломея — дзырдта нын Ацæмæз.

Фестивал «Провинциалон симфони»-йы сæйраг нысан уыд Цæгат Кавказы æмæ нæ бæстæйы Хуссайраг хайы нырыккон композиторты уацмыстæ аивадуарзджытæн фехъусын кæнын, курдиатджын сывæллæттæн, аивады фæндагыл цæугæйæ, ныфс радтын, стæй ацы регионты цæрджыты музыкæйы дæсныты аивады фæрцы ног тыхтæй фæхайджын кæнын. Магкойы-фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз дæр фæнд кæнынц ахæм фестивал саразын.


Гасанты Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here