0
263

Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзтыл æрдзырдтой

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы дарддæры социалон-экономикон райрæзт, сæрмагонд паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проекттæ æххæст кæнын. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл сæ кусæг фембæлды æрдзырдтой Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Фембæлды райдайæны Битары-фырт арфæ ракодта федералон Хицауады Сæрдары хæдивæгæн, Цæгат Кавказы райрæзты æмæ комкоммæ Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстытæ лыг кæнынмæ иудадзыгон æмæ бæстон цæстдард кæй ис, уый тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæстаг азты регионы зынгæ фæфылдæр социалон инфраструктурæйы ахсджиаг объектты нымæц. Уыцы æмæ иннæ æууæлтæ хорзæрдæм зынынц республикæйы адæмы æрвылбоны цардыл.
Ныхасы архайджытæ æркастысты, йæ афоны фатертæ райсыныл хи фæрæзтæ чи схардз кодта, фæлæ фæстæдæр сайд чи баййæфта æмæ абон дæр ма цæрæнуæттæ чи нæма райста, уыцы адæмы лыггæнинаг фарстмæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, фадæттæ куыд амонынц, афтæ республикæ ацы фарстыл кусы. Афтæ, 2019-2020 азты инвесторты фæрæзты фæрцы кæронмæ ахæццæ цалдæр бирæфатерон цæрæн хæдзары арæзтад. Фæлæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, фарстмæ хъæуы æппæтвæрсыг цæстдард.
— Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы 15- æмæ 18-æм микрорайонты, стæй Курскаяйы уынджы æрдæгарæзтæй цы хæдзæрттæ баззад, уыдон кæронмæ срæвдз кæныны хъуыддаджы мах хъæуы федералон Хицауады æххуыс. Федералон фонды субсидиты фæрцы ацы æмæ иннæ æрдæгарæзт хæдзæртты хъысмæт зæрдæзæгъгæ хуызы лыггонд æрцæудзæн, — бафиппайдта Битарты Вячеслав.
Марат Хуснуллины ныхасмæ гæсгæ, уыцы фарстмæ федералон Хицауад æркæсдзæн.
Цæгат Ирыстоны разамонæг бæстон радзырдта, паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты фæлгæты республикæйы цы куыст цæуы, уый тыххæй дæр. Афтæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгты» национ проекты уагæвæрдты фæлгæты ныридæгæн бындурон цалцæггонд æрцыдысты республикон фæндæгты 113 километры, асфальтæй æрæмбæрзтой бирæфатерон цæрæн хæдзæртты кæртыты 103 мин квадратон метры бæрц фæзуат. Кæронмæ æрхæццæ Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ автомобилон фæндаджы (йæ дæргъ 57,7 километры) рацарæзт дæр. Уымæй уæлдай, фæндагаразджытæ эксплуатацимæ радтой æртæ хиды æмæ æндæр инфраструктурон объекттæ. Уыимæ, фæндæгты цалцæг æмæ арæзтады куыстытæ 2021 азы дæр къаддæр нæ уыдзысты. Зæгъæм, ныридæгæн аразджытæ кусынц Мичурины хъæуы иувæрсты, Мамысоны коммæ æмæ æндæр бынæттæм фæндæгтыл.
Ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Марат Хуснуллин куыд фæнысан кодта, афтæмæй 2020 азы федералон центр республикæйæн фæндагон арæзтады фарстытæн цы фæрæзтæ радих кодта, уыдон ахадгæ хуызы хардзгонд æрцыдысты. Уыцы æууæл фадат дæтты, цæмæй ацы аз республикæйæн фылдæр фæрæзтæ дихгонд æрцæуа фæндагон хæдзарады инфраструктурон объектты арæзтадæн.

Фембæлды архайджытæ æркастысты æндæр ахсджиаг фарстытæм дæр.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here