0
274

Электростанцæ рацараздзысты

Компани «РусГидро»-йы дæлхайæдты цалцæггæнæг бригадæтæ ацы бонты райдыдтой Эзмины гидроэлектростанцæйы рацарæзты куыстытæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстоны гидроэлектростанцæтæй Эзмины ГЭС йæ хъомысмæ гæсгæ у дыккаг. Æмæ кæд йæ архайды къуылымпытæ нæй, уæддæр 60 азы куысты фæстæ станцæйы техникон ифтонггæрзты иу хай раивинаг сты. Æмæ уыцы куыстытæм пъланы бындурыл бавнæлдтой акционерон æхсæнад «Гидроремонт-ВКК»-йы минæвæрттæ.

Уыимæ, компанийы минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, цалцæг æмæ модернизацийы куыстытæ электростанцæйы архайдыл нæ фæзындзысты. Станцæйы ног кусæнгæрзтæ ныридæгæн бынатмæ фæхæццæ кодтой. Ныр сæ къæпхæнгай ивынц. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй модернизацийы фæстæ Эзмины ГЭС-ы энергетикон хъомыс 45 мегаваттæй схиздзæн 58,5 мегаваттмæ.

Гетъоты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here